Республикæ Хуссар Ирыстоны цытджын цæрджытæ, зынаргъ æмбæстæгтæ!

Нæ къæсæрыл та æрбалæууыд Ног, 2021 аз. Мах ног азмæ фенхъæлмæ кæсæм амондджын ивындзинæдтæм, радон аз аивгъуыйгæ азæй хуыздæр кæй уыдзæн, уымæ.

Аивгъуыйгæ аз вазыгджын уыд æппæт адæймагадæн. Серьезон цæлхдуртыл сæмбæлд Хуссар Ирыстон дæр. Уый æмрæстæджы, фæстиуджытæ аразгæйæ, зæгъæн ис, кæй нæ сахуыр кодта бирæ хъуыддæгтæм ногæй æркæсыныл, бацамыдта нын кæрæдзийæн аргъ кæнын, æрбангом нæ кодта æмæ нæ фæтыхджындæр кодта, радта нын ног фæлтæрддзинад.

Æз уæлдай бузныджы ныхæстæ зæгъын нæ дохтыртæ æмæ медицинон хотæн, медицинон кусджытæм æххуысмæ чи фæзынд, уыцы волонтертæн ног коронавирусон инфекцийы ныхмæ тох кæныны тыххæй. Бузныг уе ппæтæн дæр уæ хæларзæрдæ æмæ лæгдзинады, уæ аудындзинад æмæ удуæлдайдзинады тыххæй!

Нæ адæм равдыстой иууыл хуыздæр миниуджытæ, ногæй фенын кодтой, цыфæнды вазыгджын уавæрты дæр нæ бон кæй у республикæйы разлæууæг хæстæ скъуыддзаг кæнын. Пандемийы инфекци ма апарахаты тыххæй фæкъуындæгдæргонд уавæртæм нæ кæсгæйæ дæр мах æнтыстджынæй куыстам республикæйы социалон-экономикон рæзтыл, æппæт ног пълæнттæ сæххæст кæнгæйæ.

2020 аз Хуссар Ирыстонæн нысан æрцыд, куыд алы къабæзты æнтыстыты аз. Уырны мæ, æрбалæугæ аз кæй суыдзæн ногдзинæдты райдайæн аз, кæй нын æрхæсдзæн ног æнтыстытæ æппæт хъуыддæгты дæр.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Ногазон бæрæгбон фыццаграды у бинонты бæрæгбон, дзадджын фынджы алыварс иумæ æрæмбырд уæвгæйæ хиуæттæ æмæ æввахс адæмыл бацин кæнын. Ногазон æхсæв адæмы зæрдæтæ байдзаг вæййынц хæлардзинад, уарзондзинад æмæ ныфсытæй, фæхъуыды кæнынц фидæны бæллицтыл, æмæ, æвæццæгæн, уыцы фæндиæгтæй сæйрагдæр вæййы уæлдай зынаргъдæр адæмы фæрныгад.

Ногазон æхсæв у цыбыр цæстыфæныкъуылд ацæугæ æмæ æрбалæугæ азы ‘хсæн, уæд, рагон уырнынадмæ гæсгæ байгом вæййы арвы дуар æмæ бæрзондылбадæг байхъусы, сыгъдæгзæрдæ æмæ йæм хæрзиуæгон хъуыдытимæ чи бакувы, уыдонмæ. Фехъусæд нын нæ куывдтытæ дæр!

Цæй æмæ кæрæдзийæн нæ цæст бауарзæд хорздзинад, циндзинад æмæ амонд! Уадз нæ бæллицтæ иууылдæр сæххæст уæнт æмæ нын фыццаг бонты раргом уæд амондджын хъуыддæгтæ! Æнæниздзинад, циндзинад æмæ фæрныгад уæд алы бинонты, алы хæдзары дæр! Нæ уарзон Ирыстонæн сабырад æмæ дидинæфтыд! Ног, 2021 азы хорзæх уæ уæд!

Нæуæг азы хорзæх дæ уæд, нæ Ирыстон! 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.