13 февралы Анахарсисы номыл Паддзахадон национ библиотекӕйы уагъд ӕрцыд поэтикон изӕр «Уарзондзинад поэзийы». Мадзал бацӕттӕ кодтой библиотекӕйы директор Кокойты Валерия, ирон хайады сӕргълӕууӕг Сланты Заирӕ ӕмӕ ӕндӕр кусджытӕ. Хайад дзы райстой РХИ-йы Парламенты Национ политикӕ, культурӕ, ахуырад, зонад ӕмӕ дины фӕдыл комитеты сӕрдар Гӕбӕраты Юри, поэт ӕмӕ дохтыр Хуыджеты Азӕ, зынгӕ ирон поэт, композитор ӕмӕ зарӕггӕнӕг Кокион Аллӕ, поэт ӕмӕ прозаик Бибылты Руслан, интеллигенцийы минӕ-вӕрттӕ ӕмӕ скъоладзаутӕ.

Мадзал рауад тынг цымыдисон. Разныхасы Сланты Заирӕ банысан кодта, зӕгъгӕ уарзондзинады темӕ алы поэты сфæлдыстады дӕр ис, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уымӕй цард размӕ нӕ цӕуы, зӕрдӕ нӕ райы ӕмӕ фыссӕгӕн та йе ‘мдзӕвгӕты нӕ вӕййы хъармдзинад, арф ӕнкъарӕнтӕ. «Нӕ мадзалы нысан у, цӕмӕй адӕмы раздахӕм чиныгмӕ, равдисӕм сын поэзийы рӕсугъддзинад. Уарзондзинады ӕнкъарӕнӕй рӕсугъддӕр ӕмӕ диссагдӕр ӕнкъарӕн нӕй, ӕмӕ йӕ фенӕн ис ирдӕй нӕ фысджыты сфӕлдыстады. Бирӕ аив рӕнхъытӕ ӕрцыд фыст уарзондзинадыл ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй семӕ базонгӕ уой ӕрыгон фӕлтӕр дӕр», – банысан кодта Сланты Заирӕ.

Ӕрӕмбырдуӕвджытӕ, уыдонимæ дыккаг астæуккаг скъолайы ахургæнинæгтæ, кастысты  зынгӕ поэтты ӕмдзӕвгӕтӕ. Бирæтæ дзы бакастысты сӕхи фыст ӕмдзӕвгӕтӕ дӕр. Плиты Инал та каст йӕхи тӕлмац ӕм-дзӕвгӕтӕ ӕндӕр ӕвзӕгтӕй. Кокион Аллӕ йӕ рӕсугъд зардӕй бахъӕлдзӕг кодта мадзалы хайадисджыты.

Уарзондзинадӕн цавӕр бынат ис ӕмӕ куыд ахсджиаг у адӕймаджы царды, уый фӕдыл алчидӕр йӕ хъуыдытӕ дзырдта. Гӕбӕраты Юри банысан кодта, зӕгъгӕ уарзондзинады ӕнкъарӕнтӕ адӕймаг куынӕ бавзара, уӕд цардӕн аргъ никуы кӕндзӕн. «Бирӕ фыст ӕрцыд уарзондзинадыл, фӕлӕ йыл нырма дӕр фыссӕн бирӕ ис. Кӕд поэзийы ацы темӕйыл бирӕ рӕсугъд рӕнхъытӕ фыст ис, уӕд прозӕйы дӕр каддӕр не сты. Алы фыссӕг дӕр фӕтырны йӕ хъуыдытӕ ирдӕй равдисынмӕ, йе ‘нкъарӕнтӕ аивӕй радӕттынмӕ, ӕмӕ нӕм бирӕ хорз фысджытӕ, кӕцыты фыстытӕ кӕсгӕйӕ, адӕймаг райсы ӕхцондзинад», – загъта Гӕбӕраты Юри.

Анахарсисы номыл Паддзахадон национ библиотекӕ стыр рухсадон куыст кӕны адӕмы ‘хсӕн. Арӕх уагъд цӕуынц литературӕ популяризаци кӕныны фӕдыл мадзӕлттӕ. Дарддӕр дӕр сӕ хъуыдыйы ис алыхуызон мадзӕлттӕ ауадзын.

 

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.