Дагъыстаны уагъд æрцыд Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионат уæгъдибар хъæбыс-хæстæй. Уым Ирыстоны хъæбысхæсты хъомылгæнинæгтæ рамбылдтой æртæ сыгъзæрин, дыууæ æвзист æмæ æртæ та бронзæ майданы. Ерысты уæлахиздзаутæ систы Сабанты Алек-сандр (61 кг), Уалыты Владислав (92 кг) æмæ Цхуырбаты Артем (97 кг). Æвзист майданты хицæуттæ баисты Наниты Славик (86 кг) æмæ Хынцæгты Сослан (125 кг). Бронзæйон призертæ та систы Уалыты Эльбрус (65 кг), Джыккайты Тамик (97 кг) æмæ Джиоты Жорик (97 кг).

ÆМБУАР ХÆСТ

Сент-Луисы уагъд æрцыд æмхæццæ æмбуар хæстæй (ММА) турнир Bellator 276. Уым ирон спортсменкæ Æфсæрæгаты Дианæ фембæлд америкæйаг Кира Батаримæ. Алы раунды дæр хуыздæр архайдта Дианæ æмæ тæрхонгæнджыты уынаффæмæ гæсгæ нымад æрцыд тохы уæлахиздзауыл. Афтæмæй Дианæйæн спорты ацы хуызы йæ къухты бафтыд 5 уæлахизы. Уыдонæй æртæ акодта Bellator-ы фæлгæтты.

ФУТБОЛ

Национ футболон къорды 27-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» Грознæйы фысымиуæг кодта командæ «Олимп-Долгопрудный»-æн. Хъазты 4-æм минутыл хыгъд байгом кæнын бантыст алайнæгты хъазæг Къобесты Да-видæн. 36-æм минутыл дзæуджыхъæуккæгтæн бантыст ноджы иу пурти бакъуырын. Ныр та рас-гуыхт Хуыбылты Владимир. «Алани»-йæн ма ноджы уыд цалдæр хорз гæнæны пуртитæ бакъуыры-нæн, фæлæ сæ не спайда кодтой. Афтæмæй хъазт фæцис 2:0 хыгъдæй.

Радон туры Ирыстоны сæйраг футболон командæ уазæгуаты хъаздзæн 19 марты «СКА-Хабаровск»-имæ.

 

СТЪОЛЫ ТЕННИС

Уæрæсейаг теннисисттæ Хъæрæцаты Аслан æмæ Андрей Рублевы Индиан-Уэлсы турниры къæйтты ‘хсæн ерысты ахызтысты дыккаг зылдмæ. Уыдон фыццаг хъазты фæуæлахиз сты испайнаг спортсментæ Роберто Баутисто-Агута æмæ Алехандро Давидович Фокиныл. Фембæлд фæцис 6:7, 7:6, 10:5.

                     ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.