Бирæ азты дæргъы кусын газет «Хурзæрин»-ы (раздæры газет Советон Ирыстон») редакцийы. Тынг бирæ мысинæгтæ мæ бæттынц мæ уарзон газетимæ. Цалынмæ редакцийы кусын нæ райдыдтон, уæдмæ дæр æй зæрдиагæй кастæн. Редакцийы кусын куы райдыдтон æмæ йын йæ диссаджы коллективимæ куы базонгæ дæн, уæд мæ зæрдæмæ ноджы уæлдай феввахсдæр, уæлдай уарзт æй бакодтон.

Тынг хорз адæймæгтæ куыстой редакцийы. Мæхи амондджыныл нымайын, ахæм адæмимæ мын бакусын кæй бантыст, уымæй. Тынг арæх æрæмысын, не  ‘хсæн дзы абон чи нал сты, уыдоны. Уæлдай æввахсдæр мын уыдысты, мады зæнæгты хуызæн мын чи систы, уыдоны – Дыгъуызты Гриша æмæ Гуыбеты Юрийы. Секретариаты бирæ азты иумæ бакуыстам. Гриша бæрнон секретарь уыд æмæ æз та Гуыбеты Юриимæ йæ хæдивджытæ уыдыстæм. Гриша ма мæ йæ мады зæнæг дæр хуыдта. Юраимæ та иу кабинеты бадтыстæм бирæ азты дæргъы. Никуы хъуыды кæнын æмæ мæ искуы истæмæй фæхъыг кодтаид. Райсомæй-иу куыстмæ куы æрбацыдыстæм, уæд уал-иу нæ кæрæдзийæн нæ хабæрттæ акодтам, уый фæстæ-иу нæ куыстмæ æрæвнæлдтам. Юра уыд ахæм диссаджы адæймаг æмæ-иу ыл баууæндыдтæн, æгæрыстæмæй, мæ иууыл сусæггаг ныхас  дæр.

Газет «Хурзæрин»-ы кусджытæй æнæрæстæджы а-дунейæ чи аивгъуыдта æмæ коллективы зæрдæты ирд фæд чи ныууагъта, уыдонæй сæ иу уыд Гуыбеты Юри. Уый уыд коллективы уарзон адæймаг. Юрийы амæлæтæй кæд 20 азы бæрц рацыд, уæддæр æй йæ уарзон коллектив нæ рох кæнынц æмæ йын арæх æрæмысынц йæ рухс ном. Иумиагæй сисгæйæ, газет «Хурзæрин»-ы рагондæр кусджытæ арæх ракæнынц сæ уарзон æдзард коллегæты хорзы кой, газеты редакцимæ фæстæдæр кусынмæ чи æрбацыд æмæ ахæм диссаджы адæймæгтимæ бакусыны амонд кæмæ не ‘рхауд, уыцы æвзонг фæлтæрæн. Сæ диссаджы адæймагон миниуджытæ сын æрхæссынц цæвиттонæн, цæмæй сæ уыдон дæр фæзмой æмæ сын сæ хорз хъуыддæгтæ дарддæр кæной. Нæ уыцы диссаджы æмæ уарзон æмкусджытæ нæ зæрдæтыл уæлдай арæхдæр æрлæууынц, уæхскуæзæй æмæ æвæллайгæйæ бирæ азты дæргъы цы газетæн фæлæггад кодтой, уымæн йæ юбилей куы фæнысан кæнынц, уæд. Адæймаджы цæстыты раз сысытынц сæ рухс фæлгæндзтæ…  Хатт нæм афтæ дæр фæкæсы, цыма-та райсомæй куыстмæ æрбацæугæйæ, «дæ райсом хорз» зæгъдзыстæм нæ уарзон æдзард æмкусджытæ Гуыбеты Юри, Дыгъуызты Гриша æмæ иннæтæн, уæлдайдæр та коллективы ‘хсæнæй цалдæр азы размæ чи фæхъуыд, бынтон æнæнхъæлæджы йæ хур кæуыл аныгуылд нæ уыцы худгæбыл æмæ æнæхин æрыгон чызг, нæхи Туаты Ларисæйæн. О, фæлæ та нæ нæ сæнттæ фæсайынц æмæ сæ нæ удæгасæй кæй никуыуал фендзыстæм, ууыл ахъуыды кæнгæйæ та нæ зæрдæтæ нырхæндæг æмæ ныуæззау вæййынц. Уымæн æмæ ирон мыхуырæн бирæ азты дæргъы иумæ лæггад кæнгæйæ, нæ цин æмæ нæ хъыг кæрæдзиимæ дих кæнгæйæ, свæййæм мады зæнæгты хуызæн, кæрæдзийæн зынаргъ адæймæгтæ. Фæлæ хатт цард æмæ хъысмæт разынынц бынтон æгъа-тыр æмæ нæ кæрæдзийæ æнæрæстæджы фæхицæн кæнынц. Æрымысæм сын сæ  хъазæн ныхæстæ дæр æмæ сыл æрхæндæгзæрдæйæ фæхудæм. Хатт, цыма нæ хъустыл ауайынц сæ уæздан æмæ рæвдаугæ хъæлæстæ, афтæ дæр нæм фæкæсы. Нæхицæй бабуц вæййæм ахæм хуыцауысконд, куырыхон æмæ зæрдæхæлар адæймæгтимæ бакусыны амонд нæм кæй æрхаудта, уымæй. Раст сæ цыма исчи барæй равзæрста, уыйау амæйай хуыз-дæр адæймæгтæ уыдысты. Фæлæ абон уæддæр мæ дзырды сæр у хæларзæрдæ æмæ æнæхъыгдард чи уыд, уыцы Гуыбеты Юрийыл.

