ХУЫЗДÆРÆНХЪÆЛ – ФЫДÆНХЪÆЛ

«Фæлтау цæргæ-цæрæнбонты дæр куы никуы рахызтаиккам нымæцон телеуынынадмæ. Гуырдзы ма мыл цы æнæбары нуæрттæ ныууагътой, уыдон та мын ацы  нымæцон телеуынынады тыххæй фехæлдысты. Цхинвалы цæрын рагæй фæстæмæ, æгæрыстæмæй нæ гуырдзы уал азы дæргъы хъизæмарæй куы мардтой, 2008 азы августы мæйы тугуарæн хæсты рæстæджы дæр иу бон дæр никуыдæм ацыдтæн. Мæхиуыл бавзæрстон æппæт хъизæмæрттæ дæр, фæлæ быхстон, мæ райгуырæн Ирыстоны бирæ кæй уарзын, уымæ гæсгæ. Уый хыгъд æппæт уыцы фæлварæнтыл чи рацыд, уыдоныл нуары мур нал баззад. О, уый не знæгты, гуырдзыйы аххосæй æвзæрстам зындзинæдтæ, фæлæ нымæцон телеуынынадмæ кæй рахызтыстæм, уый та нын масты хос цæмæн ссис. Иуæй-иу бонты мæ телевизоры экраныл фенæн вæййы æрмæстдæр «нет сигнала», зæгъгæ. Куыд хуссарирыстойнаг æмбæстаг, афтæ цымыдис кæнын нæ республикæйы цæуæг цаутæм æмæ æнæрхъæцæй фенхъæлмæ кæсын бынæттон телеуынынады алæвæрдтæм. Бæргæ æрбадын мæ телевизоры раз, фæлæ фыдæнхъæл фæвæййын, экраныл  та разыны «нет сигнала». Афтæ уыд 30 ию-ны, 1, 2 æмæ 3-æм июлы райсомæй дæр. 3-æм июлы изæры 6 сахаты бынæттон «Новости»-мæ бакастæн æрдæджы онг, стæй та экраныл разынд «нет сигнала». 5-æм июлы та каналтæй иу дæр нал æвдыста. Афтæ уыд  6-æм июлы райсомæй дæр. Уый размæ ацы проблемæ кæмæ хауы, уыцы куыстуаты бæрнон кусæг  бамбарын кодта, зæгъгæ, хъуамæ бынæттон канал «поискыл» ауадзай æмæ йæ афтæмæй ссарай. Фарстæуы, цал хатты йæ хъуамæ ауадзай «поискыл»? Кæд иу бон æвдисы, уæд иннæ бон цæмæннæ хъуамæ æвдиса бынæттон телеуынынад, цал хатты йæ хъуамæ ауадзæм  «поискыл»? Иннæ ахæм та иу чысыл æртах æрхауд, кæнæ арвы гуыбар-гуыбур райхъуыст, уæд каналтæ иууылдæр ахицæн вæййынц. Ау, саразæн ын нал ис, райдиан æмæ кæрон алцæмæн дæр куы вæййы, уæд? Рауад афтæ æмæ хуыздæрæнхъæл фыдæнхъæл фестæм», – йæ хъуыр-хъуырæй нал æнцад мæ зонгæ ацæргæ сылгоймаг. Уый мæм бахатыд, цæмæй нæ газеты фæрцы бахатæм ацы проблемæ кæмæ хауы, уыдонмæ, цæмæй йæ аскъуыддзаг кæной æмæ цæрджыты нуæрттæ мауал ха-лой.

