Ацы бонты Ленингоры районы Цъинагары зонæйы хъæутæ – Монастер, Абреу, Орчъосан, Дзукъаты хъæу, Цъинагар, Гдулет æмæ Кедигорайы хъæуты цæрджытæн уагъд æрцыд профилактикон медицинон диспансеризаци. Уый у тынг ахсджиаг хъуыддаг хъæууон цæрджытæн, уымæн æмæ цæрджытæй алкæмæн фадат нæй Цхинвалмæ ацæуынæн, иннæмæй та ацæргæ адæмæн зын у дард фæндагыл цæуын.

Республикон соматикон рынчындоны сæйраг дохтыр Кокойты Маирбег, горæты поликлиникæйы сæйраг дохтыр Санахъоты Тамарæ, кардиолог Хъороты Светланæ, нуæртты дохтыр Джыккайты Валя, афтæ ма сывæллæтты дохтыртæ сæ уæрæсейаг коллегæтимæ басгæрстой ацы хъæуты цæрджыты. Семæ уыд РХИ-йы Æнæ-низдзинад хъахъхъæныны министр Тотчиты Георги дæр. Уыдон семæ аластой рентген-аппарат æмæ УЗИ, цæмæй раст диагнозтæ сæвæрдтаиккой рынчынтæн.

Цхинвайлаг уазджытæн медицинон басгæрст ауадзыны тыххæй хатæнтæ рахицæн кодта Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъолайы директор Гуссойты Ласко. Алы хатæныл дæр фыст уыд кæцы профилы специалист дзы уадзы басгæрст, уый, стæй йæ ном æмæ йæ мыггаг. Кæд Цъинагары хъæуы кусы медицинон амбулатори, уæддæр дзы алыгъуызон хъæуæг аппараттæ кæй нæй, уый фадат нæ дæтты рынчынæн раст диагонз сæвæрынæн. Хъæууон амбулаторийы дохтыр Тъехты Хатуна куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы хъæуты тынг бирæ ис, йæ туджы æлхъывдад бæрзонд кæмæн у,  афтæ ма зæрдæнизæй рынчынтæ дæр.

Æнæхъæн боны дæргъы суанг изæрдалынгтæм дохтыртæ лæмбынæг сгæрстой пациентты æмæ-иу сын рафыстой рецепттæ. Иууыл фылдæр цыдысты кардиолог æмæ нуæртты дохтырмæ. Хъороты Светланæ куыд банысан кодта, уымæ гæгæ ацы хъæуты тынг бирæ ис гипертониктæ. Бирæтæн дзы бауынаффæ кодтой рынчындоны схуыссын æмæ афтæмæй схос кæнын. Хъæуты цæрджытæ сæ катайдзинад равдыстой Цъинагары зонæйы хъæуты иу аптекæ дæр кæй нæй, уый фæдыл. Дзукъаты Хазби банысан кодта афтиаджы æнæмнгхъæуындзинады тыххæй. Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Тотчиты Георги хъæуты цæрджытæн баныфс æвæрдта сæ проблемæ скъуыддзаг кæй æрцæудзæн, уымæй.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ 2018 азы дæр уагъд кæй æрцыд ацы хъæуты цæрджыты диспансеризаци. Цæрджытæ райгондæй баззадысты, республикон медицинон персоналы ‘рдыгæй сæм ахæм лæмбынæг хъусдард здæхт кæй цæуы, уымæй æмæ сын дзырдтой бузныджы ныхæстæ.

Уалыты Зоя,

Цъинагар

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.