Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад Пухаты Мерабы сæргълæудæй хайад райстой ногазон хæрзаудæн акци «Бæллицты фонтан»-ы. Ацы дисаджы мадзал ныр цалдæр азы дæргъы бацæттæ кæны ПТРК «Ир» æмæ дзы фыстæджытæ та ныффыссынц Цхинвал æмæ Дзауы скъола-интернатты, æмæ ма Ленингоры сывæллæтты хæдзары ахуырдзаутæ. Стæй ма нæ республикæйы сахъатджын сывæллæттæн дæр фадат вæййы ам фыстæг ныууадзынæн.

 

Уазджытæ хызæй систой чысыл наутæ, кæцыты æвæрд сты фыстæджытæ Митын Дадамæ сæ бæллицаг лæвæртты нæмттимæ. Фыццаг уал систа чысыл нау Пухаты Мераб æмæ йæм æрхаудта Цхинвалы скъола-интернаты ахуырдзау Джиоты Хетæджы фыстæг. Хетæг Митын Дадайæ куырдта спортивон уæлæдарæс. Мераб ма систа дыккаг нау дæр æмæ уым та уыд 13-аздзыд Бикойты Светланæйы фыстæг. Уый та бæллыд кроссовкæтæ æмæ спортивон уæлæдарæсмæ.

«Хетæг æмæ Светланæ æнæмæнгæй райсдзысты сæ лæвæрдтæ Ног азмæ. Уадз æмæ нæ сывæллæттæ рæзой æнæнизæй, амондджынæй æмæ-иу алыхатт дæр сæ бæллицтæ æххæст кæ-нæд. Стыр бузныг, ацы рæзугъд проект чи æрымысыд, нæ чысыл хуртæн ахæм циндзинад чи лæвар кæны, æппæт уыцы адæмæн», – загъта Пухаты Мераб.

Иннæтæн дæр сæ фыстæджыты уыдис алыгъуызон лæвæрттæ фыст – уæлæдарæс, дзабыртæ, хъазæнтæ, гаджеттæ. Фæлæ ма се ‘хсæн уыд иу æнахуыр фыстæг – Дзауы скъола-интернаты 11-æм къласы ахуыргæнинаг Гаглойты Владик йæ фыстæджы куырдта, цæмæй Ленингоры сывæллæтты хæдзарæн балхæной 50 килограммы конфеттæ.

«Владик тынг уæздан ми бакодта – йæхицæн нæ, фæлæ æндæртæн бауарзта йæ цæст лæвар бакæнын. Бæдæйнаг лæппу у. Мах рохуаты нæ ныууадз-дзыстæм Владикы дæр, конфеттæ та фæххæццæ уыдзысты сывæллæттæм», – банысан кодта Миддхъуыддæгты министры хæдивæг Дзабиты Æхсар.

Сиукъаты Данæ та бæллы фотограф суæвынмæ, æмæ йæ фыстæджы ныффыста, цæмæй йын Митын Дада балæвар кæна къамисæн. Штабы хистæры хæдивæг Гасситы Владимир баныфс æвæрдта, зæгъгæ Данæйæн Ног азмæ уыдзæн ног къамисæн æмæ рæсугъд нывтæ сисдзæнис бæрæгбонты.

«Бæллицты фонтан»-ы автор Хъуылымбегты Еленæ бузныджы ныхæстæ загъта уазджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ милицийы къухдариуæгад алыхатт дæр активон хайад райсы ацы проекты.

Джиоты Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.