Уый хауд ахæм адæймæгты нымæцмæ, кæцытæн сæ бон æвзæрдзинад саразын нæ, фæлæ адæймаджы дзыхы ныхасæй фæхъыг кæнын дæр сæ бон кæмæн нæ вæййы. Уымæн хорз кад уыд, 35 азы дæргъы кæм фæкуыста, уыцы коллективы ‘хсæн. Газетæн хъæууон царды фæдыл уац ныффыссыны тыххæй-иу Ирыстоны къуымтæй кæм нæ балæууыд, ахæм нæ баззад.  Фæстæдæр та Юри цалдæр азы, суанг йæ амæлæты боны онг куыста газет «Хурзæрин»-ы бæрнон нымæрдары хæдивæгæй.

2004 азы майы мæйы Юри бынтон æнæнхъæлæджы рынчындонмæ куы бахауд, уыцы хабар нæм дисау дæр фæкаст. Кæрæдзийы фарстам: «Цы йыл æрцыд, йе ‘нæниздзинадæй куы никуы хъаст кодта, уæд». Уайтагъд æй абæрæг кодтам рынчындоны. Абон дæр ма мæ хъустыл уайынц йæ ныхæстæ, зæгъгæ, дам, мæ ам цæмæн дарынц уымæн ницы зонын, ницы, зæгъ, мæ риссы. Хъæлдзæг зæрдæйæ немæ фæныхас кодта æмæ куы хицæн кодтам, уæд ма йæм бадзырдтам, зæгъгæ, дæм æввахс бонты æнхъæлмæ кæсæм редакцийы. Уый дæр нын баныфсæвæрдта, фæлæ… Фæлæ нæ фæсайдта…  Рацыдысты уыцы бонтæ æмæ цæугæ нæ, хæсгæ фæцис. Уæд чи ахъуыды кодтаид, нæ уарзон æмкусæджы ма сæрæгасæй фæстаг хатт кæй уынæм, ууыл. Алкæмæндæр зын уыд рынчындонмæ æнæнхъæлæджы кæй бахауд, бынтон æнæнхъæлæджы уæззау та нын йæ амæлæты хабар уыд. Йæ сау хабар ын куы фехъуыстам, уæд фергъийау стæм. Ау, дзæбæх куы уыд, уæд ма йыл æвиппайды цы æрцыд. Нал ын бантыст йæ хæдзары къæсæрæй бахизын, нал ын бантыст йæ кусæн кабинеты дуар бакæнын. Нал сæмбæлд райсомæй йе ‘мкусджытыл. «Сæмбæлд» уымæн зæгъын æмæ-иу стæм бонæй дарддæр фыццаг нæ кабинеты дуар Юри бакодта, нæ уарзта куыстмæ рæджы кæнын, уарзта фæтк æмæ æгъдау алыран дæр. Хъæууон хæдзарады хайады кусгæйæ газетæн æрмæджыты фæдыл цæугæйæ, зылд Ирыстоны хъæутыл, афтæ ма Советон Гуырдзыстоны бирæ ирон хъæутыл дæр. Сæ цæрджыты цинтыл цин кодта, сæ хъыгтыл та – хъыг, афтæмæй сæ газеты фæрстыл хаста адæмы рæгъмæ. Секретариаты кусгæйæ та, æдзухдæр архайдта, цæмæй газет рæстæгыл срæвдз уыдаид, рæсугъд макеттæ сарæзтаид, ууыл. Йæ намысджын куысты тыххæй йын лæвæрд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы сгуыхт кусæджы ном.

Юри уыд коллективы ирд гоймаг æмæ йæ ацыдæй нæ коллектив цыма фæсидзæргъуыз, афтæ мæм каст. Йæ амæлæты фæстæ нæ уарзон æмкусæджы бандоныл цасдæр рæстæджы дæргъы æрбадын никæйы цæст бауарзта. Йæ кусæн стъолмæ бакæсгæйæ-иу мæ зæрдæ суынгæг… Уæдæ-иу уый йе ‘ххуысы къух кæмæ нæ фæдаргъ кодтаид ахæм нæ уыд, фæнды хионмæ, фæнды йæ коллегæтæм, фæнды сыхагмæ. Сæрдыгон тæвд бонты-иу æрдзы хъæбысмæ нæхи аирхæфсынмæ ацæугæйæ, кæнæ бынаты исты нысаниуæгджын бон нысан кæнгæйæ, уайтагъд алцыдæр ацæттæ кодта, йæ фердæхт бынтондæр никæимæ хæццæ кодта. Зын нын уыд ахæм коллегæ фæсафын. Алкæмæн дæр нæ ныфсы бынаты уыд. Фæлæ цы гæнæн ис, хъысмæты раз балæууæн нæй. Адзалæн мадзал нæй. Æнæнхъæлæджы ахицæн дæ не ‘хсæнæй дæ тæккæ лæджы кармæ бацæугæйæ. Бæргæ та фæцин кодтаис дæ уарзон газеты 100 азы юбилейыл, фæлæ… Махæн ма нæ бон цы у, уый – дæ рухс ном дын мысдзыстæм, цæрæнбонтæм дæ рæсугъд фæлгондз цæрдзæн дæ коллегæты, чи дæ зыдта, уыдоны зæрдæты.

ГУЫЦМÆЗТЫ Евелинæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.