Абон уæ базонгæ кæндзынæн, ныр бирæ азты дæргъы нæ республикæйы ахуырады къабазы рæзгæ фæлтæримæ æвæллайгæ куыст чи кæны æмæ йæ хæрзиуæгон æмæ хъæуæг архайдæй æхцондзинад чи исы, уыцы диссаджы хæларзæрдæ сылгоймагимæ. Ирон фарнæй хайджын сылгоймаг ныр 38 азы дæргъы мингай ахуырдзаутæн ссис фæндагамонæг стъалыйы хуызæн æмæ сæ йæ фæстæ кæны вазыгджын, фæлæ цымыдисон æмæ ирд фæндагыл.

Джиоты Эльзæ Герсаны чызг райгуырд горæт Цхинвалы интеллигентон бинонты ‘хсæн. Йæ мад Дыгъуызты Варя бирæ азты дæргъы фæкуыста райдиан кълæсты ахуыргæнæгæй нырма Ленингоры районы, уый фæстæ та – Цхинвалы районы Ксуисы хъæуы скъолайы. Йæ фыд Герсан та уыд ревизор. 1975 азы æнтыстджынæй каст фæцис нæ горæты 3-æм астæуккаг скъола. Ахуыры æмрæнхъ архайдта спорты дæр. Уыд волейболæй Хуссар Ирыстоны автономон областы æмбырдгонд командæйы уæнг. Командæ зынгæ тренер Тыбылты Таймуразы къухдариуæгады бын арæх хайад иста Советон Гуырдзыстоны чемпионатты æмæ-иу алыхатт дæр бацахстой призон бынæттæ. Хуссарирыстойнаг командæ нымад цыд республикæйы хуыздæр командæтæй сæ иуыл. Чемпионатты хайад райсынмæ-иу куы цыдысты, уæд-иу сæ Тыбылы фырт бафæдзæхста, цæмæй ирон адæймаджы ном бæрзонд хæссой, йæ кад ын дæлæмæ макуы æруадзой.

Скъола каст фæуыны фæстæ æвзонг чызг фæнд кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты физкультурæйы факультетмæ бацæуын, фæлæ йын йæ мад  йæ равзаргæ професси хорзыл нæ банымадта, иннæмæй та йæ  æндæр горæтмæ нæ ауагъта. Бафæндыд æй, цæмæй йæ хъæбул дæр ацыдаид йæ равзаргæ фæндагыл, ома суыдаид райдиан кълæсты ахуыргæнæг. Æмæ Эльзæ дæр йæ документтæ радта ХИПИ-йы райдиан ахуырады пе-дагогикæ æмæ методикæйы факультетмæ. Студент уæвгæйæ дæр, ахуыры æмрæнхъ архайдта спорты, кодта æхсæнадон куыст дæр. Нымад цыд тынг хорз студентыл. 1980 азы институт каст фæцис æнтыст-джынæй, райста райдиан кълæсты ахуыргæнæ-джы дæсныйад. Фæлæ йæ дæсныйадыл куыст не ссардта. 1983 азы йæ Цхинвалы райæххæсткомы ахуырады хайады хистæр Джиоты Уырызмæг Дменисы хъæумæ арвыста физкультурæйы ахуыргæнæгæй, цыран уæд директорæй куыста Æлборты Вася. «Ахуырадон уагдоны уыд тынг æнгом коллектив. Æлборы фырт уыд арæхстджын къухдариуæггæнæг. Тынг хорз мæ райстой. Абон дæр мын ацы хъæуы цæрджытимæ ис хорз ахастытæ. Фæлæ уæдмæ райдыдта гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд æмæ фæндæгтыл ацæуæнтæ нал гуырдзиаг неформалтæ дзы кæй слæууыдысты, уымæ гæсгæ. Иу хатт та нын радон хатт нæ автобус баурæдтой æмæ æрхизын кодтой Æлборты Васяйы, кæцыйæн йæ лæппу уыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæй иу æмæ уый тыххæй гуырдзиæгтæ зыдтой. Сымах, зæгъ, ацæут уæ фæндагыл, фæлæ, дам, ацы лæг хъуамæ баззайа ам. Мах иууылдæр рахызтыстæм автобусæй æмæ сын фидарæй загътам æнæ Вася ардыгæй кæй нæ ацæудзыстæм, уый тыххæй. Мæхæдæг бауадтæн неформалты хистæр кæй хуыдтой, уымæ. Уый кæд разынд Ереды хъæуы астæуккаг скъолайы физкультурæйы ахуыргæнæг. Алыгъуызон ерысты-иу кæй амбæлдыстæм, уымæ гæсгæ мæ уый дæр базыдта. Бирæ радзур-бадзуры фæстæ йæ рауадзын кодтам. Æмæ цал æмæ цал ахæм цауы уыд», – загъта Джиоты чызг.

