Ирон адæмæн уæлмæрд æмæ кувæндæттæ кæдфæндыдæр уаз бынæттыл нымад уыдысты. Уæлдай тынгдæр хъахъхъæд цыдысты зианы æгъдæуттæ. Фæлæ рæстæг куыд цæуы, афтæ ивы нæ адæмы цæстæнгас æппæт традицитæ æмæ æгъдæуттæм дæр. Уымæн æвдисæн у, нæ горæты скæсæн фарсырдыгæй Згъудеры уæлмæрд фæстаг рæстæджы цы æдзæллаг уавæрмæ æрцыд, уый. Уым бынаты фе-нæн ис, бирæ ингæнтæ дзы рохуаты кæй баззадысты, кæй скъутæр æмæ схæмпæл сты. Бирæтыл дзы сзадысты бæлæстæ, æмæ мард чи уыд, уымæн равзарæн нал уыд – марды дуртæ дæр хæмпæлы бын фесты. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ мардæн чи куыд аргъ кæны, уый алкæмæн йæхи бар у. Фæлæ иумæйагæй та ацы уавæр адæймаджы сагъæсы æппары.

Ныр дыууæ къуырийы бæрц Згъудеры уæлмæрды территори æфснайд æмæ сыгъдæг цæуы нæ горæты администрацийы хъæппæрисæй. Æфснайæн куыстытæ кæнынц нæ республикæйы Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон дæлхæйттæ, нæ горæты администрацийы хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ. Уыдон лыг кæнынц бæлæстæ, къутæртæ æмæ сæ ласынц уæлмæрды территорийæ æддæмæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Згъудеры уæлмæрды ис ахæм ингæнтæ, кæцытæ сыгъдæг кæнынц зианджын бинонтæ, хиуæттæ. Æмæ кусджытæ æппæт дæр аразынц, цæмæй æнæркаст ингæнтæ дæр кæронмæ сыгъдæг æрцæуой. Райсомæй изæрмæ æфснайыны куыстытæ æххæст кæнынц цæсгомджынæй.

Уæлмæрды æфснайыны куыстытæ куыд цæуынц, уыдон 15-æм марты бынаты бабæрæг кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли. Уый уæлмæрды ныссыгъдæггонд территорийы тыххæй бузныджы ныхæстæ загъта, уым æфснайыны куыстытæ цы лæппутæ кæнынц, уыдонæн.

«Уæлмæрдтæм кæсын æмæ сæ сыгъдæг кæнын махæй у алкæйы хæс дæр. Мах æвдисæн стæм, ацы уæлмæрды территорийы иу хай сыгъдæг кæй æрцыд бронæй. Нæхи цæстæй уынæм, бирæ ингæнтæм фæндаг сыгъдæг кæй æрцыд, уыдонимæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтарты ингæнтæм дæр. Стыр бузныг сын, ацы сыгъдæггæнæн куыстытæ ныр цалдæр къуыри чи кæны, боныгъæдмæ нæ кæсгæйæ, уыцы лæппутæн», – загъта Президент. Афтæ ма Президент бахатыд горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Аланмæ, цæмæй æввахс рæстæджы цалцæг æрцæуа 13 коммунары цырт дæр.

Нæ горæты администрацийы хæрзарæзтады комбинаты директор Габуты Инал нын куыд загъта, афтæмæй ныр дыууæ къуырийы дæргъы йæ кусджытæ  кусынц ам. Куыстытæ та æххæст цæуынц горæты администрацийы сæргълæууæджы бахæсмæ гæсгæ.

«Уæлмæрд кæй схъæд ис, уый сусæггаг нæу, уыдис тынг æвзæр уавæры. Цæвиттон, 13 коммунары цыртмæ-иу цæмæй бахызтаис, уый тыххæй хъуамæ пыхсыты бын абырыдаис, æмæ раст ахæм æдзæллаг уавæры уæлмæрды территорийыл ис бирæ ингæнтæ. Фæлæ, ныр цалдæр къуырийы бæрц ингæнтæ сыгъдæг цæуынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæлмæрды территори дыууæ къуыримæ не ссыгъдæг ис, фæлæ мах кæронмæ кæндзыстæм нæ куыстытæ, цæмæй æххæстæй сыгъдæггонд æмæ æфснайд æрцæуа. Æххуыс нын кæнынц нæ республикæйы Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон дæлхæйтты службæгæнджытæ дæр. Ацы хъуыддаджы æххуысы ныфс бавæрдтой нæ республикæйы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты кусджытæ дæр. Нæ бон куыд у, афтæ кусдзыстæм æмæ сыгъ-дæг кæндзыстæм уæлмæрды территори», – банысан кодта Габуты Инал.

Ацы хæрзиуæгон хъуыддагмæ куыдфæндыйы цæстæй кæсын нæ хъæуы. Балæууын хъæуы ам чи кусынц, уыдоны фарсмæ, уымæн æмæ уый у нæ иумиаг хæс.

Ацы хъуыддаг кæй зæрдыл æрлæууыд æмæ йæ чи сразæнгард кодта, уый та уыд горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан. Уый информацион фæрæзты руаджы æрсидт министрадтæ æмæ уагдæттæм, цæмæй хайад райсой ацы иумиаг хъуыддаджы.

Танделаты Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.