Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы цæрджытæн сæ 90 проценты Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæ кæй сты, Уæрæсе алыхатт дæр бахъуыды рæстæджы ирон адæмы фарсмæ кæй вæййы, уымæ гæсгæ Уæрæсейы бон æрвылаз дæр уæрæхæй банысан кæнынц не ‘взонг паддзахады дæр. Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ дæр Уæрæсейы бон нымайынц сæхи бæрæгбоныл. Махмæ дæр æцæг бæрæгбон кæй уыд, уый æнкъардæуыд Театралон фæзуаты Уæрæсейы бирæнымæц тырысатæй, адæмы зæрдæйыравгæй æмæ хъæлдзæг музыкæйы зæлтæм хъусгæйæ.

12-æм июны нæ горæты, Хетæгкаты Къостайы цырты цур, уагъд æрцыд диссаджы цымыдисон мадзал «Æфсымæрдзинад æнустæм», зæгъгæ. Мадзал сорганизаци кодта РХИ-Паддзахад Аланийы Культурæйы министрады Адæмон сфæлдыстады республикон центр Гуыцмæзты Эльзæйы сæргълæудæй. Мадзалмæ æрбацыдысты РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Культурæйы министр Зассеты Жаннæ, йæ хæдивæг Дзеранты Джульеттæ, интеллигенцийы минæвæрттæ, нæ горæты цæрджытæ.

Мадзалы фæлгæтты Хетæгкаты Къостайы цырты асинтыл æмæ йæ цуры равæрд æрцыд нывты равдыст. Уым æвæрд æрцыдысты 2014-2017 азты Цхинвалы уагъдцæуæг фотоконкурсы хайадисджыты хуыздæр нывтæ. Нывты тематикæ уыд – пейзаж, фаунæ, флорæ, портрет, горæты нывтæ, жанрон сценæтæ æмæ æндæртæ. Сæ автортæ уыдысты Гæбæраты Н., Цоциты И., Габаты В., Тыбылты В., Къæбулты А., Пухаты Е., Мæргъиты И., Тъехты А., æмæ æндæртæ. Ацы нывты ‘хсæн ма фенæн уыд рагон нывтæн, цыран уыдысты Абайты Васо, йæ цардæмбал Цхуырбаты Ксения æмæ Ирыстоны ин-теллигенцийы зынгæ минæвæрттæ. Адæмон сфæлдыстады республикон центры директор Гуыцмæзты Эльзæ нын куыд загъта, уымæ гæсгæ нывты конкурс уагъд цæудзæн дарддæр дæр. Конкурсы хайад райсыны бар ис профессионалон нывисджытæн нæ, фæлæ нывтæ исын чи уарзы, æппæт уыдонæн, куыд сывæллæттæн, афтæ хистæр кары адæймæгтæн дæр. Конкурсы фæлгæтты нывтæ ист цæудзысты ацы аз 20-æм августмæ.

Конкурсы жюрийы уæнгтæ хуыздæрыл цы нывтæ банымайой, уыдон равдысты хуызы æвæрд æрцæудзысты 20-æм сентябры – Республикæйы боны. Афтæ ма призон бынæттæ чи бацахса, уыдон хорзæхджын æрцæудзысты зæрдылдарæн лæвæрттæй.

Цалынмæ мадзалы официалон хай нæ райдыдта, уæдмæ уал сывæллæттæн уагъд æрцыдысты конкурстæ хъæзтыты алыгъуызон хуызтæй куыд, зæгъæм, «Лæгты дугъты хъазт», «Порти хæссынæй хъазт», «Къæбæлтæй хæцы-нæй хъазт», «Сынæгæй хъазт» æмæ æндæртæй.

Æрæмбырдуæвджыты размæ рахызтысты мадзаламонджытæ – Адæмон сфæлдыстады республикон центры информацион-аналитикон æмæ культурон архайды фæдыл хайады методист Къæбысты Заринæ æмæ Хуссар Ирыстоны педагогон университеты студент Уалыты Александр.

Уыдон зæрдæбын арфæтæ ракодтой æрæмбырдуæвджытæн æмæ банысан кодтой, зæгъгæ, Уæрæсейы боны бæрæгбон махæн дæр у нæ бæрæгбон. Уымæн æмæ мах дæр нæхи уæрæсейæгтыл нымайæм. Стæй дæр 2008 азы августы хæсты рæстæджы скъуыддзаг цыд Хуссар Ирыстоны хъысмæт æмæ Уæрæсе ацы фарст аскъуыддзаг кодта мах пайдайæн. 2008 азы 26-æм августæй фæс-тæмæ та стæм хæдбар паддзахад. Уæрæсейаг æфсæддонтæй бирæтæ сæ сæртæ нывондæн æрхастой Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады сæраппонд, раст афтæ бирæ  фæмард ирæттæй дæр Советон Цæдисы сæрвæлтау Стыр Фы-дыбæстæйон хæсты рæстæджы дæр.

