УÆЗЗАУ АТЛЕТИКÆ

Ирыстоны уæззау атлетикæйы скъолайы хъомылгæнинæгтæ сæхи æнтыстджынæй равдыстой, 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты. Ерыстæ уагъд цыдысты горæт Владимиры æмæ сæ хайад райстой 500 штангистæй фылдæр.

Иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (+109 кг) сыгъзæрин майдан рамбылдта Наниты Арсен. Уый тыххæй хъусын кæны тре-нер Плиты Артур.

«Арсен дыууæ истæн скодта 388 кг (181+207). Рывок кæй хонынц, уым ма йæ кары спортсменты ‘хсæн сæвæрдта рекорд. Тынг райгонд ма дæн 17-аздзыд Джиоты Александрæй дæр. Уый архайдта 102 кг уæзы категорийы. Дыууæ истæн скодта 278 кг (155+123). Уый ма ерысты  йæ кары уæрæсейаг спортсменты ‘хсæн сæвæрдта 6 рекорды», – банысан кодта Плиты Артур. 

ФУТБОЛ

Хуссарирыстойнаг сывæллæтты футболон командæ «Барсалан» дарддæр дæр тох кæны Дзæуджыхъæуы уагъдцæуæг В.Семеновы номарæн турниры сæйраг призыл. Радон хъазты цхинвайлæгтæ 4:0 хыгъдæй фæуæлахиз сты Дзæуджыхъæуы «Юность-2»-йыл. Тренер Хъазиты Алан куыд хъусын кæны, афтæмæй йæ командæйы сконды расгуыхтысты Туаты Денис, Кокойты Алан, Тъехты Альберт æмæ Хъæцмæзты Александр.

Хуссарирыстойнæгтæ ма хæларадон хъазт акодтой дзæу-джыхъæуккаг «Спартак»-имæ. Ууыл та фæуæлахиз сты 6:4 хыгъдæй.

***

Национ футболон къорды 15-æм туры Дзæуджыхъæуы командæ «Алани» уазæгуаты хъазыд Воронежы «Факел»-имæ. Дыууæ командæйæн дæр уыд хорз гæнæнтæ пуртитæ бакъуырынæн. 64-æм минутыл фысымты футболист гуымирæй ахъазыд Дзæуджыхъæуы хъазæджы ныхмæ æмæ йын уый тыххæй тæрхонгæнæг равдыста сырх карточкæ. Уый фæстæ «Алани» ноджы стырдæр тыхтæй абырста размæ. Фæлæ хъазты 82-æм минутыл æнæнхъæлæджы стадионы ахуыссыд рухс æмæ хъазт æрлæууыд. Рухс ссыгъд æрмæстдæр 40 минуты фæстæ. Фембæлд кæд адарддæр кодтой, уæддæр алайнæгтæн  нал бантыст пурти бакъуырын. Афтæмæй хъазт фæцис 0:0 хыгъдæй.

17-æм туры «Алани» йæхи фæзуатыл хъаздзæн Ярославлы «Шинник»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.