Адæймаг йæ царды кæронмæ куы бахæццæ вæййы, уæд æнусон æнцойад ссары, уæлмæрды йын кæй рахицæн кæнынц, уыцы бынаты – йæ ингæны. Йæ фæстаг фæндагыл æй афæндараст кæнын, йæ сыджыты хайыл æй сæмбæлын кæнын махæн, фæстейæ кæй ныууагъта, уыдонæн вæййы сæ æвæджиаг хæс. Фæлæ уыцы фæтк, æгъдауы фехалы, бирæнымæц адæймæгты цард чи байсы, æппæт пырхгæнæг æмæ дæрæнгæнæг чи у, адæмæн фыдхъизæмæрттæ чи æвзарын кæны, уыцы хæст.

Стыр Фыдыбæстæйон хæст… Адæймагады иууыл карздæр, æгъатырдæр хæст. Уый йæхимæ сидт æмæ мæлæты хъæлæсмæ калдта милуангай æрыгон адæймæгты, цы нацийæ у, цы диныл хæст у, уыдæттæм нæ кæсгæйæ. Ацы тугкалæн хæст нæ Ирыстоны æппæт къуымтæй рамбырд кодта нæ разагъта, нæ сагсур фæсивæды æмæ фæцыдысты цыфыддæр знаджы ныхмæ тохы быдырмæ. – 22 мин адæймагæй фылдæр. Уыдонæн се ‘мбисы бæрц фæстæмæ фæндаг нал ссардтой сæ хæдзæрттæм. – Сæ цард æрхастой се стыр Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау. Сæ æрыздæхтмæ сæ цæстытæ кæмæн урс кодтой, уыцы бинонтæм  фыдохы хабар хастой сæ сау гæххæттытæ. Бирæтæм дзы ахæм «амонд» дæр нæ бахудт йæ мидбылты æмæ сæм сæ æввахс хиуæттæ сæ царды фæстаг бонмæ кастысты æнхъæлмæ кæд, цынæ вæййы, фызыниккой, зæгъгæ. Сæ хиуæттæй ма сæрæгас чи сты, уыдонæн абон дæр сæ ныфсы таг нæма скъуыйы.

Сæ зæрдиаджы тыххæй сау хабар цы хæдзары бинонтæм æрцыд, уыдон-иу ын сæ уæлмæрды рахицæн кодтой йæ сыджыты хай. Бирæ бинонты-иу бахъуыд дыууæ, æртæ æмæ ноджы фылдæрæн сæ сыджыты хай рахицæн кæнын. Афтæ æмæ, цард  кæм хъуамæ арæзтаиккой, усгур ус кæдæм хъуамæ æрхастаид бинонтæ кæм хъуамæ сарæзтаид, бинонтæ скæнын кæмæн бынтыст, фæлæ сæ æнæхæдзардарæгæй кæм ныууагъта, уыцы хъæуты уæлмæрдтæм сæ тугæрхæм мард буæрттæ хæццæ дæр нал фесты. Бирæтæ дзы æнцойад ссардтой, тохтæ кæм цыдысты, уымыты æфсымæрон ингæнты, фæлæ иннæтæ та?.. Хæсты быдырæй фæмардуæвджыты сæ табæтты сæ уæзгуытæм нæ ластой. Уыдоны бæсты сæм сау халæттау тахтысты сау хабæрттæ, уыцы æмæ уыцы бынæтты знаджы ныхмæ тох кæнгæйæ кæй мардысты, уый тыххæй. Тахтысты æмæ Иры алы къуымтæй хъуыстысты судзгæ хъарджытæ, сæ разы табæты чи нæ уыдысты, кæй нæ уыдтой, уыцы фæмардуæвæг бæлццæттыл. Афтæ фылдæрæй-фылдæр кодтой афтид ингæнтæ.

Уый иу æнамонддзинад у. Æндæр æнамонддзинад та  уый у æмæ сын сæ сыджыты хай цы хъæуты уæлмæрдты рахицæн кодтой, уыдонæй бирæтæ федзæрæг сты æмæ сæм адæймаджы къах нал æфты – ныгæд дзы чи сты, уыдонимæ сæ иу хъысмæт баййæфта. Хорз у уæддæр æмæ бирæ хъæуты кæй сарæзтой сæ нæмттæ арынæн цыртдзæвæнтæ. Фæлæ æндæр хъæуты рохуаты аззадысты. Нæ Ирыстон кæмттæй конд у æмæ хорз уаид алы коммæ бацæуæны зынæн ран, адæймаг æнцонæй кæдæм æфта, арæзт куы цæуиккой, æгас комбæстæй хæстæй чи нал рыздæхтысты, уыдонæн цыртдзæвæнтæ…

Афтид ингæнтæ… Цас æмæ цас сты нæ чысыл Иры зæххыл! Цас æмæ цас сты æгас Европæйы, æгас дунейы бæстæты. Уый Дыккаг дунеон хæсты, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæззау фæстиуæг у. Уый зондзонæн хъуамæ уаид абоны хæстæндзарджытæн, хъæуы сын афоныл сæ ных къуырын, цæмæй иуварс цæуа хæсты тасдзинад æмæ дзы макуыуал мæлой æнæаххос адæм, макуыуал бахъæуа афтид ингæнтæ уæлмæрдты хицæн кæныны сæр.

Биазырты Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.