27 январы 75 азы сæххæст Ленинграды немыцаг-фашистон æфсæдты блокадæйæ æххæстæй ссæрибар кæныны боныл.

Ленинграды блокадæ райдыдта 1941 азы 8-æм сентябры. Ацы бон нымад цæуы иууыл трагикондæр боныл Уæрæсейы цæгаттаг столицæйы æртææнусон историйы. Блокадæйы горæт-хъайтары 2,5 милуан цæрæджы æмæ хъахъхъæнæджы арвыстой 900 тæссаг бон æмæ æхсæвы. Уыцы рæстæджы æппынæдзух æхстыты, бомбæзгъæлсты бын, æххормаг æмæ уазалы фæмард сты иу милуанæй фылдæр адæймаджы. Ленинград бацахсыны хъуыддагæн немыцаг командæкæнынад лæвæрдта ахсджиаг стратегион нысаниуæг. Блокадæйы рæстæджы Ленинградыл æрæппæрстой 107 мин судзæн æмæ фугасон авиабомбæйы æмæ 150 мин артиллерион снарядæй фылдæр.

1941 азы 22-æм июны Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианы Ленинграды здæхты ныццæвын хæсгонд æрцыд немыцаг армийы æфсæддон къорд «Север»-æн инæлар-фельдмаршал фон Леебы командæкæнынадæн. «Север»-ы æфсады къорды уыд 700 мин адймаджы, дæс мин хæцæнгарзы æмæ минометы, 380 танкы, уæлдæфæй сæ хъахъхъæдтой люфтваффейы 1-аг уæлдæфон флоты 400 хæдтæхæджы. Уыдон хъуамæ скуынæг кодтаиккой Прибалтикæйы Сырх Æфсады къордты, сæ хъавд уыд Балтийы денджызы æфсæддон-денджызон базæтæ бацахсын æмæ 21-æм июлмæ Ленинграды сæхи бакæнын. 9-æм июлы бацахстой Псков, 10-æм июлы та немыцаг хæйттæ «Север»-ы 4-æм танкон къорды тыхтæй рахызтысты цæугæдон Плюссамæ æмæ дарддæр сæ фæндаг сарæзтой Лугæмæ. 21-æм августы немыцæгтæ бацахстой Чудовойы станц, уымæй Октябры æфсæнвæндаг алыг кæнгæйæ, æмæ аст боны фæстæ та бацахстой Тоснойы. 3 августы бацахстой егъау æфсæнвæндаг Мгайы. 1941 азы 8-æм сентябры, немыцæгтæ Шлиссельбург куы бацахстой, уый фæстæ райдыдта Ленинграды блокадæ.

БАХАУДТОЙ ÆРХЪУЛАЙЫ

Æрхъулайы бахаудтой горæты 2 милуан 544 мин æмбæстаджы, уыцы нымæцы 400 мин сывæллоны бæрц, горæтгæрон районты 343 мин цæрæджы, горæт хъахъхъæнæг æфсæд-тæ. Хæлцадон продукттæ æмæ æртаджы фæсауæрцтæ уыдысты цъус (æрмæстдæр 1-2 мæйæн). 1941 азы 8-æм сентябры авиацион бабырсты æмæ зынгсирвæзты фæстиуæгæн басыгъдысты  А.Е. Бадаевы номыл хæлцадон æфтауцтæ. Баконд æрцыдысты хæлцадон карточкæтæ: 1 октябрæй хуымæтæджы кусджытæ æмæ инженерон-техникон кусджытæн райдыдтой дæттын суткæйы дæргъы æрмæстдæр 400 граммы дзул, æппæт иннæтæн та – 200 граммы. Æрлæууыд æхсæнадон транспорт дæр, уымæн æмæ 1941-42 азты зымæгмæ нал баззад æртагон фæсауæрцтæ. Хæлцадон продуктты фæсауæрцæтæ къаддæр кодтой, æмæ 1942 азы январы иу адæймагмæ хауд æрмæстдæр 200/150 граммы дзул. 1942 азы февралы кæронмæ Ленинграды уазал æмæ æххормагæй амард 200 мин адæймагæй фылдæр.

ФÆЛÆ ГОРÆТ ЦАРД…

Фæлæ горæт цард æмæ тох кодта, заводтæ дарддæр уагътой хæстон продукци, куыстой театртæ æмæ музейтæ. Æппæт блокадæйы рæстæджы нæ банцад ленинградаг радио, цыран ныхас кодтой поэттæ, фысджытæ. 1942 азы 9 августы Дмитри Шостаковичы 7-æм симфони сæххæст кодта Ленинграды Стыр симфонион оркестр дирижер  Карл Элиасбергы къухдариуæгадæй. Шостаковичы ног уацмыс фехъусгæйæ, хъусджытæ нæ урæдтой сæ цæстысыг. Симфонимæ хъуыстой æрмæст Ленинграды цæрджытæ нæ, фæлæ немыцаг æфсæдтæ дæр. Уымæй бирæ фæстæдæр, Германæй дыууæ туристы ссардтой Элиасбергы æмæ йын загътой: «Уæд, 1942 азы 9-æм августы мах бамбæрстам, кæй фембылды уыдзыстæм, уый. Мах уæд бамбæрстам уырыссаг адæмы тых. Уыдон фæуæлахиз сты æххормагдзинад, тасдзинад æмæ, æгæрыстæмæй, мæлæтыл дæр…».

