Хуссарирыстойнаг богал Зассеты Алан æртыккаг бынат бацахста уæгъдибар хъæбысхæстæй гауызы мастерты ‘хсæн дунейы чемпионаты. Ерыстæ уагъд цыдысты Грецийы. Алан архайдта дивизион «А» (35-40 аздзыдтæ) 88 кг уæзы категорийы. Зассейы фырт  æртыккаг бынат бацахсыны тыххæй тохы, æмгъуыдæй раздæр фæуæлахиз Турчы минæвар Исмет Карабулутыл.

Аланы тренертæ сты Коцты Тамерлан æмæ Гæджиты Марат.

«Грецимæ цыдтæн дунейы уæлахиздзау суæвыны нысанæн, фæлæ мæм, хъыгагæн, спортивон амонд нæ бахудт. Финалы 1/4  хайы мын уыд уæззау тох. Уымæй 15 минут дæр нæма рацыд, афтæ мæ бахъуыд æрдæгфиналон фембæлдмæ рахизын. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ баулæфыдтæн. Тынг хъыг мын уыд. Фæлæ мæхицæн загътон, хъуамæ ма баззайон æнæ майданæй æмæ фæуæлахиз дæн бронзæйон хорзæх рамбу-лыны тохы», – банысан кодта Зассейы фырт.

«Бузныг мæ фæнды зæгъын, чидæриддæр мын ерыстæм бацæттæ кæнынæн баххуыс кодта, уыдонæн. Фыццаджыдæр, мæхи сæрмагонд тренертæн. Афтæ ма Азербайджаны æмбырдгонды тренертæ Гозымты Хетæг æмæ Кокойты Таймуразæн, кæцытæ сæ командæйæн Дзæуджыхъæуы уагътой цæттæгæнæн сбортæ, РЦИ-Аланийы спортивон хъæбысхæсты центры директор Хъайтыхъты Робертæн, Хæдæрцаты Асланбеджы номыл хъæбысхæсты академийы директор Беккуызарты Дианæйæн, мæ фыццаг тренер Рубайты Игорæн. Сæрмагондæй ма фæнды рахицæн кæнын  РЦИ-Аланийы спортивон хъæбысхæсты æмбырдгонд командæйы дохтыр Тыбылты Ацæмæзы, кæцы йæ хъус дардта мæ организмы уавæрмæ æмæ мын уый хынцгæйæ,  æххуыс кодта тренировкæты план цæттæ кæнынæн», – фехъусын кодта Алан.

Ерыстæм ацæуынæн ын кæй баххуыс кодтой, уый тыххæй ирон спортсмен бузныг зæгъы Президент Гаглойты Аланæн, афтæ ма паддзахады сæргълæууæджы æххуысгæнæг Гаглойты Николай æмæ Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комиетты сæрдар Хубежты Русланæн.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ Зассейы фырт Уæрæсейы æмбырдгонд командæмæ ист кæй æрцыд бæстæйы чемпионат рамбулыны фæстæ.

***

Кæронмæ бахæццæ сты, Хетæгкаты Къостайы райгуырæн боны цытæн Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет цы республикон фестиваль бацæттæ кодта, уый «Традициты фæдонтæ – Аланиадæ»-йы фæлгæтты ерыстæ. Кæронбæттæны уагъд æрцыд турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Æдæппæтæй дзы хайад райстой 150 спортсменæй фылдæр. Майдантыл тох кодтой, 10 азæй 15 азы онг кæуыл цыд, ахæм спортсментæ. Уыдон дихгонд уыдысты æртæ кары къордыл. Турнир официалонæй байгом кæныны церемонийы хайад райстой Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Хубежты Руслан, турниры сæйраг тренер Коцты Тамерлан æмæ ерысты тæрхонгæнджыты комитеты уæнгтæ Гæджиты Артур æмæ Гæджиты Марат.

Æвзонг спортсментæн музыкалон лæвар сарæзта нæ республикæйы эстрадæйы стъалы Икъаты Миленæ. Уый сæрмагондæй азарыд Ирыстоны хъæбысхæстæй архайæг спортсменты уарзондæр зарæг «Иры богалтæ».

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ республикон фестиваль «Традициты фæдонтæ – Аланиадæ»-йы фæлгæтты уагъд кæй цыдысты алыгъуызон ерыстæ æмæ конкурстæ. Сæйраг мадзæлттæ та уагъд æрцыдысты 15 октябры Хетæгкаты Къостайы райгуырæн боны цытæн. Уæд Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет стыр бæрæгбон сарæзта Къостайыхъæуы.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.