Нæ зынаргъ ирон адæм!

Нæ Ирыстоны ном, кад, рад размæ хæсджытæ!

Бар мын радтут æмæ уын зæрдиаг арфæ ракæнон мæхи номæй, æмæ ма Хуссар Иры Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы чи архайы, уыдон номæй дæр. Æрæджы не змæлды сырæзтыл сæххæст 25 азы.

25 азы кæд бирæ азтæ зынынц, уæддæр гæнæн ис, зæгъæм, не змæлд кæй у  æрыгон, ныфсхаст, зæрдæмæдзæугæ, размæтырнæг. Æмæ мæ ныфс ис 2019 азы, ныхдуртæм, иуæй-иу къуылымпыдзинæдтæм нæ кæсгæйæ,  нæ бон кæй бауыдзæн размæ цæуын, нæ традицитæ, не ‘гъдæуттæ дарддæр дæр кæй парахат кæндзыстæм канд Ирыстоны нæ, фæлæ ма нæ адæмæй диаспораты хуызы æндæр æмæ æндæр паддзахадты чи цæрынц,  уыдоны ‘хсæн дæр.

Уырны мæ, нæ дарддæры куыст 2019 азы æмæ уый фæстæ дæр кæй цæудзæнис нывыл, стыр æнтыстытимæ, æмæ нын цы хæслæвæрдтæ ис уыдон рæстæгыл æххæст кæй цæудзысты.

Бирæ къахдзæфтæ сарæзта нæ «Иры Стыр Ныхас» абоны бонмæ, æмæ йын ноджы фылдæр бантысæд. Бантысæд ма йын уый дæр æмæ йæ 25 азы бæрæгбон цы суа Ирыстоны прогрессивон тыхтæ баиу кæныны бæрæгбон. Цыдæриддæр нæм æхсæнадон тыхтæ ис абон, уыдон иумæйаг фронтæй, мæнæ куыд «Уæрæсейы иумæйаг национ фронт» ахæм хуызы хъуамæ ралæууой, нæ зæрдæйы арф чи ис, уыцы æмбарынад «Райгуырæн бæстæ»-йы тыххæй.

Махæн бар нæй æмæ рох кæнæм нæ истори, не ‘взаг, нæ традицитæ, нæ дин. Нæй нын бар æмæ иу мисхал дæр кæмæндæрты лæвар кæнæм нæ райгуырæн зæххæй. Нæ фидæны фæлтæртæ æнæмæнг дæр хъуамæ уой буц сæ фыдæлты архайдæй æмæ сын уый тыххæй хъуамæ ныууадзæм стыр зынгæ фæд, кæцыйыл уыдон дарддæр цæуой царды уылæнтыл.

Ног 2019 аз нæ къæсæрмæ æрбахæццæ кæны, æмæ уын уе ‘ппæтæн дæр хæрзтæ æрхæссæд! Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

Ног азы алкæмæн дæр хорздзинæдтæ сæ къухы дзæбæхæй бафтæд!

Фылдæр нæм уæт цины хъуыддæгтæ, куывдтæ, чындзæхсæвтæ, гуырæнбонтæ.

Сабыр арвы бын нæ цард цы цæуа, æнæниздзинад нæ уæнгты цы уа. Нæ цард æмæ нæ бакуыст Бæркад æмæ Фарнимæ баст цы уой, ахæм лæвар нын иунæг кадджын Стыр Хуыцау саккаг кæнæд!

Уæлахиз уæд Ирыстон!

Уæлахиз уæд ирон адæм!

Ирæттæ – размæ, зындзинæдтæм æнæкæсгæйæ!

Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд

«Иры Стыр Ныхас»-ы Хуссар Ирыстоны хайады сæрдар,

историон зонæдты кандидат ГАГЛОЙТЫ Роберт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.