Алы аз дæр Сыгъдæг Валентины бон, Уарзондзинады бæрæгбон нысан кæнынц 14 февралы. Алы хатт нæ уыд уарзты бон, фæлæ ныр уый у, уарзæттæ рагæй кæмæ фенхъæлмæ кæсынц, уыцы бæрæгбон. Бирæ бæстæты нысан кæнын ссис традицион. Махмæ, Ирыстоны Сыгъдæг Валентины бæрæгбон, 14 февраль нысан кæнын райдыдтой фæстаг азты. Ацы бæрæгбонмæ бацæттæ кæнынц алыгъуызон хиирхæфсæн æмæ хъæлдзæг мадзæлттæ.

Цхинвалы районы администрацийы культурæйы управленийы Централон библиотекæйы кусджытæ 14 февралмæ бацæттæ кодтой хъæлдзæг мадзал. Æрбахуыдтой йæм администрацийы хайадты кусджыты. Мадзаламонæг, Централон библиотекæйы директор Уалыты Нанули уазджытæн раарфæ кодта уарзæтты бæрæгбоны цытæн, цыбыртæй сын радзырдта ацы бæрæгбоны равзæрды истори, банысан кодта, зæгъгæ, уарзондзинад у иууыл тыхджындæр æмæ рæсугъддæр æнкъарæн. Раныхасы фæстæ сын алкæмæн дæр балæвар кодта хуызджын открыткæтæ.

Ацы библиотекæйы кусæг Хъазиты Маринæ мадзалмæ æрбацæуджытæн радзырта дыууæ уды уарзты тыххæй раздæры заманы æмæ ныр. Цæвиттонæн уый æрхаста Гæдиаты Секъайы уацмыс «Азау».

«Азау æмæ Таймуразы ныхмæ слæууыдысты фыдæлты зианхæссæг æгъдæуттæ мæгуырдзинад, тугкалды тас, фæлæ уæддæр нæ систой сæ къух сæ уарзондзинадыл. Таймураз æмæ Азау æнæ кæрæдзи нæ бафæрæзтой цæрын. Уарзт, кæнæ – мæлæт! – ахæм уыд дыууæ уарзон адæймаджы тæрхон.

– Ныры дуджы уарзондзинады æнкъарæнтæн ницыуал цæлхдуртæ лæууы сæ разы. Мæ зæрдæ уын зæгъы, сыгъдæг уарзтæй цы уарзат æмæ уын уæхи дæр ахæм уарзтæй цы уарзой», – бакæрон кодта йæ ныхас Хъазиты Маринæ.

Козаты Ритæ та радзырдта Къоста, царды рæсугъддæр æмæ сыгъдæгдæр æнкъарæн – уарзондзинадæн куыд аргъ кодта, уый тыххæй.

Æмдзæвгæтæ ма бакаст Епифанова Жанна.

Дзебысаты  Гуло

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.