1991 азы Эльзæйы бахъуыд Дменисы скъолайы йæ куыст ныууадзын гуырдзиæгты аххосæй. Уыцы азы кусын райдыдта нæ горæты 7-æм астæуккаг скъолайы физкультурæйы ахуыргæнæгæй. Уыцыиу рæстæджы бацыд ХИПИ-йы физикон культурæйы факультетмæ æмæ афтæмæй сæххæст йæ раздæ-ры бæллиц. Куыста ма тренерæй нæ горæты спорт-скъолайы дæр. 1992 азы Хуссар Ирыстоны уавæр фæкарздæр, гуырдзиаг тыхæйисджытæ æхстой го-рæт æмæ бахъуыд сывæллæтты эвакуаци скæнын. Ацы акцийы Эльзæ райста активон хайад. Сывæл-лæттимæ  ацыд Налцыккмæ куыд ахуыргæнæг, афтæ. Йемæ ма уыдысты йæ  дыууæ æнахъом сывæллоны дæр. Дзаумæ цæугæйæ, сын гуырдзы æхстой сæ уæзласæн машинæтæ. «Æз сывæллæттæй цалдæрæн сæ сæртæ мæ хъæбысы æрбакодтон, зæгъын, нæмгуытæ сæ сæртыл ма сæмбæлой, афтæмæй куыддæрты бахæццæ стæм Дзаумæ. Æхсæвы уым баззадыстæм æмæ нæ дыккаг бон автобустыл аластой Налцыккмæ. Къорды уыд 500 сывæллонæй фылдæр, йæ хистæр уыд Гуыцмæзты Иринæ», – йæ зæрдыл æрлæууыд Джиоты чызгæн.

1992 азы Эльзæйæн трагиконæй фæмард йæ цардæмбал Хаханов Лев, кæцы куыста стадионы æмæ баззад дыууæ æнахъом сидзæримæ. Фæлæ йæм разæй æнхъæлмæ каст ноджы стыр-дæр цæф… Йæ чызг Жаклин куыста РХИ-йы Фæ-сивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты. 2007 азы октябры райдианы уый хуссарирыстойнаг делегациимæ ацыд Абхазмæ республикæйы бæрæгбонмæ, фæлæ…  5-æм октябры (ахуыргæнæджы боны) Жаклин 24-аздыдæй трагиконæй фæмард Абхазы зæххыл, ныццавта йæ машинæ, кæцыйыл бадт хæрзæвзонг лæппу. Баззад ын æнахъом чызг Гогинашвили Тамара, кæцыйы хъомыл кæны Эльзæ. Чызг ахуыр кæны гимназ «Альбион»-ы, у цæвиттойнаг ахуырдзау, ахуыр кæны тынг хорз, æдзух хайад фæисы олимпиадæты. «5-æм октябрь – ахуыргæнæджы бон мæнæн у, хъыджы бон дæр æмæ нысаниуæгджын бон дæр. Уыцы бон уæлдай тынгдæр фæриссы мæ зæрдæйы хъæдгом. Мæ трагедийы фæстæ куыстмæ дæр нал цыдтæн, фæлæ мæ 2007 азы ноябры РХИ-йы Ахуырады æмæ зонады уæды министр Джиоты Аллæ кусынмæ фæхуыдта ацы министрады хъомылады æмæ уæлæмхас ахуырады хайады хистæрæй. Ам дæр мæ коллектив райста тынг хорз. Аллæ мæ разæй бавзæрста хъæбулы маст æмæ йæ зыдта, уый цы дудгæбон у, уый. Уымæ гæсгæ бацархадйта  куыстыл мæ бафтауыныл æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Хайады ис тынг бирæ куыст æмæ-иу афтæмæй мæ уæззау хъуыдытæй фæиппæрд дæн. Стыр бузныг дæн Аллæйæ», – радзырдта мын Джиоты чызг.

