Президент Гаглойты Алан фембæлд Гуырдзыстонæй лигъдæттимæ, кæцытæ цæрынц раздæры турбазæ «Осетия»-йы æмæ «Текстиль»-ы микрорайоны уæвæг æмдзæрæндоны.

Лигъдæтты социалон хъахъхъæныны фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Цоциты Игорь Президентæн фехъусын кодта, цы уавæрты цæрынц, уый тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, фатертæ цæрынæн бæзгæ не сты.

«Æртын азæй фылдæр лигъдæттæ, æмæ æбарвæндæй йæ цæрæн бынат чи ныууагъта, уыдон цæрынц иттæг уæззау уавæрты. Агъуыстытæ дзуапп нæ дæттынц æдасæй цæрыны нормæтæн. Иууыл фылдæр лигъдæттæ цæрынц раздæры турбазæ «Осетия»-йы. Уыдонæн сæ сæйраг домæн у паддзахадæй цæрæнуат райсын», – загъта уый.

Цоциты Игорь ма радзырдта, зæгъгæ, номхыгъдтæм гæсгæ, раздæры турбазæйы цæрæг бинонты иумæйаг нымæц у 50 бæрц. Фæлæ банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ турбазæйы территорийыл кæй цæрынц æрмæст  сыхаг паддзахадæй лигъдæттæ нæ, фæлæ-ма бынæттон цæрджытæ дæр. Уыдоны, сæ царды уавæртæм гæсгæ, бахъуыд ацы фатерты æрцæрыны сæр. Иуæй-иутæ сæ уым  цæргæ дæр нæ кæнынц. Се ‘хсæн ис цæрæнуат кæмæн ис, ахæмтæ дæр, фæлæ нæ разы кæнынц турбазæйæ ацæуыныл», – бамбарын кодта уый.

Гаглойты Алан байхъуыста цæрджыты проблемæтæм. Уый фехъусын кодта, зæгъгæ, лигъдæтты фарст скъуыддзаг æрцæудзæн. «Фыццаг рады хъæуы сбæрæг  кæнын  турбазæйы  æмæ «Текстиль»-ы районы æмдзæрæндоны цæрæг лигъдæттæй, æцæгæйдæр, цæрæнуат кæмæн нæй, уыцы æмбæстæгты. Уавæр у вазыгджын. Зындгонд у уый дæр, æмæ турбазæйы кæй ис, цæрæнуат кæмæн рахицæн кодтой, ахæм категорийы адæймæгтæ, фæлæ баззадысты уым цæргæйæ, цæмæй ма ноджы иу хатт райсой цæрæнуат. Æнæмæнгхъæуæг у ацы фарст æрнывыл кæнын, ацы фарстыл бакусдзæн къамис дæ комкоммæ хайадистæй æмæ æххуысæй», – загъта Президент.

Ахæм уавæр ис раздæры бигæдзаумæтты фабрикæйы территорийыл хæдзæртты дæр.  Ацы районы рагондæр цæрæджы ныхæстæм гæсгæ, æцæгæйдæр, паддзахады æххуыс кæй хъæуы, ахæмтæ сты æдæппæтæй цыппар бинонтæ.

Президент бахатыд цæрджытæм, цæмæй сæхæдæг саразой æцæгæйдæр цæрæнуат кæмæн нæй, уыцы бинонты номхыгъд. «Сымах уæхæдæг хуыздæр зонут, уым æдзухон бындурыл райдианæй чи цæры æмæ дзы стæм хатт чи фæзыны, уыдоны дæр. Уæхи фæрныгадæн махæй раст информаци æмбæхсын нæ хъæуы, уæддæр рæстдзинад раргом уыдзæн. Куыддæр, йæ цæрæнуаты уавæртæ фæхуыздæркæнинаг кæмæн сты, уыцы адæмы номхыгъдтæ арæзт æрцæуой, афтæ къамис лæмбынæг басгардзæн алцыдæр æмæ сын рахицæн æрцæудзысты фатертæ Ирæтты уынджы ног хæдзары. Ног азы онг фарст скъуыддзаг æрцæудзæн», – æрæмбырдуæвджытæн баныфс æвæрдта Гаглойты Алан.

«30 азы дæргъы цæрæм ацы хæдзæртты, уал азы дæргъы хъаст кодтам уæлдæр инстанцитæм, фæлæ нæ президенттæй иу дæр нæ фехъуыста æмæ бамбæрста, цахæм мæгуырау уавæрты цæрæм, уый.   Алан Эдуарды фырт, мах уынæм, дæу фæнды махæн баххуыс кæнын æмæ аразыс, гæнæн цы ис, уый тыххæй. Стыр бузныг, кæй нæ бамбæрстай, уый», – загъта фембæлды хайадисджытæй иу сылгоймаг.

Паддзахады сæргълæууæг бахæс кодта профилон ведомствойæн, цæмæй æвæстиатæй æрæвналой уæлдæрзагъдгонд хæстæ сæххæст кæнынмæ. Æмæ ма ноджы иу хатт æрсидт æрæмбырдуæвджытæм, цæмæй æнæмæнгхъæуæг æххуыс бакæной информаци æрæмбырд кæнынæн æмæ номхыгъдтæ саразынæн.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.