Цъинагары зонæйы хъæутæ: Абреу, Орчъосан, Дзукъатыхъæу, Гдулет, Монастер сты арæнгæрон хъæутæ. Ацы зонæйы хъæутæ кæддæр тынг хъуыстгонд уыдысты сæ æркæнгæ тыллæгæй. Хъыгагæн, бирæ азты уыдон уыдысты Гуырдзыстоны æндæвдады бын. Сæ фæндæгтæ, сæ цæуæнтæ, сæ уавæртæ сæхицæй кæнгæ нæ уыдысты.

2008 азы августы хæсты фæстæ уавæр цæхгæр фæивта. Ныр уыдонæн сæ уавæртæ бæрæг фæхуыздæр сты. Президент æмæ Хицауады уæнгтæ арæх бабæрæг кæнынц ацы зонæйы цæрæг адæмы.

Августы мæйы паддзахады сæргълæууæг йæ балцы рæстæджы фембæлд Цъинагары хъæуы цæрджытимæ, уыдон лæмбынæг фæдзырдтой иууыл тынгдæр сæ цы фарстытæ тыхсын кæнынц, уыдоныл. Уæд Президент цымыдис кодта быдыры тыллæг æфснайæн куыстытæ куыд цæуынц. Цæрджытæ хъаст кодтой æфснайæн техникæйы хъуагдзинады тыххæй. Уый аххосæй, дам, нæ тыллæджы фылдæр хай фесæфы. Фæлæ адæмæн бамбарынчындæуыд, афойнадыл техникæ кæй не ‘рбацыд, уымæн кæй ис йæхи аххосæгтæ. Куыд зонæм, афтæмæй æгас республикæйы ис аст комбайны, уыдонæй æртæ хицæн æрцыд Ленингоры районмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, æртæ комбайны тынг цъус у ацы районæн. Хъæуы цæрджытæ ма бахатыдысты Президентмæ, цæмæй сын самал кæна чысыл куырой дæр æмæ сын бынаты фадат уа сæ мæнæу æрыссынæн. Президент ацы фарст бахæс кодта Хицауады сæрдары хæдивæг Козаты Димитрæн.

Уыцы балцы рæстæджы ма паддзахады сæргълæууæг Цъинагарæн ныфс бавæрдта сывæллæтты цæхæрадон цалцæг кæй æрцæудзæн æмæ Цъинагары астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæн ног спортивон зал саразыны фарстмæ дæр кæй æркæсдзæнис. Президент бахæс кодта Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Босыкты Алексейæн, цæмæй банымадтаид спортзалы фæдыл проектон-сметæйон документацийы æмæ арæзтады хæрдзтæ, цæмæй ног ахуыры азы сывæллæттæн уа физикон культурæйы архайыны бынат. «Æнæниз цардуаджы пропагандæйы тыххæй ацы аз мах сарæзтам программæ спорты рæзты фæдыл «Спорт в шаговой доступности», зæгъгæ, æмæ ацы программæ хъуамæ бынат ссара ам, сымахмæ дæр» – дзырдта уæд Президент цъинагайрæгтæн.

Уæд, августы мæйы Тыбылты Леонид йæ балцы рæстæджы ныфс бавæрдта сæ электроны хæххытæ ивд кæй æр-цæудзысты, уый фæдыл. Стæй ма сын ныфс бавæрдта ацы зонæйы цæрджыты иууыл тынгдæр цы фарста тыхсын кодта, афтæхуыйнæг «дæллаг фæндаг» цалцæг кæныны фæдыл дæр куыстытæм кæй æрæвналдзысты. Хъуыддаг уый ми-дæг ис æмæ ацы фæндаг бирæ цыбырдæр у архайæг фæндагæй. Ацы фæндаг цæуы Громы хъæумæ æмæ æртæ хатт цыбырдæр у республикæйы столицæмæ цæуынæн.

