17-æм июны, сабаты кæд улæфтбон уыд, уæддæр Ленингоры районы администрацийы ног сæргълæууæг Хацырты Филиппæн уыд кусгæ бон.

Уый размæ бон Цъинагары зонæйы хъæуты цæрджытæн фехъусын кодтой, 17-æм июны районы ног сæргълæууæг кæй æрбацæудзæн æмæ кæй фембæлдзæн цæрджытимæ, уый тыххæй. Боны цыппар сахатмæ æввахс Цъинагары хъæуы Культурæйы хæдзармæ æрбамбырд бирæ адæм –  Цъинагар, Гдулет, Дзукъаты хъæуы цæрджытæ. Цалынмæ фембæлд нæ райдыдта, уæдмæ цæрджытæ сæ районы ног сæргълæууæгмæ æнхъæлмæ кастысты тыргъы, алкæйы дæр фæндыд уымæн арфæтæ ракæнын.

Уæдмæ æрбацыд Хацырты Филипп дæр, йемæ ма уыдысты йæ хæдивæг Дриаты Гамлет æмæ РХИ-йы Парламенты депутат Хуыбылты Ило. Фембæлд байгом кодта Цъинагары хъæууон администрацийы сæргълæууæг Бестауты Иван. Уый загъта, зæгъгæ, абон фыццаг хатт æмбæлæм нæ районы администрацийы ног сæргълæууæгимæ æмæ нын амондджын фембæлд фæуæд. Ныхасы рацыд Ленингоры районы администрацийы  сæргълæууæг Хацырты Филипп. Уый стыр бузныг загъта республикæйы къухдариуæгадæн æмæ Ленингоры районы цæрджытæн, се ‘ууæнк ыл кæй бафтыдтой, уый тыххæй. «Æз æппæт тыхтæй дæр архайдзынæн, цæмæй нæ къухты æнтыстытæ бафта. Тынг хорз зонгæ дæн районы проблемæтимæ, уыцы нымæцы Цъинагары зонæйы хъæуты цæрджыты проблемæтимæ дæр. Æз мæхæдæг Цъинагары кæй райгуырдтæн, ам кæй схъомыл дæн, уымæ гæсгæ фыццаг фембæлдтæн сымахимæ. Гæнæн ис афтæ зæгъæн дæр, æмæ цæрджытæй алкæй проблемæимæ дæр зонгæ кæй дæн», – загъта уый.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, «кæд цыбыр фæндаг кæй хонынц, ома, Громыл чи цæуы, уый кæронмæ арæзт не ‘рцыд, уæддæр æз æппæт дæр сараздзынæн, цæмæй фæндаг гъæдджынæй арæзт æрцæуа». Афтæ ма фидарæй баныфсæвæрдта, зæгъгæ, æппæт дæр сараздзæн, цæмæй донхæргæнæн донæй ифтонг æрцæуой ацы хъæутæ. «Цæмæн хъуамæ æлхæнæм нæ сыхæгтæй халсартæ, кæд æмæ ма 25 азы размæ дæр нæхæдæг ифтонг кодтам халсартæй куыд Цхинвалы, афтæ ма æгас Тбилисы дæр, уæд. Махмæ бирæ ис æгуыст фæсивæд дæр æмæ бацархайдзынæн, уыдоны куыстæй сифтонг кæныныл дæр. Хъуамæ нæ районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад дæр йæ куыст фæхуыздæр кæна».

Фембæлды рæстæджы  районы ног сæргълæууæгмæ фарстытæ лæвæрдтой цæрджытæ. Гуссойты Омар загъта, зæгъгæ, тагъд æрбалæудзæн тыллæгæфснайæн куыстыты афон æмæ нын афойнадыл комбайнтæ куынæ уа, уæд нæ тыллæгæн хорз фæстиуджытæ нæ уыдзæн. Хацырты Филипп  сын баныфсæвæрдта, иу комбайн сын уæддæр кæй самал кæндзæн, уымæй.

Ацы рæнхъыты автор та ног сæргълæууæджы размæ рахаста, Цъинагары хъæууон администрацийы бæстыхаймæ дон уагъд кæй нæй, уыцы фарст. Хацырты Филипп бахæс кодта районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæн, цæмæй ацы фарст аскъуыддзаг кæной цыбыр æмгъуыдты.

Фембæлды кæрон хъæуты цæрджытæ бузныджы ныхæстæ загътой Президент Бибылты Анатолийæн, Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæгæй бынæттон кадр кæй снысан кодта, уый тыххæй. Науæд, зæгъ, цы бирæ сæргълæуджытæ раивтам, уыдонæй-иу бирæтæ бынтондæр зонгæ нæ уыдысты районы цæрджыты проблемæ-тимæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ районы администрацийы ног сæргълæууæгæн йæ ныййарджытæ дæр кæй уыдысты кады аккаг. Йæ фыд Хацырты Шота бирæ азты куыста бæрнон бынæтты – уыд Ленингоры райкомы инструктор, сæйраг агроном, Цъинагары совхозы директор. Йæ мад Плиты Марго та куыста Цъинагары астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй.

Цъинагары зонæйы хъæуты цæрджыты Хацырты Филиппæн бафæнддзæн æнтыстытæ йæ бæрнон бынаты.

Уалыты Зоя,

Цъинагар

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.