«ЦАРДЫ ФÆНДАГ»

Стыр зæххимæ Ленинградæн бастдзинад кæй нал уыд, уымæ гæсгæ уæлдай стырдæр нысаниуæг уыд Ладогæйы цадыл фæндагæн, кæцы ссис легендарон «Царды фæндаг». 1941 азы сентябрь-ноябры уæзтæ ластой доны фæндагыл æмæ цад куы ныссалд, уæд та хæлцадон продукттæ, æртаг æмæ æндæр уæзтæ ластой ихыл. «Царды фæндагыл» горæтæй ластой, æххормгæй бынтон чи слæмæгъ, уыцы цæрджыты, фыццаг рады сывæллæтты, сылгоймæгты сабитимæ, рынчынты, цæфты æмæ инвалидты,  афтæ  ма  ахуыргæнинæгты, заводты кусджыты сæ би-нонтимæ.

Горæты хъахъхъæнынадæн райдианы къухдариуæг кодта Климент Ворошилов æмæ уый фæстæ та – Георгий Жуков, хæдзарадон фарсы та архайдта Алексей Косыгин, кæцы фактон æгъдауæй баивта Ленинграды обкомы фыццаг секретарь Андрей Ждановы. Номхуындæй, Косыгин сорганизаци кодта «Царды фæндагыл» змæлд æмæ бæстон кодта æмбæстагон æмæ æфсæддон быцæутæ.

ЛЕНИНГРАДЫ БЛОКАДÆЙЫ АТЫНД

Уæлдæр командæгæнæджы бардзырдмæ гæсгæ Ленинграды блокадæйы атынд райдыдта 1943 азы 12-æм январы Ленинградаг æмæ Волховаг фронтты æфсæдты  Сырхтырыса-джын Балтион флоты æмæ Ладогæйы æфсæддон флотилийы æмархайдæй Ладогæйы цады хуссарæрдыгæй. 18-æм январы Ленинграды фронты 136-æм æхсæг дивизи æмæ 61-æм танкон бригадæ бабырстой Кусджыты 5-æм поселокмæ æмæ баиу сты Волховаг фронты 18-æм æхсæг дивизийы хæйттимæ. Уыцы бон 86-æм æхсæг дивизи æмæ 34-æм къахдзоныгъты (лыжæты) бригадæ ссæрибар кодтой Шлиссельбург æмæ сыгъдæг æрцыд знæгтæй Ладогæйы цады æппæт хуссар донбылгæрон. Донбылгæрон айгæрст къæлидоры 18 бонмæ аразджытæ сарæзтой Невæйы доныл ахизæн (переправа), айгæрстой æфсæнвæндаг æмæ автомобилон фæндæгтæ. Знаджы блокадæ атынд æрцыд.

1943 азы кæронмæ фронтты бындуронæй уавæр фæивта æмæ советон æфсæдтæ сæхи цæттæ кодтой Ленинграды блокадæ кæронмæ сликвидаци кæнынмæ. 1944 азы 27-æм январмæ советон æфсæдтæ басастой 18-æм немыцаг армийы хъахъхъæнынад, ныппырх ын кодтой йæ сæйраг тыхты æмæ ацыдысты размæ 60 километры. Немыцæгтæ фæстæмæ лæууын райдыдтой. Пушкины, Гатчины æмæ Чудовойы ссæрибар кæнгæйæ, Ленинграды блокадæ æххæстæй ист æрцыд. Блокадæйы рæстæджы æрмæст æххормагдзинадæй амардысты 640 мин адæймагæй фылдæр (æндæр бæрæггæнæтæм гæсгæ иу милуанæй фылдæр), дæсгай мин адæймæгтæ та фæмардысты артиллерион æхстыты æмæ бомбæтæ калыны рæстæджы, бирæтæ та амардысты эвакуацийы.

ОПЕРАЦИ «ЯНВАРСКИЙ ГРОМ»

Ленинградаг-Новгородаг размæбырст конд уыд цалдæр этапæй æмæ райдыдта 1944 азы 14-æм январы операци «Январский гром»-æй. 1944 азы 14-æм январы Ленинградаг æмæ Волховаг фронттæ Кронштады артиллерийы æххуысæй райдыдтой Ленинграды ссæрибар кæныны фæдыл операцийы кæронбæттæн хай. 1944 азы 27-æм январы Ленинград сæрибар æрцыд блокадæйæ.  Уыцы бон Ленинграды уыд артиллерион салют æмæ фейерверк. 27-æм январы изæры ленинградаг радиойы ралæвæрд æрцыд бардзырды текст Ленинграды блокадæ æххæстæй ист кæй æрцыд, уый тыххæй. Горæты дæсгай мин цæрæджы рахызтысты уынгтæм, фæзуæттæм, цæугæдон Невæйы донбылгæрæттæм. Салют райдыдта 20 сахатыл, айхъуыстысты артиллерион сармадзаны 24 æмæхсты.

ÆХСАРДЗИНАДЫ СИМВОЛ

Ленинграды хъæбатыр хъахъхъæнынад ссис советон адæмы æхсардзинады символ. Хæсты æгæрон хъайтардзинады æмæ хиснывонд кæныны аргъæй Ленинграды цæрджытæ бахъахъхъæдтой сæ горæт. Мингай цæрæджы хорзæхджын æрцыдысты хицауадон хорзæхтæй, 486 адæймагæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары нæмттæ, уыдонæй аст адæймагæн – дыууæ хатты. 1942 азы 22-æм декабры фидар æрцыд «За оборону Ленинграда»-йы майдан, ацы майданæй хорзæхджын æрцыдысты 1,5 милуан адæймаджы.

1945 азы 26-æм январы горæт Ленинград йæхæдæг та хорзæхджын æрцыд Ленины орденæй. 1945 азы 1-æм майæ Ленинград у горæт-хъайтар. 1965 азы 8-æм майы горæтæн лæвæрд æрцыд «Сырх стъалыйы» орден.

Æрмæгыл бакуыста

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.