Чилæхсаты Луизæйы бинонты ‘хсæн ис 5 медицинон кусæджы. Дохтыры дæсныйадыл хæст сты æртæ фæлтæры. Чи медицинон хо, чи педиатр, кардиолог æмæ узист.

Чилæхсаты Луизæ дохтырæй кусы 43 азы дæргъы. Йæ хистæр хо Людмилæ бирæ азты фæкуыста соматикон рынчындоны сæйраг дохтыры хæдивæгæй. Луизæ æмæ Людмилæ дохтыры дæсныйадыл ныххæцыдысты сæ мады бафæзмынгæйæ. Сæ мад Тыбылты Еленæ медицинон хойæ нæ рынчындоны фæкуыста 55 азы. Цæргæ дæр кодтой рынчындонмæ хæстæг æмæ-иу тыхст адæм æрдæгæхсæв дæр балæууыдысты сæ къæсæрыл.

«Мæ мадæн æрлæуд нæ уыд, арæх æм фæхæлæг кæнын. Скъолайы фæстæ-иу мæ хоимæ арæх бацыдыстæм рынчындонмæ. Урс халаттæ, хосты тæф, медицинон инструменттæ – уыдон æппæт дæр мæнæн зонгæ сты мæ чысылæй фæстæмæ, æввахс сты мæ зæрдæйæн. Иудзырдæй, дохтыр ма суæвыдаин, уый гæнæн мын нæ уыд. Æндæр дæсныйад райсыныл хъуыды дæр никуы кодтон. Иттæг хорз нысæнттыл фæдæн астæуккаг æмæ музыкалон скъолатæ. Музыкалон скъолайæ мæ дарддæр æрвыстой ацы хаххыл ахуырмæ. Фæлæ æз фидарæй аскъуыддзаг кодтон, дохтыр кæй суыдзынæн», – радзырдта Луизæ.

Луизæ Платоны чызг уыд рынчындоны сывæллæтты хайады гæс. Йæ кабинет никуы раафтид вæййы чысыл пациенттæй. Фæлмæн ахаст ын кæй ис алкæмæ дæр, уый тыххæй сывæллæтты ныййарджытæ райсынц Луизæйы телефоны æмæ бастдзинады руаджы йемæ консультаци  фæкæнынц.

«Дохтырæн хисæрмагонд цардæй раздæр, пациент хъуамæ уа. Æппынæдзух рынчынтæ æмæ се ‘нæниздзинадыл хъуамæ ауда. Иу хатт банымадтон æмæ мæм боны дæргъыг æрбадзырдтой 78 хатты. Мæ мад мын фæдзæхста дæхи сабийæн, дам, куыд баххуыс кæныс, афтæ лæмбынæг кæс æмæ æххуыс кæн искæй сабитæн дæр. Иу хатт мæ сæрæн нæ уыдтæн æмæ телефоны дзæнгæрæг куы фехъуыстон, уæд мæ мадæн къухæй амонын, зæгъгæ, зæгъ, ам кæй нæ дæн. Æмæ цы хъусын, «ам ис дæ низтæ, ныртæккæ йæм фæдзурдзынæн», – загъта сылгоймаг.

Дыууæ хойы професси адарддæр кодтой сæ чызджытæ дæр – Хæныкъаты Ларисæ æмæ Басаты Залинæ. Уыдонæй сæ иу – Ларисæ у республикон рынчындоны сывæллæтты поликлиникæйы  хайады сæргълæууæг.  Басаты Залинæ та рынчындоны узист.

«Мæ хоимæ нæ чызджытæ сты иу рæстæджы гуырд, се ‘хсæн цыппар бон йедтæмæ нæй. Иумæ цыдысты сывæллæтты рæвдауæндонмæ, стæй скъола æмæ ма иумæ ахуыр кодтой Цæгат Ирыстоны медицинон институты дæр. Абон дæр цæрынц хæларæй. Уыдон дæр зæгъынц, зæгъгæ, сæхицæн æндæр професси равзарыныл хъуыды дæр никуы акодтой.

Бинонты цыппæрæм фæлтæр нырма сæ фидæны професситæ нæ равзæрстой, фæлæ ныридæгæн дохтыры дæсныйадмæ цымыдис кæны Ларисæйы кæстæр фырт.

«Мæ сывæллæттæй дыууæ хистæр куыддæр уазал ахаст дарынц медицинæмæ, фылдæр спорты ‘рдæм здæхт сты. Фæлæ кæстæр æппынæдзух йæ хъус медицинон инструменттæм дары. Йæ хъазæнты уæззау рынчынтæ фæхоны æмæ сын судзинтæ фæаразы. Кæд ма нæ цыппæрæм фæлтæрæй уый равзара йæ мад æмæ йæ нанаты професси», – зæгъы Хæныкъаты Ларисæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.