Алы адæймаджы царды дæр вæййы зæрдылдаринаг æхсызгон цаутæ æмæ мысинæгтæ æмæ сæ кæддæриддæр æрæмысы хорзæн. Мæнæн дæр ахæм зæрдылдаринаг цаутæй иутæ сты, нæ ирон газетимæ куы схæлар дæн æмæ йæм уацтæ фыссын куы райдыдтон, уыцы райдианы мысинæгтæ.

Уæд ма нæ хъæуы астæуккаг скъолайы ахуыргæнинаг уыдтæн, æмæ мæ зæрдæмæ арф айстон æмæ кастæн уæды областон газет «Советон Ирыстон» (ныры «Хурзæрин»). Алы бон дæр æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастæн нæ хъæуы постхæссæджы фæзындмæ æмæ-иу куыддæр газет мæ къухмæ райстон, афтæ мыл цыма хуры зæлдаг тынтæ сæхи асæрфтой, афтæ-иу мæ цæсгом ныррухс æмæ йын йæ алы уац дæр кастæн æхсызгондзинады æнкъарæнтимæ.

Фæстæдæр ныффыстон уац нæ хъæуы постхæссæг Бигъуылаты Балойы хорз куысты тыххæй. Цалдæр боны фæстæ мыхуыры куы рацыд, уæд цыма арвмæ сырæзтæн, афтæ банкъардтон мæхи, бон æй кастæн цалдæр хатты. Уый уыд 1965 азы æмæ уæдæй абоны онг нал фæхицæн дæн газет æмæ йæ куыстуарзаг коллективæй. Уый фæстæ мæм редакцийы кусджытæ æрвыстой фыстæджытæ, ныфс мын æвæрдтой, цæмæй сæм арæхдæр фыссон, амыдтой мын, фылдæр цахæм темæтыл хъæуы фыссын æмæ уыимæ иумæ сæм редакцимæ дæр  цæуон æмæ мæ хуыздæр базоной.

Уыцы фæндон дæр сын сæххæст кодтон. Иу бон бацыдтæн Хетæгкаты Къостайы уынджы редакцийы бæстыхайы дыккаг уæладзыджы фыстæджыты хайадмæ. Баййæфтон дзы йæ кусджытæй  Хъуылымбегты Маня æмæ Джиоты Наташæйы. Тынг мыл баузæлыдысты, фæфарстой мæ мæ ахуырæй, дзырдтой мын, куыд хуыздæр æмæ мидисджындæр уацтæ фыссын хъæуы, æппæт уыдæттæ. Æз тынг буц æмæ райгондæй раздæхтæн фæстæмæ. Сæ адджын æмæ рæвдаугæ дзыхы ныхасæй мæ ноджы тынгдæр сразæнгард кодтой уацтæ фыссынмæ. Фæстæдæр ноджы базонгæ дæн редакцийы иннæ уацхæсджытæ Бибылты Георги, Харебаты Леонид, Михаил, Плиты Феликс, Нартыхты Григол æмæ æндæртимæ. Алы хатт дæр кæстæртæм сæ уæздан ахаст æмæ узæлд, стæй сæ амынддзинæдтæ цыдысты зæрдæйы арфæй æмæ уыцы æнувыд ахаст ныр дæр мæнæй нæу рох.

Газет кæддæриддæр кодта æмæ абон дæр кæны цардæмдзу, ис адæмы фарсмæ цыфæнды зын уавæрты куы уыдысты, уæддæр уыд сæ ныфс æмæ сæ разæнгард кодта хорз хъуыддæгтæм. Цæвиттонæн райсæм, 90-æм азты Хуссар Ирыстонмæ гуырдзиаг лæгмарджытæ куы бырстой, Ирыстоны зæххыл арт куы æфтыдтой, уыцы цаутæ. Ахæм уæззау æмæ зын уавæрты газет æмæ йæ коллектив фæстæ никуы фæлæууыдысты, фæлæ уæлахиз æмæ сабырадон цард сæндидзын кæнынмæ уыдысты разæнгардгæнджытæ.

О, ирон газет йæ рацыдæй фæстæмæ  кæм нæ балæууыд, Хуссар Ирыстоны ахæм къуым зын ссарæн у, зылд нæ сæйраг горæт æмæ хъæутыл, уагдæттæ æмæ куыстуæттыл, дæлвæз бынæттæ æмæ дард хæххон рæтты. Уыцы бынæттæй газеткæсджытæм хаста мидисджын уацтæ, æвдыста сын сæ тырнындзинæдтæ æмæ фæллойы хæрзиуæгон æнтыстытæ. Уыимæ йæ рох никуы уыд цухдзинæдтæ æвдисын, нæ размæцыд нын цы къуылымпы кæны, æппæт уыдæттæ дæр æмæ сæ уæндонæй хаста йæ кæсджытæм.

Фæзынд мæм ахæм фарста: цы схонæм газет «Хурзæрин»-ы – уазæг æви фысым. Къуыри цалдæр боны йæ зæрин тынтæй цы фарны хæдзары къуымтæ ныррухс кæны, уый сæ хорз хæлар æмæ уазæг дæр у, йæ æнувыд хæлæрттæ йæм фенхъæлмæ кæсынц нæртон æмæ цытджын уазæгау. Иугæр хæдзары æрбынат кодта, бинонты уæнгтимæ зæрдиаг ныхас кæны, уæд та сын у фысым. Афтæ æмæ хорз æмæ цытджын уазæг дæр у, стæй  свæййы хæлар æмæ нæртон фысым дæр.

Æмæ ахæм хуызы ноджыдæр йæ хъарм, фæлмæн тынтæй рæвдауæд æмæ тавæд алы бинонты дæр!

                                                     ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.