Æппæт ацы ныфсытæй стыр райгондæй баззадысты Цъинагары зонæйы цæрджытæ. Мах «Хурзæрин»-ы æмæ «Южная Осетия»-йы газетты журналисттæ сфæнд кодтам бынатмæ ацæуын æмæ нæхи цæстæй фенын Президенты фæдзæхстытæ куыд æххæст цæуынц.

Ныридæгæн фæндаг аразынмæ Громæй-Цъинагармæ æрæвнæлдтой Цхинвалы районы паддзхадон унитарон куыстуаты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад. Кæд æмæ раздæр цъинагайрæгты Громы онг хъуыд ацæуын 40 км, уæд ныр та фæндаг арæзт куы æрцæуа, уæд фæцыбырдæр уыдзæнис æртæ хатты, ома, ацы «дæллаг фæндагы» дæргъ уыдзæнис æрмæстдæр 15 км. Ацы фарст цъинагайрæгты рагæй тыхсын кодта. Уымæй размæ дæр æм иу æмæ дыууæ хатт нæ бавнæлдæуыд, фæлæ та-иу баззад æрдæг арæзтæй. Ныр фæндаджы иу хай сараздзæн Цхинвалы районы администраци, иннæ та Ленингоры район. Уым ныридæгæн куыстытæ сты сæ тæмæны. Ленингоры районы администрацийы хæдивæг Дриаты Гамлет нын куыд загъта, афтæмæй «Ацы фæндаджы сырæзтмæ рагæй бæллыдысты дыууæ район дæр. Ныр нæ бæллиц сæххæст! Мах бацархайдзыстæм, цæмæй бæстон саразæм фæндаг æмæ йыл ууылты æдæрс-гæ ацæуæн уа зымæгон бонты дæр», – зæгъы Дриаты Гамлет.

Мах ма бабæрæг кодтам ацы хъæуты электроны хæххытæ раивыны фæдыл цы куыстытæ арæзт цæуы, уыдон дæр.

Дыууæ къуырийы размæ паддзахадон-унитарон куыстуат «Энергоресурс  Южная Осетия» æрæвнæлдта Монастер, Абреу, Орчъосан, Цъинагар, Гдулет, Дзукъаты хъæуты электрон хæххытæ раивыны фæдыл куыстытæм. Цъинагары хъæуы «Энергоресурс»-ы кусæг Елойты Гурам нын куыд загъта, афтæмæй «Зæронд электроны хæххытæ æмæ цæ-джындзтæ æрцыдысты раууатмæ. Махæн хæсгонд у, цæмæй ацы азы кæронмæ раивæм æппæт электроадæттæн хæххытæ ацы хъæуты. Афтæ ма алы хæдзары дæр хъуамæ æвæрд æрцæуой электроэнерги нымайæн аппараттæ. Кæд нæ боныгъæдтæ нæ бакъуылымпы кæной, уæд æппæт куыстытæ дæр нæ зæрды фæуын ис ног азмæ. Цæрджытæ нæм хатынц, цæмæй хъæуы уынгты дæр саразæм электроны цырæгътæ», – загъта «Энергоресурс»-ы мастер.

Цъинагайрæгтæн ма тынг актуалон уыд сывæллæтты цæхæрадоны æрдæгкалд агъуысты фарст дæр. Уым дæр активонæй æххæст цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Арæзт дзы цæуы æрмæстдæр фыццаг уæладзыг. Объект финансгонд цæуы Ленингоры паддзахадон унитарон куыстуатæй, фæлæ кусджытæ та сты бынæттон цæрджытæ. Бригадæйы къухдариуæггæнæг Быценты Олег куыд загъта, афтæмæй «Ацы бæстыхайы уыдзысты нæ сывæллæттæ æмæ мах алцыдæр сараздзыстæм, цæмæй сын уа комфортон. Куыстытæ кæнæм гъæдджынæй, уымæн æмæ исты къуыхцытæ куы æрцæуа, уæд дзуапп раттын хъæудзæнис нæхи. Уагдон ифтонг уыдзæнис æппæт æнæмæнгхъæуæг инвента-рæй. Уыдон се ‘ппæт дæр ныридæгæн самал кодта Ленингоры администраци, куыддæр цалцæггæнæн куыстытæ фæуой, афтæ æвæрд æрцæудзысты. Мæйы æмгъуыдмæ фæ-уыдзысты æппæт куыстытæ дæр, хъуамæ сентябры æмбисмæ фæуыдаид уагдон арæзт, фæлæ бакъуылымпы стæм арæзтадон æрмæджытæй нæ афоныл кæй нæ сифтонг кодтой, уый тыххæй», – зæгъы ацы хъæуы цæрæг æмæ арæзтадон бригадæйы сæргълæууæг Быценты Олег.

