Зынаргъ æмбæстæгтæ! Арфæ уын кæнын Паддзахадон тырысайы боны цытæн!

Хуссар Ирыстоны цæрджытæм, нæ Фыдыбæстæйы дины иудзинады æмæ хæдбардзинады символтæм ис сæрмагонд ахаст.

Нæ тырыса дзурæг у Республикæ Хуссар Ирыстоны кадджын историйыл, уый бын нæ Райгуырæн зæххы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл цыдысты тох кæнынмæ, уый у символ, кæцыйæн мах хъуамæ кæнæм æмæ кæцыйы аккаг мах хъуамæ уæм.

Æмæ абон нæ иумæйаг хæс у æвзонг фæлтæр паддзахадон символикæмæ хорз ахасты, Фыдыбæстæйæн, йæ историмæ кад кæныны æнкъарæныл хъомыл кæнын, цæмæй уыдон дарддæр дæр аккаг хъуыддæгтæй æвдисой Райгуырæн зæхмæ уарзондзинад æмæ æнувыддзинад.

Ацы тырысайы бын, Уæрæсейы Федерацийы æххуысæй, мах республикæ аразæм æмæ рæзын кæнæм, бонæй-бонмæ скъуыддзаг кæнæм бирæ паддзахадон фарстытæ, кæцытимæ мæ ныфс ис, иумæ æнтыстджынæй сыл кæй фæтых уыдзыстæм.

Зынаргъ æмзæххонтæ! Мæ цæст уын уарзы сабырад, хорздзинад, фидар æнæниздзинад, стабилондзинад æмæ сомбоныл æууæндын. Уадз æмæ æппæт уæ хъуыдытæ æмæ тырнындзинæдтæ царды мидæг æххæст æрцæуой, уæ хæдзæртты та уа фæрныгад æмæ æмразыдзинад!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.