Амондджын адæймаг… Цымæ ацы дзырдтæ, æрмæстдæр ахæм адæймагмæ хауынц, йæ хъæбултæ йæхи фæндиаг кæмæн сты, йе ‘ввахс адæмы йæ алыварс дзæбæхæй, æнæнизæй чи фæуыны?
О, бирæтæ сразы уыдзысты мæ ныхæстыл, уæдæ ма амондæн æндæр цы хъæуы. Фæлæ, мæхæдæг бынтон разы нæ дæн ацы хъуыдыимæ. Амондджын ма æз рахонин, йе `цæг дунемæ чи бацæуы æмæ йæ фæстæ рæсугъд фæд чи ныууадзы, йæ ном хорзæн кæмæн фæмысынц, цæвиттонæн кæй фæхæссынц, ахæм дзæнæттаг адæймаджы дæр. Ахæмтæм хæлæг æмæ тæхуды дæр бакæнын, кæд мард тæхудиаг никуы вæййы, уæддæр.

Уыцы адæймæгтæм хауы газеты раздæры редактор, дзæнæттаг Харебаты Леонид.

Харебаты Леониды сфæлдыстадимæ базонгæ дæн, скъоладзау ма куы уыдтæн, уæд. Уыцы рæстæджы та аив литературæ кастысты æвзонг фæсивæд æмæ ацæргæтæ дæр. Нæ хъæуы библиотекæйы сæ бынат ссардтой йе ‘мдзæвгæты æмбырдгондтæ, йæ романтæ “Уарзт æмæ денджыз” æмæ “Сыгъдысты зæрдæтæ”. Бакастæн дыууæ романы дæр. Мæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты æмæ кæд авторæн йæхи никуы федтон, уæддæр æм дардтон хъарм ахаст, аргъ ын кодтон.

Бирæ чингуыты автор у Леонид, лæггад кодта Ирыстонæн, ирон адæмæн, ирон литературæйæн. Фæлæ йын йе  сфæлдыстадæн аргъгæнæг мæхи нæ кæнын. Уыдæттыл йæ рæстæджы дзырдтой фысджытæ, литературон критиктæ. Мæн зæгъын фæнды йе стыр адæймагон миниуджыты æмæ газеты коллективмæ йæ уарзондзинады тыххæй.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ис не ‘хсæн ахæм адæймæгтæ дæр ,Харебаты Леониды тыххæй бæлвырдæй чи нæ зоны. Уымæ гæсгæ мæ фæнды, йæхæдæг-иу йæ сабион бонты тыххæй цы дзырдта, уыдон газеткæсджытæн раргом кæнын. Леонид райгуырд Къахеты, Лагодехы районы, Хуыцъейы хъæуы зæхкусæг бинонты æхсæн. Кæддæр йæ фыдæлтæ уырдæм хуыздæр цардагур Дзауы районы Хуыцъейы хъæуæй алыгъдысты. Фæлæ фыдæнхъæл фесты. Фæиппæрд сты сæ фыдыбæстæй, аззадысты цардæй иуварс. Æцæгæлон зæххыл, зæгъæн ис, æмæ дидин нæ рафтыдтой. Амард йæ мад æмæ хæрз къаннæгæй баззадис сидзæрæй. Фыд дыккаг ус æрхаста, фæлæ уымæн дæр бирæ рацæрын нæ бантыст, фæхъуыд хæрзæвзонгæй – 41-аздзыдæй. Фæцух мад æмæ фыды уарзтæй Леонид, баззад йæхиуæтты `вджид. Куы “фырæфсæст” куы та “фырæххормаг” уыд. Фæлæ йæ иууыл тынгдæр хъуыд, рæвдаугæ, узæлгæ ныхас æмæ уымæй та цух æййæфта. Йе стыр ныфс уыд йæ мадыфсымæр. Йæ рæвдаугæ хъæлæс мæ нырма дæр нæу рохы, æрымысыд-иу уый. Фæлæ æппæт зындзинæдтæн дæр ныффæрæзта æмæ царды ссардта йæ бынат. Кæд æй йæ фадæттæ нæ амыдтой, уæддæр йæ уд радта ахуырмæ. Иудзырдæй, мæгуырмæ дæр амонд йæ мидбыл фæхуды. Уым Къахеты астæуккаг скъола бакаст гуырдзиагау, фæлæ йæ мадæлон æвзагмæ уарзт йæхимæ æлвæста æмæ Ирыстонмæ куы æрцыд, уæд æй ирдæй равдыста йе `мдзæвгæ “Ирыстон”-ы.