Æцæгæйдæр, Джиоты Эльзæ кæны гуырахстджын куыст. Йæ хайадмæ хауы скъоладзауты монон-хæрзæгъдаудзинадыл хъомыл кæнын, скъоладзауты æмæ фæсивæды социалон активондзинады рæзты нысанæн ахуырадон уагдæтты, клубты, сывæллæтты-æвзæнгты баиугæндты, фæсивæдон организацитæн æххуыс кæнын æмæ дарддæры рæзтыл кусын;  скъоладзауты æрдз æмæ алфæмбылай дунейыл аудыныл ахуыр кæнын, уыцы нымæцы сыгъдæг бынæтты, суадæтты зонæты экологон акцитæ организаци кæнын; Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы æмæ Уæлахизы боны цытæн акцитæ æмæ мадзæлттæ организаци кæнын; Сывæллæтты хъахъхъæныны, Ацæргæ адæймаджы æмæ Мады бонты сæраппонд  хæрзаудæн акцитæ «Доброта спасет мир» сорганизаци кæнын æмæ ауадзын; æфсæддон-спортивон хъæзтытæ «Зарница» æмæ «Снежные барсы» сорганизаци кæнын æмæ ауадзын; ахуырадон уагдæтты ‘хсæн Нарты кадджытæ æмæ ирон фысджыты уацмыстæм гæсгæ нывты конкурс-равдыстытæ сорганизаци кæнын æмæ бирæ æндæр программæтæ. Зæгъæн ис афтæ æмæ йын иуран æрбадт бынтондæр кæй нæй, æппынæдзух ис змæлды æмæ царды гуылфæнты.

«Ныртæккæ скъолаты уадзæм ныййарджыты иумийаг æмбырдтæ. Немæ вæййынц Мидхъуыддæгты, Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадты минæвæрттæ, Парламенты депутаттæ. Æмбырдты нысан у, цæмæй ныййарджытæ æмæ скъола æмгуыст кæной скъоладзауты хъомыладыл. Сывæллон уынджы ма хъуамæ уа, йæ сæрибар рæстæджы хъуамæ архайа спортæй, цæуа алыгъуызон кружоктæм. Ацæуæм районты скъолатæм дæр, цыран ис Сывæллæтты сфæлдыстады хæдзæрттæ æмæ сын бабæрæг кæнæм сæ архайд. Ауадзæм хоры коллективты, национ кафты республикон фестивалтæ. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ мах фæстæмæ кæй сæндидзын кодтам скъолаты хоры коллективты», – загъта Джиоты Эльзæ.

Æрвылсæрд дæр республикæйы скъоладзаутæн арæзт æрцæуынц сæрдыгон лагертæ горæт Цхинвалы æмæ Дзауы скъола-интернатты, Гуфтайы астæуккаг скъолайы, горæт  Къуайсайы. Лагертæ саразыныл дæр уæхскуæзæй бакусы Эльзæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Инвестпрограммæйы фæлгæтты 2021 азы Дзауы комы арæзт æрцæудзæн лагеры сæрмагонд бæстыхай æмæ сын уæд бирæ фенцондæр уыдзæн. Лагертæ сорганизаци кæныныл бирæ кусын æмæ тыхтæ бахъæуы. Афтæ ма республикæйæн æддæмæ, стæй Кремлы наз бæласмæ сидзæрты, бирæсывæллонджын бинонты сывæллæтты, хорз чи ахуыр кæны, уыцы ахуырдзауты  улæфынмæ арвитыныл дæр  бакусы Джиоты чызг. 2008 азы августы хæсты размæ дæр скъоладзаутæн цатыртæй лагертæ сарæзтой Кърозы, Хуыцъейы скъолайы.