Уый фæстæ гимнази «Альбион»-ы 4-æм къласы ахуыргæнинаг Зассеты Максим тынг хорз бакаст йæ фыд Зассеты Мерабы фыст æмдзæвгæ «О России». Уый ма сæххæст кодта зарæг «На горе, на горушке» дæр. Максимæн 12-æм июны  Уæрæсейы боны йæ райгуырæн бон кæй у, уый фæдыл ын мадзалы организатортæ  загътой царды иууыл хуыздæр фæндиæгтæ, бакодтой йын зæрдылдарæн лæвæрттæ дæр.

Æрæмбырдуæвджыты раз сæ арæхстдзинад равдыстой Уæрæсейы минæвæрттæ  фыд æмæ фырт Дмитри æмæ Андрей Ананиевтæ. Уыдон сæххæст кодтой дыууæ зарæджы. Уый фæстæ мадзламонджытæ æрæмбырдуæвджыты фæхуыдтой дунейы иууыл рæсугъддæр кæфтытæй сæ иу, ирон хореографийы визитон карточкæ «Симд» сæххæст кæнынмæ. «Стыр французаг балетмейстер Серж Лифарь куыд дзырдта, уымæ гæсгæ ирон адæмы бæрзонд культурæ сбæрæггæнæн ис, æрмæст ацы кафтæй дæр. Кæсæг-балхъайраг адæмон поэт Кайсын Кулиев та фыста, зæгъгæ, ирон адæм æрмæстдæр «Симд» куы сфæлдыстаиккой, уæддæр нымад уыдаиккой стыр нацийыл», – дзырдта мадзаламонæг. «Симд»-ы фæстæ та æрæмбырдуæвджытæ æмткæй сæххæст кодтой «Хæххон кафт». Ацы кафт куыд æххæст кæнын хъæуы, уый тыххæй сывæллæттæн мастер-кълас дæр ауагъта центры адæмон хореографийы фæдыл методист Тедеты Ацæмæз. Сæххæст ма кодтой «Хонгæ кафт» æмæ «Ерысы кафт» дæр. Нæ фыдæлтæм куыд уыд, афтæ ам дæр кæфтыты рæстæджы архайдта чегъре. Уый сын амыдта кæфтыты хайадисджытæ цы хъуамæ аразой, уый. Фæндыр æмæ гуымсæгыл цагътой Къæбысты Сæрмæт æмæ Дудайты Сослан.

Æрæмбырдуæвджыты раз йæ арæхстдзинад равдыста Знауыры районы Гъаристауы хъæуккаг Сиукъаты Анзор. Уый сæххæст кодта зарæг «Æнусон бæллиц», цыран æвдыст æрцыд Ирыстоны цæрджыты уарзондзинад Стыр Уæрæсемæ. Зарæджы тексты æмæ музыкæйы автор у йæхæдæг Сиукъайы фырт.  Фæсивæды хистæр карæн та уагъд æрцыд «Ус курынтæй хъазт». Мадзаламонæг загъта: «Ацы хъазт нæм фæкаст актуалон, уымæн æмæ нæ фæсивæд сæ сæрибар рæстæг фылдæр æрвитынц компьютеры кæнæ телевизоры раз. Раздæр та æвзонг адæймæгтæ зонгæ кодтой адæмон кæфтыты æмæ хъæзтыты рæстæджы, кæцы сын ахъаз кодта бинонтæ саразынæн. Мах дæр ныфс ис, нæ мадзæлтты руаджы кæй зонгæ кæндзысты æвзонг адæймæгтæ, уымæй». Уæлдай цымыдисондæр рауад «Ус курынтæй хъазт».

Уæрæсейы боны цытæн бæрæгбонон мадзалы рæзгæ фæлтæр стыр æхцондзинад кæй райстой, уый зынд сæ худгæ рæсугъд цæсгæмттыл. Стæй дæр конкурсы хайадисджытæй алкæйы дæр ма-дзалы организатортæ схорзæхджын кодтой зæрдылдарæн лæвæрттæй.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ ахæм хорз мадзæлттæ хорзæрдæм кæй æндавынц фæсивæды монон, хæр-зæгъдаудзинады хъомыладыл. Ахæм мадзæлтты руаджы рæзгæ фæлтæр зонгæ кæнынц нæ фыдæлты æгъдæуттæ æмæ традицитимæ. Стыр бузныг зæгъын æмбæлы Адæмон сфæлдыстады республикон центры кусджытæн сæ директор Гуыцмæзты Эльзæйы сæргълæудæй ахæм хорз мадзал кæй сорганизаци кодтой, уый тыххæй.

Джиоты Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.