 

Æз Къахетмæ дæ ном хъуыстон, мæ фыдæлты артдзæст

Æмæ -иу мыл арт сирвæзтис, уæд цины арт.

О, хурджын Ир, фыдæлты зæхх, фыдæлты къуым.

Æрхастон дæм цæдджинагау, æхсидгæ уарзт.

 

Раст уыцы æхсидгæ уарзтимæ æрцыд Леонид Хуссар Ирыстонмæ æмæ ахуыр кæнынмæ бацыд педагогон институты ирон æвзаг æмæ литературæйы факультетмæ. Каст æй фæцис æмæ куыста ахуыргæнæгæй, стæй рахызт мыхуыры куыстмæ. Дæс азы бæрц фæкуыста газет “Советон Ирыстон”-ы бæрнон нымæрдары хæдивæгæй. Куыста типографы директорæй. Фæстæдæр уыд рауагъдады сæйраг редактор. Уыд Паддзахадон драмон театры директор. Лæвæрд ын æрцыд Культурæйы сгуыхт кусæджы ном. Хицæн рæстæджыты хорзæхджын æрцыд майдантæ æмæ Кады грамотæтæй. 90-æм азты, нæ адæмæн иууыл уæззаудæр рæстæджы Леонид нысан æрцыд газет “Хурзæрин”-ы редакторæй.

Уыцы зын рæстæджыты дæр адæм газетмæ æнхъæлмæ кастысты æнæрхъæцæй, исты ног информаци базоныны ныфсимæ. Фæлæ нæ фæтыхстысты газеты редактор æмæ журналисттæ. Хастой хъæугæ æрмæг æмæ газет йæ рæстæгыл хæццæ кодта адæммæ.

Уыцы рæстæджы корректорæй куыстон. Иу бон æрбацыдтæн æмæ газеты бæрнон нымæрдары хæдивæг Гуыцмæзты Евелинæ мæ размæ фæцис æмæ мын худгæйæ аппæлыд, махæн, зæгъгæ, ног редактор куы ис æмæ йæ ныхас даргъ ауагъта фæзмынæгау. Чи у? Афарстон æй æнæрхъæцæй. Æмæ мын афтæ: Харебаты Леонид, “Уарзт æмæ денджыз” чи ныффыста, уый. Тынг бацин кодтон, ныр æй кæд лæгæй-лæгмæ фенин, зæгъгæ: «Цу-ма дæгъæлы хуынкъæй бакæс, ды цæстæй рæвдздæр дæ, æндæра йæм исчи ис», – бадзырдта мæм Евелинæ. Згъорæгау акодтон, дæгъæлы хуынкъæй кæсын æмæ мæм ницы зыны. Уæдмæ дуар фегом æмæ къæсæрыл гуыбырæй баззадтæн. Уый мæм ныккаст æмæ йæ худын нал баурæдта. Цы кусыс уый, афарста мæ. Гæнæн нал уыд æмæ хъуыддаг æцæгæй куыд уыд, афтæ йын æй радзырдтон, зæгъын Еве мын загъта, цæмæй дæм дуары хуынкъæй бакæсон. Абон дæр ма йæ зæрдæбынхудт мæ хъустыл уайы. Афтæ базонгæ дæн Леонидимæ.

Уый фæстæ-иу мæ æппæлгæ куыд ракодта, афтæ-иу уайдзæфтæй дæр цух нæ аззадтæн. Райсомæй-иу мын арæх ферæджы. Цалдæр хатт мæ бафæдзæхста, ма æрæджы кæн, зæгъгæ, фæлæ та-иу афтæ рауад. Иу райсом та мын  ферæджы, асинтыл схызтæн, къулы аууон алæууыдтæн, зæгъын, къæлидоры, мыййаг, кæд лæууы æмæ мæ сæр размæ радардтон. Уый секретариатмæ рацæйцыд. Ауыдта мæ æмæ мæм уырдыгæй ныхъхъæр кодта, æз дын дæ дыууæ къахы дæр ныцъцъæл кæндзынæн. Цы гæнæн ма уыд, рахызтæн йæ размæ, нымдгæнгæйæ йын загътон, нырæй фæстæмæ-иу талынг ма куыд уа, афтæ рацæудзынæн хæдзарæй æмæ мын нал байрæджы уыдзæн æмæ йæм зулаивæй бакастæн. Уæд талынгæй та цæмæн? Уыцы афон уынджы ничи ма уыдзæнис æмæ мæ ныхасыл ничиуал ныддардзæнис æмæ мын нал байрæджы уыдзæн. Уый йæ худын нал баурæдта æмæ мæ цурæй згъорæгау акодта. Кастæн йæ фæстæ… йæ уайдзæфтæй дæр мæм, цыма, цавæрдæр хъармдзинад цыд.

