Фæстаг рæстæджы нæ республикæйы фæлгæтты скъуыддзагкæнинаг фарстатæй сæйрагдæр æмæ нысаниуæгджындæр у Уæрæсейы скондмæ бацæуыны фæдыл референдум ауадзыныны фарст. Уый ныртæккæ æвæрд у риторикон æгъдауæй: уа æви нæ референдум? Ацы фарстæн æвæрццаг дзуапп раттынæй Хуссар Ирыстон равдисдзæн Уæрæсейы скондмæ бацæуыны сæраппонд йæ разыдзинад, тыхджын паддзахадимæ иумæ уæвын, æмархайд æмæ æмдыхæй ног цард аразын. Ацы фæндон, ома æнустæм Уырысимæ иу паддзахады уæвын махæн не нкъарынады сæвзæрд раджы, 1749 азы, Санкт-Петербургмæ Ирыстоны зæххæй минæвæрттæ куы арвыстæуыд, уæд. Уый фæстæ нæ Стыр Уырыс йæхимæ æрбаиу кодта æмæ нæ уавæртæ кæд бынтон нæ, уæддæр бæрæг фæхуыздæр, федасдæр сты.

Уæдæй рацыд бирæ рæстæг æмæ та нæуæдзæм азты хуссарирыстойнæгтæ бахаудысты фыдæвзарæнты, ногæй сæ бахъуыд сæ хъысмæт скъуыддзаг кæнын æмæ та ногæй æмзондæй сфæнд кодтой Уырысимæ баиу кæнын сæ фидæн. 1992 азы уагъд æрцыд референдум æмæ уый фæстиуджытæм гæсгæ нæ адæм равзæрстой сæ дарддæры фæндаг. Æмæ кæд уыцы фæндвидардзинад уæды уæззау дуджы стыр тæссаг уыд, уæддæр Хуссар Ирыстоны цæрджытæ бындуриуæг кодтой фыдæлтæй баззайгæ фæткыл: «Кæнæ – сæрибар, кæнæ – мæлæт, фæлæ ам, нæхи зæххыл!», афтæмæй хъуамæ бахъахъхъæд æрцыдаид Ирыстон, ирон æвзаг, нæ адæм баззадаиккой ирæттæй. Хъизæмар æмæ зындзинæдты амæттаг фесты, сомбонæн бæлвырдæй ницы зонгæйæ, быхстой, фæрæзтой, æх-хормаг, æвæрæзæй тыхамæлттæ кодтой. Уый дæр фаг нæ уыд нæ цыфыддæр знагæн æмæ та 2008 азы йæ чъизи къæхтæй æрбалæгæрста нæ уарзон Фыдыбæстæмæ.

Августы мæйы сæрибарæй гæнæн уыд æмæ  фондз бонмæ Хуссар Ирыстонæн фæуыдаид йæ истори, фæлæ стыр амонд æмæ ирон адæмы ныфсæн Уæрæсейы Федераци  банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбар паддзахадыл. Уæдæй нырмæ  нæ паддзахад аразы ног цард, ныллæууыд æндидзын кæныныл, цадæггай  сæфы хæсты арф фæд а-зæххæй.

Æмæ кæд не знæгтæ арвы цæфау фесты, уæддæр уыдоныл æууæнк нæй; сомбон цы уыдзæн, уый ничи зоны æмæ та Хуссар Ирыстоны референдум ауадзыны фарст цæхгæр сæвзæрд нæ разы.

Уый тыххæй 26 майы Хицауады æмбырдгæнæн залы уагъд æрцыд политсоветы рабадт. Къухдариуæг ын кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид. Политсоветы сконды уыдысты нæ бæстæйы Хицауады, Парламенты, политикон партиты, зонады къабазы, уагдæттæ æмæ ведомствоты, дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ.