«Цæрын республикон рынчындонмæ æввахс. Августы хæст куы райдыдта, уæд фехъуыстам рынчындонмæ цæфтæ кæй æрбаластой, уый тыххæй. Мах нæ сыхæгтимæ алыгъдыстæм уырдæм, цæмæй базыдтаиккам исты æххуыс сæ хъæуы, уый. Рынчындонмæ æввахс магазины уый размæ æрæвæрдтон  дыууæ голладжы картофтæ, хъуамæ сæ аластаин лагермæ, фæлæ уæдмæ хæст райдыдта. Сфыхтам дзы иу стыр аджы æмæ сæ бахастам рынчындонмæ цæфтæн. Абоны онг дæр мæ цæстыты раз баззад цæфтæй иу æвзонг  лæппу, кæцыйæн йæ дзыхæй ныхас дæр нæ хаудта. Куыд базыдтам, уымæ гæсгæ, уый уыд дзауаг лæппу Джиоты Роин. Лæппу йæ хæстон æмбæлттимæ лæууыд Тъбеты хъæуы цур æмæ йын гуырдзиæгтæ йе ‘мбæлттæй амардтой цалдæры, йæхæдæг та уæззау цæфтæ фæцис. Кæд 11 азы рацыд, уæддæр лæппуйы тыхст уавæр арæх æрлæууы мæ зæрдыл. Февралы мæйы Фыдыбæстæ хъахъ-хъæнæджы боны цытæн Дзауы Сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары ауагътам Æхсардзинады урок, кæцымæ фæхонын кодтон Джиоты Роины дæр», – загъта уый.

Эльзæ кæм куыста, уыцы скъолаты уыд сывæллæтты уарзон ахуыргæнæг æмæ коллективы уарзон æмкусæг. Абоны онг дæр æм дарынц кады ахаст. Хæларзæрдæ сылгоймаг йе стыр трагедийы фæстæ дæр нæ фесæфта йæ адæймагон миниуджытæ, баззад зæрдæхæларæй æмæ æцæг стыр адæймагæй. «Чизоны уæ нæ бауырна, фæлæ мын мæ хъæбулы чи амардта, уыцы хæрзæвзонг 14-аздзыд лæппуйы дæр никуы фелгъыстон», – фæзæгъы зæрдæрыст мад.

Джиоты Эльзæйы бирæ азты дæргъы цæсгомджын æмæ æвæллайгæ куыстæн саргъ кодта республикæйы къухдариуæгад. 2019 азы йын Ахуыргæнæджы бонмæ  саккаг кодтой «РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг»-ы кадджын ном. Уый размæ та йын лæвæрд æрцыд «РХИ-йы иумиаг ахуырады кадджын кусæг»-ы ном, хорзæхджын ма у паддзахадон æндæр хор-зæхтæй дæр.

 «Стыр бузныг зæгъын Эльзæ Герсаны чызгæн фæсивæдимæ йæ æнувыд куысты тыххæй. Ацы диссаджы сылгоймаджы фæрцы нæ фæсивæд алыгъуызон мадзæлттæм ацæуынц Уæрæсейы бирæ горæттæм. Рæзгæ фæлтæримæ Эльзæйы хуызæн специалисттæ хъуамæ кусой. Уарзы сæ æмæ йын йæхи дæр уарзынц. Хуызæй куыд зæрдæмæдзæугæ у, афтæ зæрдæмæдзæугæ сты йæ хъуыддæгтæ иууылдæр. Йæ куыстмæ йын фау æрхæссæн нæй. Ахæм адæймæгтыл арæх нæ сæмбæлæм. Мæ цæст ын уарзы фидар æнæниздзинад æмæ дарддæры æнтыстытæ йæ бæрнон архайды», – банысан кодта РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали.

«Эльзæ Герсаны чызг у тынг хорз адæймаг æмæ иттæг хорз къухдариуæггæнæг, йæ хъуыддаджы æцæг дæсны. Махæн, кæстæр фæлтæрæн ал-цæмæйдæр у цæвиттойнаг. Йе ‘ххуыс нæ куы бахъæуы, уæд уайтагъд нæ фарсмæ æрбалæууы», – загъта мын хъомылады æмæ уæлæмхас ахуырады хайады сæйраг специалист Гæджиты Аннæ.

Эльзæйы лæппу Хаханов Цицерон каст фæцис ХИПУ-йы юридикон факультет, уый фæстæ та – Мæскуыйы УФ-йы Президенты цур паддзахадон службæгæнæджы академи. Активон хайад иста Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад бахъахъхъæныны сæрыл тохы, лæууыд иннæ лæппутимæ постыты. Кусы РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады юридикон фарстыты фæдыл уынаффæгæнæ-гæй. Ис ын цардæмбал æмæ дыууæ хъæбулы. Эльзæйы удлæууæн сты йæ хъæбул Цицерон, æмæ йæ хъæбулты хъæбултæ æмæ сæ хурæй æфсæт уæд. Арфæ йын кæнæм Сылгоймæгты дунеон боны сæраппонд.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.