Æнæ дызæрдыгæй, ирон дзыллон информацийы фæрæзты разагъддæр минæвæрттæй сæ иу у РХИ-йы сгуыхт журналист, РЦИ – Аланийы культурæйы сгуыхт архайæг Хозиты Иосифы фырт Петр. Рагæй зонгæ стæм – иу-æртын азы бæрц, æмæ сæрмагондæй мæнæн мæ профессионалон царды ахсы зынгæ бынат. Иумæ куыстам областон газет «Советон Ирыстон»-ы – тæлмацгæнджытæй, уацхæсджытæй, хайæдты сæргълæуджытæй: уый мæнæй раздæр райдыдта, йæ фæдыл та æз цыдтæн. Петр мæ иуцасдæр хистæр у, æмæ-иу æй фæрсгæ дæр арæх акодтам, кæстæртæ, цæмæйдæрты, уæлдайдæр та политикæимæ баст хъуыддæгтæй. Æнæуый та «Советон Ирыстон», дзырд дæр ыл нæй, бирæ æвзонг кадртæн ссис практикон журналистикæйы куырдадз.

Хозийы фырт уыд коммуникабелон, æргомзæрдæ, сæрбахъуыды рæстæджы дæм æнæмæнгдæр фæдаргъ кодтаид йæ къух. Профессионалон æгъдауæй та æппынæдзух разæнгард кодта райдайгæ журналистты, уыдис сын цæвиттойнаг, фыццаджыдæр, рæстдзинад æдæрсгæйæ дзурынхъом кæй уыд æмæ йæ критикон цæстæнгас конструктивондзинады фæлгæттæй кæй никуы хызт, уымæ гæсгæ. Алы хатт дæр ын уыдис фидар æмбæстагон позици, активон хайад иста Хуссар Ирыстоны æхсæнадон-политикон царды, уыд РХИ-йы Парламенты фыццаг сæвзæрсты депутат, курдиатджын журналисттæ Æлборты Алик æмæ дзæнæттаг Хацырты Филиппимæ сæндидзын кодтой æмæ уагътой «Ирон газет» æмæ афтæ дарддæр.

Хозиты Петр ма уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны фыццаг хæдбар телеуынынады фыццаг кусджытæй сæ иу. Уый арæзт æрцыд 1992 азы Джиоты Алан (Парпат), Хуыбылты Валери (Хубул) æмæ Цхуырбаты Таймуразы хъæппæрисæй. Афтæ рауад, æмæ мын Петр, æвæццæгæн, аргъ кодта, чысыл цыдæртæ кæй æмбæрстон жур-налистикæйы къабазы, уымæ гæсгæ, æмæ мæн дæр фæхуыдта телеуынынадмæ кусынмæ. Уæхскуæзæй дзы фæхъиамæт кодтам цасдæр рæстæджы дæргъы иумæ. Петр уæд сарæзта æрвылкъуырион телеа-лæвæрд “Дзуринæгтæ” æмæ-иу дзы рæгъмæ рахаста уыцы заманы æппæты ахсджиагдæр фарстытæ. Уый уыдис Хуссар Ирыстоны фыццаг аналитикон алæвæрд ирон æвзагыл; æнæрхъæцæй-иу æм æнхъæлмæ кастысты нæ телеаудитори дæр. Мæнæн дæр-иу арæх бахæс кодта цыргъ фарстытæ æмæ актуалон проблемæтыл репортажтæ саразын, æмæ-иу æй, раст зæгъгæйæ, фыдæнхъæл нæ фæкодтон.

1992 азы фæуды республикон хицауад аскъуыддзаг кодтой газет «Советон Ирыстон»-ы дубликат «Советская Осетия»-йæ хицæн газет – «Южная Осетия» – саразын. Уырдæм дæр та, цыма нын амынд уыд, уыйау, иумæ рахызтыстæм ирон газетæй. Йæ сæйраг редактор Хуыгаты Анатолиимæ бирæ бакуыстам ног рауагъд йæ къахыл слæууын кæныны хъуыддаджы – кæй зæгъын æй хъæуы, коллективы иннæ уæнгтимæ иумæ. Фыццаг номыр мыхуыры рацыд 1993 азы 1 январы. Хозиты Петр уыдис æхсæнадон-политикон хайады сæргълæууæг, ацы рæнхъыты автор та – зонад æмæ культурæйы хайады гæс. 2004 азы змæст рæстæджы ма дзы сæйраг редакторæй дæр бакуыстон.

