Рагæй фæстæмæ ирон адæмæн уæлмæрдтæ нымад цыдысты æмæ цæуынц уаз бынæттыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, рæстæг цæуы æмæ дуг ивы, уымæ гæсгæ ивы  адæмы ахаст дæр бирæ цæмæдæртæм, фæлæ нæ ивы сæ аудгæ ахаст сæ уæлмæрд тæм.

Аивгъуыйгæ къуыри Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг Бæзаты Геннадийы сæргълæудæй администраци æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ бæстон æрæвнæлдтой, Къуайсамæ бацæуæны ныгуылæн фарс Уæллаг хъæуы цы ног уæлмæрд ис, уый сыгъдæг кæнынмæ. Уæлмæрды бирæ рæстæджы дæргъы ничи сыгъдæг кодта æмæ æрцыд мæгуырау уавæрмæ. Раст у, хицæн ингæнтæм зианджынтæ базилынц, фæлæ иумиагæй сисгæйæ, уыд зылдцух. Уæлмæрды территорийыл æмбонд кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ йæм æфтыдысты фос. Йæ  фылдæр хай схъæд, скъутæр ис. Бирæ зианджынтæ-иу сæ фæстæ сæ брæттæ  нæ бафснайдтой æмæ дзы æвзæрыд антисанитарион уавæр.  Уыцы брæттæ  азæй азмæ фылдæр кодтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæлмæрды ахæм уавæр æндæвта ардæм цæуджыты зæрдæйы уагыл æмæ-иу сæ кæд фæндыд йæ бафснайын, уæддæр уыйбæрц территори бафснайын сæ бон нæ уыд. Уымæ гæсгæ бынæттон администраци йæ разы хæс сæвæрдта, цæмæй уæлмæрд æфснайд æрцæуа.

«Ацы уæлмæрды территори уыд тынг æдзæллаг уавæры. Тынг бирæ рæстæг сыгъдæг не ‘рцыд, уымæ гæсгæ фæндон рахастам, цæмæй иу бон рахицæн кæнæм уæлмæрд ссыгъдæг кæныны тыххæй. Къуайсайы цæрджытæн фехъусын кодтам, цæмæй нæм уыдон дæр се ‘ххуысы къух фæдардтаиккой. Иууыл сæйрагдæр куыстыл æз нымайын уæлмæрды территори згъæр хызæй æрæхгæнын. Йæ балхæныны хъуыддаджы нын стыр  æххуыс бакодта горæт Къуайсайæ РХИ-йы Парламенты депутат Бæзаты Вадим», – банысан кодта администрацийы сæргълæууæг.

Æмæ уæлмæрды территоримæ администрацийы æмæ  цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ æрæвнæлдтой æфснайын æмæ сыгъдæг кæнынмæ  , лыг кодтой егъау бæлæстæ æмæ сæ æвгæдтой уæзласæн машинæтæм. Бирæ æнæхицау ингæнтæ сыгъдæг æрцыдысты  къухæй, карстой кæрдæг, кæцыйæ бирæ ингæнтæ зынгæ дæр нал кодтой. Уæлмæрды территорийæ уыцы бон ласт æрцыд цалдæр машинæйыл брæттæ. Бынаты фенæн уыдис, куыд бæстон архайдтой уæлмæрд æфснайджытæ. Уыдон  куыд загътой, афтæмæй уæлмæрды ис ахæм ингæнтæ, кæцыты хиуæттæ Къуайсайы нал цæрынц æмæ  уыдон дæр зылдцух нæ баззадысты.

Танделаты Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.