Ӕппæтдунеон æхсæнадон змæлд  «Иры Стыр Ныхас» зæрдиагæй  арфæ кæны  Хуссар Ирыстон-Аланийы  сæрибаруарзаг адæмæн 30 азы размæ райгуырæн бæсты  сæрвæлтау  тохы цы егъау бæрæгбон  райгуырд, уый фæдыл.

 Республикæйы Бон у æппæтадæмон бæрæгбон!

Ис ын стыр нысан.  Ирыстоны зæххыл 1990 азы цы хæдбар пад-дзахад сæвзæрд, уый фидарæй фидардæр кæнæд!

Уæлахиз уæд нæ иудзинад!

Нæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад æмæ амонд, Ирыстоны цъæх  арвы бын уæ бинонтимæ сæрибарæй куыд  цæрат, æнæмаст,  æнæфыдбылыз, æнæзæ-дæхсайгæйæ  куыд  рæзой  сабитæ, куыд хъомыл кæной  хъæбатыр хæдбар Республикæйы  кадæн.

 Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

Иры Стыр Ныхасы номæй

КУЧИТЫ Руслан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.