Ацы сывæллæтты цæхæрадон арæзт æрцыд советон дуджы рæстæджы. Уæд сабидонмæ цыд 120 сывæллоны бæрц, ныр уым, хъыгагæн, ис æрмæстдæр 20 сабийы. Паддзахады сæргълæууæг йæ балцы рæстæджы цъинагайрæгтæн ныфс бавæрдта сывæллæтты цæхæрадон куы байгом уа, уæд Президенты фонды фæрæзтæй сывæллæтты хъазæн фæзуаттæн цы комплекттæ æлхæд æрцыд, уыдонæй иу лæвæрд кæй æрцæудзæнис ацы цæхæрадонæн. Ныр цъинагайрæгтæ стыр цины æнкъарæнтимæ æнхъæлмæ кæсынц уыцы лæвармæ.

Мах ма бацымыдис кодтам Цъинагары астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæн ног спортивон зал арæзт кæм хъуамæ æрцыдиад, уый уавæрмæ дæр.

Президенты амындмæ гæсгæ спортзалы фæдыл хъуамæ арæзт æрцыдаид проектон-сметæйон документаци æмæ арæзтады хæрдзты тыххæй, цæмæй ног ахуыры аз сывæллæттæн уыдаид физикон культурæйы архайыны бынат. Уæд Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Президентæн фехъусын кодта, зæгъгæ, скъолайы спортивон залы арæзтадæн ныридæгæн хицæн æрцыдысты финансон фæрæзтæ æртæ милуан сомы, ис дам, æмбæлон проектон-сметон документаци дæр, кæцымæ гæсгæ зал арæзт æрцæудзæн, афтæхуыйнæг тагъд арæзтцæуæг «рог конструкцитæй».

Ныртæккæ уым æрмæстдæр сыгъдæг æрцыд фæзуат спортивон арæзтадæн…

Ам ма нын куыд загътой, афтæмæй 2017 азы Орчъосаны арæзт æрцæудзæнис иумæйаг ахуыргæнæн уырыссаг скъола, кæцыйы ахуыр кæндзæнис 70 ахуыргæнинаджы. Уыцы иу агъуысты бын уыдзæнис сывæллæтты цæхæрадон дæр. Уагдон ифтонг уыдзæнис æп-пæт инвентарæй дæр. Уымæй дарддæр ма ам архайдзæн автобус дæр, кæцы ласдзæнис дæрддзæф рæттæй сабиты. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы скъола арæзт кæй цæудзæнис Инвестицон программæйы фæлгæтты.

Цъинагары цæрджытæ бахатыдысты махмæ, цæмæй нæ газеты фæрцы бузныг зæгъæм паддзахады сæргълæууæгæн сæ проблемæтæм йæ хъусдарды æмæ архайдтыты тыххæй, кæцы республикæйы къухдариуæгад аразы цæрджыты цардуагон уавæрты æмвæзад фæ-бæрзонддæр кæныны тыххæй. Уæлдай бузныджы ныхæстæ загътой ног донæмбырд-гæнæны арæзтады тыххæй, кæцы эксплуатацимæ лæаæрд æрцыд 2014 азы.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.