Уæздандзинады æууæлтæ алы адæмтæм дæр ис, фæлæ сæ алкæмæн дæр, йæ историон равзæрдмæ гæсгæ, уæздандзинады мидисæн ис хицæн бæрæггæнæнтæ. Ирон адæмы царды уæздандзинад ахсы стыр æмæ ахсджиаг бынат: у ирон адæймаджы удварны бындур, куырыхондзинад æмæ лæгдзинады бæрцбарæн. Ирон уæздандзинады сæйраг бæрæггæнæнтæ сты: хиуылхæцындзинад, зæрдæхæлардзинад, рæстдзинад æмæ сæрыстырдзинад, райгуырæн бæстæ æмæ иубæстон адæмыл æнувыддзинад.

Сæр сæрмæ хæссын ирон уæздан лæгæн у кады хос. Æнæ уымæй ирон æрдхæрæны удварны хæзнатæн царды уæвæн нæй. Уæздандзинад у царды æгъдау, уаг æмæ æфсармы бæрзонддæр къæпхæн, адæймаджы цæрæгойтæй   чи хицæн кæны, уыцы миниуджытæй сæ иу.

Уæздандзинад нæ фыдæлтæм нымад уыди адæймаджы æмæ æхсæнады цардыуаджы ахсджиагдæр æмæ сæйрагдæрыл, уымæн æмæ фидар кодта адæмы æхсæн ахастдзинæдтæ – æгъдау æмæ фæтк. Адæмы уырныдта, сæ рагфыдæлтæ æгъдау дзæгъæлы кæй нæ хъахъхъæдтой, фæтк цы нæ уыд, уый нæ кодтой. Фæлæ уæздандзинады фæрцы ирон адæмы уырнындзинадмæ фанатизм, иннæ динтау, æмхиц нæ уыд. Уый фæрцы Иры дзыллæ удыхъæдæй уыдысты сыгъдæг æмæ райдзаст. Кæд бирæ хатт, уæздандзинадыл дзургæйæ, ирæттæ фæзæгъынц «уый адæймагæн йæ туджы ис», уæддæр уый бынтон раст нæу. Æнæмæнгæй, фыдæлты гентæ адæймаджы удварны рæзтæн ахъаз сты. Фæлæ æнæмæнг у уый дæр, æмæ фыццаджыдæр адæймагæн йæ зондахасты, йæ удыхъæды уæздандзинады æвзартæ ныййарджытæ сзайын кæнынц, уыдон ын бавæрынц-бауадзынц йæ зондахасты æфсарм æмæ зæрдæхæлардзинады æнкъарæнтæ. Æрмæст бинонты зæрдæбынæй куы уырна, ирондзинад сæ кæстæртæн царды ныфс кæй дæтты, уый.

Хъыгагæн, ныры дуджы, адæймаг исы бирæ алыгъуызон информаци, æмæ нын дзы пайда кæнæ зиан цы хæссы, уый равзарын хатт вæййы тынг зын. Фылдæр ног технологитимæ архайынц нæ фæсивæд. Йæ удварн лæмæгъ кæмæн у нырма, уый, чи зоны, йæ цыбыр зондæй рæдыдæй скæрддзæн: «уæздан-дзинæдтæ-йедтæ» фæстæзад адæймаджы æууæлтæ сты. Ома сæ нал фæуырны, сæ фыдæлты æгъдау æмæ фæтк, уыдоны дунеæмбарынад «ныры царды домæнтæм» гæсгæ ахсджиаг сты, уый. Афтæмæй та уыцы «ныры царды домæнтæ» фылдæр хатт мæнг сты, уымæн æмæ архайынц иннæ адæмты удварны хæзнатæ фехалыныл.

Раздæр-иу иу иннæйы куы бафарста: «Куыд дæ?», уæд-иу уæзданæй дзуапп радта: «Бузныг. Хуыцауы фæрцы дзæбæх дæн». Ныр уайтагъд фæцæттæ вæййы: «Æхцайы фæрцы». Æхца сси адæмæн сæ хуыцау». Абон иронæй цæрын æнцон нæу: дуджы мондаггæнæг сырдон æууæлты цур ирон æгъдау, фарн, намыс кæронмæ хæссын зын у.

Хистæр фæлтæр фылдæр ирон æгъдæутты фарс сты. Уæдæ æндæр адæмты æхсæн дæр нæхи дарын зонæм. Уымæн æмæ æппæт адæмтæн иумæйаг чи сты, уыцы уæздандзинады бæрæггæнæнтæ дæр нæм ис. Фæлæ уæздан митæ адæмы цæстмæ чи кæны, ахæмтæ дæр нæм, хъыгагæн, ис. Адæймагæн цот куы рацæуа, уæд сæ хъуамæ хъомыл кæна, фыццаджыдæр, йæхи цардыуагмæ гæсгæ, уæздандзинады бындурыл алы бон, алы сахат – æппынæдзухæй, цæмæй адæмы ‘хсæн цæрынмæ бæззой. Кад æмæ æгад цы у, цыт, намыс кæнæ худинаг æвзарынхъом куыд уой. Кæд дæхæдæг уæздан адæймаг нæ дæ, уæд дæ цоты уæздандзинадыл куыд сахуыр кæндзынæ? Дæ кæстæры раз иунæг хатт æнæфсарм ми куы бакæнай, уæд уый фаг у, цæмæй йе ‘ууæнк фæцуда, йæ удыхъæды гуымирыдзинад рæзын райдайа. Хъомылады сæйраг нысан та у кæстæры раст фæндагыл аразын, цæмæй рæстдзинад йæ удыхъæды ныффидар уа. Уæд суыдзæн æцæг уæздан ирон адæймаг, æппæт дзыллæтæ дæр сæрыстыр кæмæй уой, зæрдиагæй æмæ æргомæй кад кæмæн кæной.

Æрмæгыл бакуыста ДРИАТЫ Лейла

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.