Абон цард куы сæмтъеры æмæ кæрæдзийы фыдгойæ куынæуал æфсæдæм, хорзæй хорз зæгъын нæ цæст кæрæдзийæн куынæуал уарзы, уæд Леониды фæлгондз цæстытыл ауайы. Ныммæлæн дын ма уа, абон нæ куыд тынг хъæуы, адæмы кæрæдзийыл чи бæтта, ахæмты сæр.

Харебаты Леониды удрæбынæй стыр хъармдзинад цыдис йæ коллективмæ. Уый сæ дихтæ нæ кодта. Иуы цур иннæйы кой нæ ракодтаид. Алкæмæн дæр комкоммæ дзырдта йæ ныхас. Зæрдæбынæй раппæлыдаид, хорз æрмæг-иу чи ныффыста, уымæй дæр. Йæ рæстæджы коллектив кæрæдзийы цæрайæ цардысты. Райсомæй цингæнгæйæ тырныдтой куыстмæ, изæрæй та сæ кæрæдзийæ фæхицæн кæнын нæ фæндыд. Æмæ, канд редакцийы коллективы не `рбангом кодта, фæлæ кæмдæриддæр фæкуыста, алыран дæр дзы стыр райгонд уыдысты. Уымæ дам-думтæ бахæссæн нæ уыд. Йæ цуры искæй фыдгой ракæнæн нæ уыд. Æвæццæгæн, коллективы сæнгом кæныны сусæгдзинад дæр уый мидæг уыдис. Æцæг, уыцы рæстæджы коллективæн кад æмæ ном чи кодтой, ирон фарн æмæ æгъдау йæ удрæбын кæмæн æрбынат кодтой, ахæм курдиатджын журналисттæ – Дыгъуызты Гриша, Гуыбеты Юри, Нартыхты Григол, Бибылты Георги, Бабаты Виктор… Цæстуарзон уыдысты се `ппæт дæр, кæстæр, райдайгæ журналисттæн сæ йæ зонындзинæдтæ ничи хæлæг кодта.

Адæймаг йæ царды фылдæр рæстæг куысты фервиты æмæ мæм уыцы адæймæгтимæ кусыны амонд кæй æрхауд, уымæй сæрыстыр æмæ буц дæн абон дæр.

Харебаты Леонид уыдис, йæ аууонæй дæр æфсæрмы æмæ аргъуц чи кодта, ирон фæрнджын æгъдауы сæрты ахизын мæлæтæй зындæр кæмæ каст, ахæм адæймаг. Хъуыддаджы лæг, йæ ныхасæн хицау. Уарзта кусын æмæ йæ домдта иннæтæй дæр. Абон дæр мæ дисы æфтауы кæстæртыл куыд тынг аудыдта. Иухатт мæ афарста, Роланд та цы фæцис, куы нæ зыны? Æз ын сабырæй афтæ бакодтон, зæгъын, майрæмбоны фæссихорæй хъæумæ йæ ныййарджытæм куы ацæуы. Раст ыл, цыма ихджын дон бакалдтон, йæхимид базмæлыд æмæ мæстыйæ сдзырдта: “О, тæхуды æмæ уыцы майрæмбон куы басудзид, горæты куынæ вæййы, уæд мын тынг зын вæййы, цыма мын цыдæр нæ фæфаг кæны, афтæ мæм фæкæсы. Æз зыдтон, Роландмæ тынг хъарм ахаст кæй дардта, фæлæ йын фæндагыл исты æрцæуынæй тарстаид, кæстæр мадызæнæджы зæрдæ йæм дардтаид, уый æнхъæл нæ уыдтæн.

Гъе, ахæм уыдис Харебаты Леонид. Æмгарæн – æмгар уыд, кæстæрæн – хистæр, хистæрæн – кæстæр. Афтæмæй фæцард не ‘хсæн. Йæ арф зонд æмæ удыхъæды бæрзонд æмвæзад хурау тавтой, йæ алыварс чи уыдис, уыцы адæмы хистæрæй кæстæрмæ… Фæлæ ирон æмбисонд  куыд зæгъы: хорз лæджы ном йемæ мæрдты бæстæм нæ ацæуы, фæаргъ ын кæнынц йæ бакæнгæ хорз хъуыддæгтæм гæсгæ.

    БЕСТАУТЫ Валя

Къамы галиуæй рахисæрдæм: Нартыхты Григол, Хъесаты Валодя, Бабаты Виктор,

Гасситы Моисей, Харебаты Леонид.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.