8-æм июлы æппæт Уæрæсейы нысан кæнынц Уарзондзинад, бинонты æмæ иузæрдиондзинады бæрæгбон. Ацы бон уырыссаг аргъуанты нысан кæнынц сыгъдæг Петр æмæ Февронийы мысæн бон, кæцыты рагæй фæстæмæ нымадтой бинонты æмæ æмкъайады аудæгтыл.

Сыгъдæг Петр æмæ Февроний-иу куывтой Хуыцаумæ иу бон амæлын æмæ сæ иумæ бавæрыны тыххæй. Афтæ дæр рауад. Легендæмæ гæсгæ уыдон иумæ амардысты 8-æм июлы 1228 азы иу сахаты мидæг. Бавæрдтой сæ æндæр æмæ æндæр бынæтты, фæлæ дыккаг бон куыд рабæрæг, афтæмæй сæ буæрттæ иумæ баиу сты æмæ уыдысты иу бынаты. Афтæмæй сæ уæд бавæрдтой иумæ иу ран, горæт Муромы. Уæдæй фæстæмæ ацы бон, 8-æм июль, нымайын райдыдтой бæрæгбоныл. Фæлæ йæ уæрæхдæрæй та райдыдтой нысан кæнын æрмæстдæр 2008 азæй фæстæмæ.

Бæрæгбоны символæй та нысан æрцыд дидинæг ромашкæ. Алы аз дæр ацы бон – Уарзондзинад, бинонты æмæ иузæрдиондзинады бон ма дæттынц æхсæнадон хорзæх хуыздæр бинонтæн – майдан уарзондзинады тыххæй. Майданæн йæ иу фарсыл нывгонд ис бæрæгбоны символ – ромашкæ, йæ иннæ фарс та – сыгъдæг Петр æмæ Февронийы нывтæ.

Алы аз дæр ацы бæрæгбон кæны популяронæй популярондæр. Бирæ горæтты уадзынц алыгъуызон хиирхæфсæн мадзæлттæ, концерттæ æмæ хæрзаудæн акцитæ.

Ацы бæрæгбон у рæсугъд, арф мидисæй йедзаг бæрæгбон æмæ хорз уаид, нæ республикæйы дæр уæрæхæй нысан куы цæуид.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.