Райдианы Тыбылты Леонид æрдзырдта референдумы нысаниуæгыл:

– Зынаргъ уазджытæ, коллегæтæ. Мах ныртæккæ лæууæм вазыгджын хъуыддаджы раз. Абон æрæмбырд стæм, нæ паддзахадæн, нæ дзыллæйæн æппæты æнæмæнгхъæуæгдæр цы у  Стыр  Уæрæсейы скондмæ бацæуын, уыцы фарсты фæдыл. Президент суæвынæй фæстæмæ уый у мæ сæйраг бæллиц æмæ уæдæй нырмæ стыр тырнынадимæ архайын ацы  хъуыддагыл. Мæнæн ис мæхи сæрмагонд хъуыды ацы ахсджиаг фарсты сæраппонд. Уый та у нæ адæмы æнусон бæллиц Уæрæсейы Федерациимæ цæуын иу фæндагыл, аразын нæ дарддæры амондджын  цард. Уый тыххæй æз иу æмæ дыууæ хатты нæ дзуапп кодтон зындгонддæр информацион фæрæзты минæвæрттæн, уый тыххæй 2015 азы 19 декабры æз мæ фæнд раргом кодтон Уæрæсейы Федерацийы Президенты æххуысгæнæг Владислав Сурковæн. Уый та у иунæг фæндаг, цæмæй нæ паддзахад уа размæдзыд æмæ нæ дзыллæ та – фæрнджын æмæ царды хæрзиуджытæй  хайджын.

Не ‘ппæт дæр æй уынæм, дунейы цы цаутæ цæуы, бæстæ куыд схæццæ, æмæ, цæмæй нæ фæдонтæн фидæны уа сабырад æмæ æдасдзинады гарантитæ, уый тыххæй мах абон хъуамæ аскъуыддзаг кæнæм æмæ равзарæм иунæг раст фæндаг, кæд ныртæккæ дæр ацы вазыгджын æмæ актуалон фарсты ныхмæ чидæртæ сты, уæддæр. Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуыны фæдыл æз дзурдзынæн ноджыдæр, рæгъмæ йæ хæсдзынæн.

Уæлдæр æй куыд банысан кодтон, уымæ гæсгæ референдум ауадзыны ныхмæ сты бирæтæ, фæлæ кæддæриддæр фæнды, цæмæй нæ паддзахады сабырад æмæ стабилондзинад уа, уыдон хъуамæ ахъуыды кæной (æз ныртæккæ хатын алкæмæ дæр) æмæ æмгуыст, æмархайды фæрцы æрцæуæм иу хъуыдымæ.

2016 аз хуымæтæджы аз нæу, æрæввахс кæнынц президентон æвзæрстытæ. Нæ зæрдыл ма йæ æрлæууын кæнæм, ивгъуыд æвзæрстыты нæ дзыллæ куыд дихтæ уыдысты. Махæй иу уысм дæр хъуамæ рох ма уа, нæ архайд, нæ куыст æппæтварсонæй дæр нæ адæмимæ баст кæй у, уыцы хъуыддаг.

Референдум ауадзыны фæдыл нæм æрвыстæуы бирæ фыстæджытæ нæ республикæйы алы рæттæй: куыстуæттæй, организацитæй, хицæн адæймæгтæй. Се ‘ппæтæн дæр сæ хъуыды у иу  бæрнонддæрæй æркæсын референдумы хъуыддагмæ, цæмæй ацы вазыгджын æмæ ахсджиаг фарст спекуляцитæм, конфронтацимæ ма æркæна, – банысан кодта Президент.

Уый дарддæр æрдзырдта референдум ауадзыны, Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуыны æнæмæнгхъæуындзинадыл æмæ стæй ныхасы бар лæвæрд æрцыд политсоветы уæнгтæн. Уыдонæй кæд алчидæр йæхи сæрмагонд хъуыды æргом кодта, уæддæр сæ дзуаппытæ уыдысты иугъуызон: референдум ауадзын президентон æвзæрстыты фæстæ.