ЦЫМÆ МА ИСКУЫ ФÆНДАГ  БАЙГОМ УЫДЗÆН

Æрæджы нæ горæты магазинтæй иумæ бацæугæйæ, æвдисæн сдæн сылгоймæгты ахæм ныхæстæн. «Ныртæккæйы вазыгджын æмæ æгъатыр царды ма цыма ацы  æнæхайыры коронавирусы цух уыдыстæм, уыйау  фæзынд дунейы æмæ хъизæмарæй мары адæмы. Ныр дыууæ мæйæ фылдæр не ‘взонг республикæйы дæр карантин ис. Æдасдзинады мадзæлттæ æвæстиатæй райста нæ хицауад æмæ уымæй бахъахъхъæдта адæмы æнæниздзинад. Карантины рæстæджы та специалон уæзласæн машинæтæ ласынц нæ республикæмæ хæлцадон продукттæ, халсартæ æмæ афтæ дарддæр. О, фæлæ уыцы машинæтæ бирæ хатт дыгай бонты дæр баззайынц таможнæйы æндæр æмæ æндæр аххосæгтæм гæсгæ. Æмæ цалынмæ Цхинвалмæ хæццæ кæнынц, уæдмæ базæронд вæййынц халсартæ, сбур вæййынц цъæхыгтæ дæр.  Продуктты æргътæ та  алы æрластæн зынаргъдæр фæвæййынц. Иуæй-иу æдзæсгом амалиуæггæнджытæ цыма уавæрæй спайда кæнынмæ хъавынц, уыйау бонæй-бонмæ хизын кæнынц сæ магазинты продуктты æргътæ. Иу къуырийы размæ нæ горæты магазинтæй сæ иуы балхæдтон алыгъуызон хæлцадон продукттæ, фæлæ къуырийы фæстæ растдæр ахæм хæлцадон продукттыл бафыстон уый размæимæ абаргæйæ 100 сомæй фылдæр. Афтæ бирæ рæстæг куы ахæсса, уæд продуктты æмæ дыргъты æргътæ суыдзысты космикон æмæ сыгъдæг куыстмызд йедтæмæ кæмæ ницы хауы, уыдонæн бынтондæр сæ бон нал суы-дзæн сæ балхæнын. Иннæ ахæм та  ацы бонты схызт америкæйаг фыдбойнаджы доллар æмæ та иуæй-иу æдзæсгом амалиуæггæнджыты æфсон фæуыдзæн æргътæ фæбæрзонддæр кæныны тыххæй. Искуы ма ацы  коронавирусæн кæрон куы æрцæуид æмæ фæндаг куы байгом уаид», – сæ хыл æмæ хъуыр-хъуырæй нал æфсæстысты сылгоймæгтæ.  Хорз уаид æмæ, зæгъ, ацы проблемæ кæмæ хауы, уыдон-иу кæддæрты куы азиликкой нæ горæты магазинтыл æмæ афтæмæй куы контроль кæниккой хæлцадон продуктты æргътыл.

ОМÆ, АДÆМ ТА КÆРÆДЗИ ЦÆМÆННÆ УАЛ УАРЗЫНЦ?

«Нæ цард бонæй-бон вазыгджындæр кæй кæны æмæ адæм та æгъатырæй-æгъатырдæр, уымæн æвдисæнтæ стæм иууылдæр. Раздæр адæм кæрæдзийæн тынгдæр кад кодтой. Æгæрыстæмæй, 2008 азы августы хæсты фæстæ адæм нык-кæндтæй куы рахызтысты, уæд кæрæдзийæн хъæбыстæ кодтой. Фæлæ уыцы хъæр-муддзинад бирæ нæ ахаста. Хуссар Ирыстонмæ цæуын райдыдта гуманитарон æх-хуыс æмæ адæмæй иуæй-иутæ бирæгътæ фестадысты, ницæмæйуал æфсæстысты. Фылдæр гуманитарон æххуыс-иу кæй фæцис, уый-иу дыккаг бон дæр бирæгъы лæбурд кодта.  Мæнæ куыд фæдзурынц, фæтугдзых, дам, сты. О, уый гуманитарон æххуысы тыххæй кæрæдзи хордтой иуæй-иу кæрæф адæймæгтæ, фæлæ ныр та цæмæн афтæ систы, цæмæннæ уал кад кæнæм кæрæдзийæн? Æрæджы мæ хъуыддæгты фæдыл фæцæйцыдтæн Тæболты Сергейы уынджы æмæ мæ хъустыл ауад нæлгоймæгты быцæуы хъæлæба. Куы сæм баввахс дæн, уæд кæсын æмæ дыууæ нæлгоймаджы кæрæдзимæ алы цъаммар дзыхæй дзурынц, кæрæдзи æлгъитынц  æмæ сæм алырдыгæй  адæм хъусынц. Кæрæдзийыл хъуамæ балæууыдаиккой, фæлæ уым цы нæлгоймæгтæ лæууыд, уыдон нæ бауагътой. Уæд нæлгоймæгтæй сæ иу ауад æмæ кæцæйдæр иу даргъ æфсæйнаг æрбаскъæфта æмæ уымæй хъуамæ ныццавтаид йæ «ныхмæлæууæджы», фæлæ та сæ ахицæн кодтой. Зæгъгæ йæ бауагътой, уæд хъуыддаг цæуыл ахицæн уыдаид, уый бæрæг нæу. Иу цасдæр мæхимæ нал æрцыдтæн, ахæм ныв фенгæйæ. Мæхимидæг ацыдтæн хылгæнгæ, зæгъын адæм та кæрæдзийы цæмæннæ уал уарзынц. Цы дих кодтой ацы дыууæ нæлгоймаджы? Сæ хылмæ сын чи каст, уыцы æвзонг фæлтæр сæ цахæм цæвиттон хъуамæ райсой? – йæ хъуыр-хъуырæй нал æфсæст мæ иннæ зонгæ сылгоймаг дæр.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.