УÆЗЗАУ АТЛЕТИКÆ

Белгороды областы горæт Старый Осколы уагъд цыдысты ерыстæ Уæрæсейы Кубокыл уæззау атлетикæйæ. Ерысты Ирыстоны минæвæрттæ рамбылдтой цыппар сыгъзæрин, æртæ æвзист æмæ иу та – бронзæ майданы. Чызджыты ‘хсæн æндæр æмæ æндæр уæзы категориты фæуæлахиз сты Хъайтыхъты Аллæ, Тъуриты Тинæ æмæ Метиаты Дианæ.

Лæппуты ‘хсæн та ерысты  фыццаг бынат бацахста Хуыгаты Хетæг. Уый йæ цæттæдзинад фæлвæрдта 96 кг уæзы категорийы æмæ дыууæ истæн систа 376 кг (166+210). Хетæджы уæлахизыл уæлдай æхсыз-гонимæ сæмбæлдысты ирон спортуарзджытæ. Уымæн æмæ травмæйы аххосæй уый хайад рагæй нал райста ерысты. Дыккаг бынæттæ бацахстой Зæгъойты Сослан, Наниты Тимур æмæ Годжыцаты Дмитри. Æртыккаг бынат та бацахста Кокайты Сослан.

Хъыгагæн, травмæйы аххосæй ерысты хайад нæ райста иууыл уæззаудæр уæзы категорийы Уæрæсейы лидер Æлбегаты Руслан.

АРМСПОРТ

Хуссарирыстойнаг спортсментæ хайад исынц армспортæй фæсивæды ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты. Ерысты фыццаг бон чызджыты ‘хсæн иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (+70 кг) чемпионаты уæлахиздзау ссис Дыгъуызты Миленæ. Уый финалы æнцонтæй фæуæлахиз Татарстаны республикæйы минæварыл.

Лæппуты ‘хсæн та 80 кг уæзы категорийы дыккаг бынат бацахста Хæбæлаты Эдуард, – уый тыххæй нын фехъусын кодта тренер Джиоты Валери.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

15 -17 марты Якутскы уагъд æрцæудзæн уæгъдибар хъæбысхæстæй Дунейы кубокыл ерыстæ. Хъæбысхæсты иугонд дуне (UWW) сбæрæг кодта «Къорд А» кæй бахаудзысты дунейы чемпионаты командон хыгъды фыццаг, цыппæрæм, фæндзæм æмæ æстæм бынæттæ цы командæтæ бацахстой, уыдон. «Къорд В» та  дыккаг, æртыккаг, æхсæзæм æмæ æвдæм. Уымæ гæсгæ къорд «А»-мæ бахаудтой Уæрæсе, Куба, Япон æмæ Турк. Къорд «В»-йы та архайдзысты АИШ, Гуырдзыстон, Иран æмæ Монголи.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Уæрæсе Дунейы кубок фæстаг хатт кæй рамбылдта æрмæстдæр 2011 азы. Уæдæй фæстæмæ 6 хатты ерысты сæйраг приз рамбылдта Иран. Фарон та Иугонд Штаттæ, фæлæ 2018 азы Уæрæсе æмæ Ираны командæтæ ерысты хайад нæ райстой.

Ныр Дунейы кубокы призон фонд уыдзæн 100 мин швейцариаг франкы (6,5 милуан сомы).

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.