Тынг хорз сæхи равдыстой хуссарирыстойнаг æвзонг спортсментæ уæззау атлетикæйæ РЦИ-Аланийы чемпионаты. 17 азы онг кæуыл цæуы, уыцы штангистты ‘хсæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд Кæсæбиты Майрæмæн. Уый нырма фыццаг бынат бацахста 81 кг уæзы категорийы. Афтæ ма фæуæлахиз чемпионаты абсолютон уæзы категорийы дæр. Уый равдыста 270 кг бæрæггæнæн (120+150). Афтæмæй 5 кг фылдæр систа спорты дæсныйы нормативæй.

15 азы онг кæуыл цыд, уыцы спортсменты ‘хсæн ерысты та 55 кг уæзы категорийы чемпионаты уæлахиздзау ссис Багаты Александр. Уый равдыста 140 кг бæрæггæнæн (63+77). Хуссар Ирыстоны командæйы минæвæрттæй æртыккаг сыгъзæрин майдан та рамбылдта Багаты Давид. Уый иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (+102 кг) архайгæйæ, дыууæ истæн скодта 140 кг (60+80). Ерысты 96 кг уæзы категорийы та дыккаг ссис Багаты Георги, кæцы дыууæ истæн скодта 142 кг (60+82). Спортсменты тренертæ сты Кæсæбиты Инал, Александр æмæ Эдуард.

Ерысты ма Хуссар Ирыстоны минæвæрттæй æртыккаг бынат та бацахста Пæррæстаты Хасан. Уый архайдта 61 кг уæзы категорийы. Дыууæ истæн систа 130 кг (55+75). Йæ тренер  у Пæррæстаты Андрей.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Стъараполы уагъд цыдысты æхсæнрегионалон ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты хайад райстой хуссарирыстойнаг æвзонг богалтæ дæр. Нæ республикæйы спортивон кад хъахъхъæдтой дыууæ спортивон скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Республикон комплексон спортивон скъолайы минæвæрттæй бронзæйон призертæ систы Багаты Аслан, Хуыбылты Тимур æмæ Плиты Ацæмæз. Сæ тренертæ сты Хъесаты Петр æмæ Багаты Вадим. Хъесаты Петр куыд банысан кодта, афтæмæй сын ерыстæм ацæуынæн баххуыс кодта паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли.

Турниры хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой Уæлдæр спортивон дæсныйады скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Ерысты уæлахиздзау ссис Быценты Хетæг, дыккæгтæ систы Бекъойты Валери æмæ Тедеты Руслан. Æртыккаг бынæттæ та бацахстой Пухаты Марат, Пухаты Алан, Гасситы Алан æмæ Чилæхсаты Ибрагим. Уыдонæн та сæ тренертæ  сты Гæджиты Артур, Джиголаты Андрей  æмæ Гæззаты Алан.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.