Уæрæсейы скондмæ Запорожьейы областы бацæуыны тыххæй референдум уагъд æрцæудзæн фæззæджы райдианы, сентябры мæйы фыццаг æмбисы, – хъусын кæны областы администрацийы сæйраг советы уæнг Владимир Рогов. Йæ ныхæстæм гæсгæ областы цæрджытæ домынц, референдум куыд гæнæн ис, афтæ тагъддæр ауадзын. «Æппæт фембæлдтыты дæр адæм домынц референдум тагъддæр ауадзыны тыххæй, мах, зæгъгæ, фæнды уæрæсейæгтæ суæвын». Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй референдум ауадзыны æмæ Уæрæсейы скондмæ Запорожьейы областы бацыд суыдзæн регионы æдасдзинады фидар гарант. Сæрмагонд операцийы рæстæджы уæрæсейаг æфсæддонтæ сæ контролы бынмæ райстой Херсоны областы æмæ Запорожьейы областы хай. Регионты арæзт æрцыдысты æфсæддон-æмбæстагон администрацитæ, райдыдтой сæм æвдисын уæрæсейаг телеканалтæ, æндидзыд цæуынц Хъырымимæ базарадон бастдзинæдтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.