Алкæмæ дæр лæмбынæг байхъусыны фæстæ Тыбылты Леонид бахатыд, цæмæй районты, хъæуты дæр бакусой ацы хъуыддаджы фæдыл:

– Алы уагдон, организаци, куыстуаты коллективтимæ дæр хъуамæ цæуа бæстон куыст. Адæм хъуамæ иу зонд, иу хъуыдыйыл лæуд уой. Референдумы ахадындзинад лæмбынæг бамбарын кæнын хъæуы районты, хъæуты цæрджытæн, цæмæй сын алы дам-дум-тæй сæ хъуыды мачи хæццæ кæна. Ацы нысаниуæгджын цаумæ цæттæдзинад нæ республикæйы алы къуымы дæр хъуамæ уа иу æмвæзадыл, хъуамæ раст скъуыддзаг æрцæуа ацы фарст.

Абон ам ис нæ паддзахады разамынад: Президент, Хицауады æмæ Парламенты Сæрдæртæ. Æз алкæмæ дæр байхъуыстон, алкæйы хъуыдыимæ дæр разы дæн, фæлæ йæ  дырысæй банысан кæндзынæн, ныртæккæ дæр цалдæр политикон тыхы референдумы ныхмæ кæй сты, – загъта Президент.

Æмæ кæд нæуæдзæм азты референдум ауадзыны хъуыддаг абоны рæстæджытимæ абаргæйæ дард лæууы, уæддæр банысанчындæуыд, уыцы уæззау, тæссаг уавæрты Хъуылымбегты Торез Уæрæсейы скондмæ бацæуыны тыххæй йæ хъуыды куы раргом кодта, уæд йæ ныхасмæ бафтыдта: «Уæрæсейы скондмæ бацæуын кæй нæ фæнды, уый нымад уыдзæн адæмы знагыл».

Кæронбæттæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид загъта:

– Æз ныртæккæ дзурын куыд бæстæйы хицау, афтæ нæ, фæлæ куыд Хуссар Ирыстоны хуымæтæджы æмбæстаг, афтæ. Референдум хъуамæ уагъд æрцæуа. Уый у   нæ адæмы сæрмагонд хъуыды, «Уæрæсеимæ æнустæм» у нæ бирæазон бæллиц – афтæ уыд сæдæ азы размæ дæр. Хъуамæ фидарæй аскъуыддзаг уа, «ацы фарс æмæ уыцы фарс» чи сты, уый. Референдумы фар-стæн  ис  стыр стратегион нысаниуæг æмæ хъуамæ уагъд æрцæуа. Уый у æнæмæнг.

Уый фæстæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли,  политсоветы фæстиуджытыл бындуриуæггæнгæйæ, аскъуыддзаг кодтой: референдум уагъд æрцæуæд 2017 азы, президентон æвзæрстыты фæстæ.

Сусæггаг нæу, ныртæккæйы дуг бынтон нывыл кæй нæу, кæд нæ чысыл æмæ æвзонг паддзахад егъау къах-дзæфтæй лæгæрды ног цардмæ, уæддæр. Хъыгагæн, ныртæккæ дæр, знаджы æнæнымæц фыдракæндты æмæ удызиæнтты фæстæ дæр æз бирæтæй фехъусын: «Æмæ мæнæн цы уæлдай у, фæнды гуырдзыйы къæхты бын уæм, фæнды уырысы!». Уыцы æрра ныхæстæ та дзурæг сты ууыл, æмæ иуæй-иутæ уæддæр къуырма æмæ куырмæй кæй баззадысты, кæнæ та æхсæнады ‘хсæн фыдæнæн кæй парахат кæнынц здыхст, зыгъуыммæ, æдылы хъуыдытæ.

Стыр амондæн, уыдон сты хæнтцъус, махæй та алчидæр хъуамæ ахъуыды кæна дзыллæйы амондджын фидæныл, нæ Ирыстоны хъысмæтыл, цæмæй рæстæгыл саразæм æмбæлон хатдзæгтæ, цæмæй фæсмонгонд ма фæуæм æмæ нæ кæсдæртæ æдасæй, хъæлдзæгæй цæрой кæддæриддæр.

Цгъойты А.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.