14-æм февралы куыд æппæт Уæрæсейы, афтæ нæ республикæйы дæр нысан кæнынц Сыгъдæг Валентины бон.

Сыгъдæг Валентины боны æмæ аргъуаны кусæг Сыгъдæг Валентины истори нырма дæр бæстонæй ничи зоны. Фæлæ мах бæлвырдæй зонæм, февралы мæй æнусты дæргъы нымад кæй цæуы уарзондзинад æмæ романтикæйы мæйыл. Сыгъдæг Валентины бон баст у рагон римаг традицитæ æмæ Чырыстон динуырнынадимæ. Бæрæг куыд у, афтæмæй Сыгъдæг Валентины историйы равзæрды тыххæй ис цалдæр легендæйы. Фæлæ сын иумиаг æмæ ахсджиаг у, романтикон драматизм дзы кæй уæвынад кæны, уый.

Иу легендæйы куыд фыстæуы, уымæ гæсгæ Сыгъдæг Валентин райгуырдис нæ эрæйы æртыккæгæм æнусы Римы горæт Терны. Куы рахъомыл æмæ йæ лæджы кармæ куы бахызт, уæд ссис аргъуаны кусæг. Уыцы рагзаманы римаг император Клавдий дыккаджы барамындмæ гæсгæ бар нæ уыдис, цæмæй нæлгоймæгтæ сæхицæн æрхастаиккой бинонтæ. Император афтæ нымадта æмæ бинонджын нæлгоймæгтæ знаджы ныхмæ хæстон архайдтыты сæхи æвдисынц лæмæгъ, кæнæ та-иу бынтондæр сæхи сæрибар кодтой тохæй. Империйы пайдайæн йæ сæр нывондæн чи нæ хаста, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, Клавдийы зæрдæмæ нæ цыд. Йæ барамынды ныхмæ ацы хъуыддаджы рацыд æргомæй æрмæстдæр Сыгъдæг Валентин. Уый дарддæр иу кодта уарзæгой удты æмæ афтæмæй фылдæр кодтой ног бинонтæ. Хъуыддаг карз куы кодта, уæд та-иу сæ сусæгæй бафæдзæхста сæ бинонты цардыл. Уайтагъд ацы хъуыддаг базыдта император æмæ сыгъдæг Валентины æрцахстой æмæ йæ ахæстоны ныппæрстой. Рахастой фæндон, цæмæй йæ амарой.

Ахæстоны куы бадтис, уæд сыгъдæг Валентин бауарзта ахæстоны кусæджы чызджы. Чызг гуырцæй уыдис куырм æмæ йын ницы хос æххуыс кодта. Ахæстоны кусæг базыдта, Сыгъдæг Валентин диссаджы адæймаг кæй у. Уый сусæгæй закъоны сæрты ахизгæйæ, æрбакодта йæ чызджы. Æрцыдис диссаг. Ахæстоны бадæг Сыгъдæг Валентин чызгæн схос кодта æмæ йæ цæстытæй суыдта. Кæй зæгъын æй хъæуы, чызг бауарзта йæ диссаджы хосгæнæджы, фæлæ уымæн йæ уарзты рæстæг уыд цыбыр æмгъуыдмæ æмæ æнамонд. Цал-дæр боны фæстæ сæххæст кодтой императоры фæндон æмæ Сыгъдæг Валентины цард ахи-цæн йæ уæлион цардæй. Дыууæ уарзæгой удты ‘хсæн ма æрмæст баззадис иу бæлвырдгæнæн фыстæг, «валентинкæ» абон æй мах куыд зонæм æмæ хонæм, кæцыйы æрхъуыды кодта уыцы лæппулæг. Фыстæджы бын фыст æрцыд «Дæхи Валентин», зæгъгæ. Бæрæг нæу, æндæр диныл хæст чызг йæ уарзоны амæлæты фæстæ цавæр кæнæ кæцы Хуыцаумæ куывта, уый. Фæлæ бæрæг у, фыццаг уый кæй загъта: «Уый у уаз Валентин!» Легендæ куыд зæгъы, уымæ гæсгæ Сыгъдæг Валентин йæ уарзон чызгмæ 13-æм февралы æхсæвы арвыста йæ зæр-дæмæхъаргæ фыстæг, ома, йæ мæлæты хæдразмæ.

Уæдæй нырмæ 14 февралы нысан цæуы Сыгъдæг Вален-тины бон. Сыгъдæг Валентины бон æппæт дунейы дæр ссис традицион, алы ран дæр æй æндæр бæрæгбæтты æмрæнхъ нысан кæнынц. Æмæ йæ нысан та кæнынц, куыд æппæт уарзæтты бæрæгбон, афтæ. Сыгъдæг Валентины бæрæгбон фæстаг азты махмæ дæр, Хуссар Ирыстоны, 14-æм февралы райдыдтой нысан кæнын. Уæлдай тынгдæр ацы бæрæгбонмæ фенхъæлмæ кæсынц æмæ йыл цины æнкъарæнтимæ сæмбæлынц фæсивæд. Бацæттæ кæнынц æмæ ауадзынц хиирхæфсæн, хъæлдзæг мадзæлттæ. Уыцы бон кæрæдзийæн фæлæвар кæнынц чысыл, хуызджын «валентинкæтæ». Уыдон фылдæр-бæрцæй вæййынц зæрдæйы формæйы хуызы. Фæисынц ма зæрдæйæн æхцонхæссæг, зæр-дæбын арфæтæ. Уый æмрæнхъ ма адæм æрæмысынц æмæ раргом кæнынц сæ фыццаг æмæ уыцы диссаджы æнкъарæн уарзондзинады тыххæй. Уый у æнкъарæнтæн, æвæццæгæн, сæ иууыл рæсугъддæр æмæ тыхджындæр. Алчи дæр æй бав-зары. Ис ын стыр тых. Æмбисондæн баззад, зæгъгæ, дам, «уарзондзинад дойнаг дуры дон кæны». Æмæ, уадз, афтæ дæр уæд! Алкæй дæр бафæнддзæнис, цæмæй адæймагыл æрмæстдæр тых кæна уарзондзинад. Мах та хъуамæ табу кæнæм ацы бæрæгбонæн, цæмæй банкъарæм уарзты тых.

Зынаргъ æмбæстæгтæ, уарзут алы хатт дæр сыгъдæг зæрдæйæ, цæмæй уын уæхи дæр уарзой ахæм тыхджын уарзтæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.