1996 азы Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд дыууæ Ирыстонæн иумиаг æхсæнадон организаци «Стыр Ныхас» зындгонд историк профессор Гиоты Михалы сæргъ-лæудæй. Бакондæуыд ын æмном газет дæр. Сæйраг редакторы хæдивæгæй дзы нысан æрцыд Хозиты Петр. Уым дæр та бакуыстам фæстиуæгджынæй, бындур æрæвæрдтам газетæн цæгатирыстойнаг журналисттæ Джуссойты Марат æмæ Золойти Викторияимæ. Арæх нæм-иу фæуазæг сты зынгæ фысджытæ Тедеты Георги, Хаджеты Таймураз, Дыгъуызты Тенгиз (дзæнæттаг уæнт!), Биазырты Кромвел æмæ æндæртæ. Уыдон дæр цæстуарзонæй хæлар кодтой сæ зонындзинæдтæ ног коллективæн. Нæ газет афтæ гъæдджынæй цыд, æмæ йыл сæ цæст æрæвæрдтой Ирыстоны дыууæ хайы дæр.

Иу дзырдæй, Хозиты Петримæ чысыл рæстæг нæ уыдыстæм æмвæндаг æмæ æмзонд, æмæ йæ алы хатт дæр зыдтон арфхъуыдыгæнаг, патриот æмæ интеллектуалон адæймаг æмæ журналистæй. Нæ ма мæ рох кæны ноджы иу ахæм хабар дæр. 90-æм азты райдианы нæм-иу Хуссар Ирмæ арæх æрцыдысты уæрæсейаг журналисттæ ирон-гуырдзиаг хæсты æвирхъау хабæрттыл ныффыссыны охыл. Æмæ нæм иухатт фæуазæг æвзонг уырыссаг журналист Алексей Просекин. Петр æй сæхимæ акодта, æмæ цалдæр мæйы уым цард. Йæ дзаумæтты цыд, æгæрыстæмæй ма йын йæ дзабыртæ дæр радта. Ныллæг лæппу уыдис, къах дæр ын гыццыл уыд, æмæ йын Петяйы дзабыртæ годманты хуызæн уыдысты, сæпсæпгæнгæ сæ-иу цыдис. Тынг райгонд уыд Петрæй, цыма йæ хистæр æфсымæр уыдис, ахæм цæстæй йæм каст.

1996 азæй фæстæмæ Хозийы фырт цæры Цæгат Ирыстоны. Бирæ рæстæджы дæргъы куыста телерадиокомпани «Алани»-йы – нырма уацхæссæгæй, стæй та – йæхи сæрмагонд авторон алæвæрды (уый дæр схуыдта «Дзуринæгтæ») амонæгæй. Ныртæккæ кусы тæлмацгæнæгæй Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ЮНЕСКО-йы кафедрæйы.

Æвзонг журналисттæ; Хъодалаты Хансиат, Хозиты Петр æмæ Уазæгты Марфа. 1990 -æм азтæ

Ацы аз Дзæуджыхъæуы Хозиты Петрæн мыхуыры рацыд чиныг «Рæзхæссæн». Æрæджы йын презентаци ауагъдæуыд Цхинвалы дæр, Анахарсисы номыл Республикон библиотекæйы. Чиныджы æрмæг уникалон у, ис ын стыр æхсæнадон-политикон æмæ хъомыладон нысаниуæг, уымæн æмæ дзы авторы хисæрмагонд цæстæнгасæй æвдыст цæуы аивгъуыйгæ æнусы 80-йæм азты фæудæй ныры æнусы 20-æм азтæм Хуссар Ирыстоны цардвæндаг, йæ националон-сæрибаргæнæн тох, нæ республикæйы сарæзт æмæ æндидзынад. Чиныгмæ бахаст æрцыдысты, уæды рæстæджы Хуссар æмæ Цæгат Иры дзыллон информацийы фæрæзты, афтæ ма интернет-ресурс «Осрадио»-йы Хозиты Петрæн цы æрмæджытæ ныммыхуыр, уыдонæн сæ сæйрагдæртæ. Уацты æвæрд цæуынц нырыккон вазыгджын уавæрты нæ ирон æвзаг æмæ иумиагæй нæ ирондзинад бахъахъхъæныны фарстытæ, дзырдæуы сæ, ахсджиаг политикон, æхсæнадон æмæ культурон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм цаутыл. Æнæ дызæрдыгæй, ацы ног чиныгæй æнæмæнг мах дæр спайда кæндзыстæм нæ университеты журналистикæйы дæсныйады студенттимæ практикон ахуыры фæлгæтты.

Зонын æй, Хозийы фыртмæ ноджыдæр бирæ хорз фæндтæ æмæ нывæзтытæ ис, æмæ йын мæ зæрдæ зæгъы, тагъд рæстæджы дзæбæхæй йæ къухы цы бафтой, уый.

 ХЪОДАЛАТЫ Хансиат,

РХИ-йы сгуыхт журналист, ХИПУ-йы

журналистикæйы кафедрæйы сæргълæууæг

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.