1941-1945 азты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы карз фæлварæнтæ æрхудта ирон адæммæ дæр. Хуссар Ирыстонæй фронтмæ райгуырæн зæхх знагæй бахъахъхъæнынмæ ацыдысты 22 мин адæймаджы. Хæсты фронтты тох кодта Хуссар Ирыстоны алы фæндзæм цæрæг. Уыдонæй 11711 адæймаджы æнустæм баззадысты хæсты быдыры, æбæрæгæй дзы фесæфтысты 7 мин адæймаджы. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы ирæттæ сæхимæ æркæсын кодтой сæ хъайтардзинадæй. Ирон хæстонтæ хæсты æппæт фронтты сæ кады фæд ныууагътой, сæ нæмттæ фыст æрцыдысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты историйы. Сæ хъæбатырдзинадæй номхæссæн фесты Советон Цæдисы дыууæ хатты хъайтар, Монголты Адæмон Республикæйы хъайтар, армийы инæлар Плиты Иссæ, Советон Цæдисы хъайтар, инæлар-булкъон Мамсыраты Хадзы-Мурат æмæ бирæ æндæртæ. 32 ирон хæстоны систы Советон Цæдисы хъайтартæ, уыдонæй аст адæймаджы уыдысты Хуссар Ирыстонæй.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты  фæмардуæвджыты номыл Хуссар Ирыстоны æвæрд æрцыдысты скульптурон цыртытæ, кæцытæн сæ нымæц у 34 фылдæр. Знауыры районы цы цыртытæ æвæрд ис, уыдонмæ ма æввахс рæстæджы бафтдзæн ноджы иу комплекс. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ Знауыры районы Балта, Паткнет, Метех, Калет, Цънелис, Гуиргина, Лопан æмæ Югосталькы хъæуты цæрджытæ рагæй фæнд кодтой ацы хъæутæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы чи фæмард, кæцытæ уыдысты 270 адæймаджы, уыдоны номыл мемориалон комплекс саразын. Æмæ ныр куыд зыны, афтæмæй æввахс рæстæджы сæ фæнд сæххæст кæнын сæ къухы бафтдзæн.

Комплекс саразыны инициативæ раразмæ кодта Балтайы хъæууон администрацийы сæргълæууæг Санахъоты Ростом. «Стыр Уæлахизы боны бæрæгбон-иу куы æрцæйæввахс кодта, уæд-иу Знауыры районы администрацийы сæргълæууæг   æмбырдты рæстæджы бахатыд хъæууон администрациты сæргълæуджытæм, цæмæй-иу уыдон æмбæлон уагмæ æркодтаиккой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвджыты номыл мемориалон комплекстæ. Мæхинымæры-иу сæм батæхуды кодтон, зæгъын, махмæ дæр арæзт куы æрцæуид ахæм комплекс, уымæн æмæ уæлдæр ранымад хъæуты цæрджытæй хæстæй нал æрæздæхтысты 270 адæймаджы. Уæд мæ хъуыды фергом кодтон администрацийы сæргълæууæг Сиукъаты Олегæн æмæ мæм уый дæр йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кодта. Комплексы арæзтадæн нæ цыдæриддæр техникæ хъæуы, уый нæм уайтагъд æрбарвиты куы йæм бахатæм, уæд», – банысан кодта Санахъоты Ростом.

Санахъоты Ростомы ныхæстæм гæсгæ сын комплекс саразынæн 250 мин сомы баххуыс кодта Балтайы хъæуæй рацæугæ Джиджойты Виктор Уасилы фырт. Уый кæд ныртæккæ Мæскуыйы цæры, уæддæр нæ рох кæны йæ райгуырæн хъæу Балтайы. Уыимæ ацы хъæуы цæрынц йæ ныййарджытæ дæр. Балтайы хъæуккæгтæ – æфсымæртæ Æлборты Паата æмæ Радион та  баххуыс кодтой 50 мин сомы. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы суммæ фаг нæ уыд йæ саразынæн. Уæд Санахъоты Ростом  Знауыры районæй РХИ-йы Парламенты депутаттæ Икъаты Витали æмæ  Хъотайты Димитриимæ бахатыдысты РХИ-йы Парламенты депутат Бибылты Ацæмæзмæ, цæмæй сын  материалон æххуыс бакæна. Æмæ сын уый дæр баныфсæвæрдта парти «Иууон Ирыстон» сын  50 мин сомы кæй баххуыс кæндзæн, уымæй. Фæлæ уæддæр нæ фаг кодтой финансон фæрæзтæ комплекс саразынæн. Уый базонгæйæ Знауыры районы администрацийы сæргълæууæг Сиукъаты Олег бахатыд РХИ-йы Президент Бибылты Анатолимæ, цæмæй сын бакодтаид материалон æххуыс. Президенты зæрдæмæ фæцыд хъæуты цæрджыты идея æмæ сын президентон фондæй рахицæн кодта 120 мин сомы. Уымæй дарддæр ма ацы хъæуты цæрджытæй дæр кæмæн цас йæ бон уыд, уыйбæрц суммæйæ баххуыс кодтой комплекс саразыны тыххæй.

Мемориалон комплекс саразыныл активонæй кусынц Балтайы хъæуккæгтæ Беппиты Вадим æмæ Джиджойты Анатоли. Ныридæгæн цæттæ сты комплексмæ схизæн асинтæ. Цыртытыл (сты æртæ) хæсты фæмардуæвджыты нæмттæ ныффыссыны тыххæй сæ кæд Цæгат Ирыстоны 120 мин сомы æркуырдтой, уæд сын ацы хъуыддаг саразыныл 50 мин сомыл сразы цхинвайлаг  нывгæнæг Дзигойты Алинæ. Хæрзарæзт скæндзысты комплексы алыварс дæр.  Санахъоты Ростом куыд банысан кодта, афтæмæй комплексы арæзтад фæнд  кæнынц ноябры кæронмæ фæуын æмæ уæд цытджын æгъдауæй гом æрцæудзæн. Комплексы æмбонд дæр ныридæгæн у цæттæ. Уый ма куыд загъта, афтæмæй сын Джиджойты Виктор ноджыдæр баххуыс кæндзæн. Йæхи финансон фæрæзтæй сын балхæндзæн декоративон къутæртæ дæр, кæцыты ныссадзысты комплексы алыврс, афтæ ма сын балхæндзæн мраморæй  плитæтæ дæр, кæцытæ сты зынаргъ, фæлæ ахæм ахсджиаг хъуыддаг саразыны тыххæй ницы æвгъау кæны хæларзæрдæ амалиуæггæнæг.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.