Цæгат Ирыстоны горæт Мæздæджы Уæлахизы парчы централон аллеяйы цытджын æгъдауæй байгом Цæгат Кавказы фысджыты фыццаг аллея. Йæ саразыны инициатор уыд æхсæнадон организаци «Иры Стыр Ныхас»-ы Мæздæджы хайады сæрдар Гуцаты Фридон. Проектыл куыста Уæрæсейы сгуыхт нывгæнæг, скульптор Дзукъаты Николай. Мадзалы хайадисджытæ бакастысты поэтты æмдзæвгæтæ, кæцыты бюсттæ æвæрд æрцыдысты аллеяйы. Уазджыты ‘хсæн уыдысты   Уæрæсейы Фысджыты цæдисы уæнгтæ, ахуыргæндтæ, афтæ ма Хуссар Ирыстон, Кæсæг-Балхъары, Дагъыстан, Мæхъæл, Краснодары крайы, министрадты æмæ ведомствоты минæвæрттæ,  æхсæнадон архайджытæ æмæ депутаттæ.

Мадзалы кадджын уазæг ссис Цæгат Ирыстон-Аланийы экс-сæргълæууæг Битарты Вячеслав. «Мæздæг у, куыд нæ республикæйы айдæн, афтæ. Ацы чысыл территорийыл хæларæй цæрынц бирæ нациты минæвæрттæ. Символикон у уый дæр, æмæ ацы аллеяйы кæй сæнусон кодтой алы нациты монон лидерты нæмттæ. Мæздæджы адæмæн мæ зæрдæ зæгъы сабырдзинад æмæ дарддæры рæзт. Арфæйы ныхæстæ зæгъын мæ фæнды Гуцаты Фридонæн», – загъта Битарты Вячеслав.

Парти «Родина»-йы регионалон хайады къухдариуæггæнæг Фидараты Таймураз куыд банысан кодта, афтæмæй Аллеяйы бакондæн стыр нысаниуæг ис Уæрæсейы адæмты консолидацийæн. «Цытджын мадзал, кæцы баст у алы нациты зынгæдæр поэты цыртытæ бакæнынимæ, суыдзæн цæвиттойнаг рæзгæ фæлтæрæн. Уыдон æмбардзысты, куыд ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг у зынгæ классикты культурæ ахуыр кæнын. Ахæм идейæты фидæны дæр хъæуы реализаци кæнын, уымæн æмæ рæзгæ фæлтæр ма хъуамæ рох кæной сæ хъайтарты, фысджыты», – банысан кодта Фидараты Таймураз.

Аллея саразын къухты бафтыд æрдæг азмæ. Гуцаты Фридон цыртытæ балæвар кодта Мæздæгæн. «Æз хъуыды кæнын афтæ, æмæ фидæны фæлтæртæ саргъ кæндзысты ацы хорз идейæйæн,  æмæ адарддæр кæндзысты ацы хорз хъуыддаг. Ацы фысджытæ æмæ поэттæ иууылдæр уыдысты Мæздæджы. Бузныг скульптор Дзукъаты Николайæн. Аллея гæнæн ис суа фенддаг бынат туристтæ, фысджытæн», – загъта проекты инициатор Гуцаты Фридон.

Аллеяйы æвæрд æрцыдысты фысджыты æмæ поэтты æхсæз бюсты, кæцытæ се сфæлдыстадæй  стыр хайбавæрд бахастой Кавказы адæмты позитивонæй равдисыны хъуыддагмæ. Бюсттæ æвæрд æрцыдысты Александр Грибоедов, Александр Пушкин, Лев Толстой, Гурджибегты Бласкæ, Хетæгкаты Къоста æмæ Расул Гамзатовæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.