Хорз хуыныл банымайæн ис, æрæджы Чехойты Оля рæгъмæ цы чиныг рахаста «Ды – мæ хурыскаст, Бехъмаргом», зæгъгæ, уымæн. Чиныджы тых, сæйраджыдæр, здæхт у, кæм схъомыл, адæмы рæгъмæ кæм рацыд, царды ад кæм бамбæрста, уыцы Бехъмаргоммæ.

Бехъмар Иры историйы зынгæ бынат æрцахста, нæ адæмы сæрибардзинады сæрыл тохты ацы хъæу фыццаг рæнхъыты уыд, йæ номы равзæрдыл цы легендæ ис, уый дæр хъæубæсты ‘хсар æмæ лæджыгъæдыл дзурæг у. Ахæм сæрыстыр, уæздан æмæ æхсарджын хъæубæсты ‘хсæн схъомыл Оля дæр æмæ дзы райгонд у абоны бон дæр.

Автор ацы чиныгмæ цы æмдзæвгæтæ хæссы, уыдоны дих кæны мæнæ ахæм сæртыл: «Ды – мæ хурыскаст, Бехъмар»-мæ, «Мæ уарзон Ирыстон!», «Нæ Иры разагъды зынгхуыстытæн», «Хетæгкаты Къостайæн», «Ирыстоны разагъды фырттæн æмæ чызджытæн», «Ирон æвзаг – мæ уды цин», «Ныййарæгæн», «Уарзондзинады стъæлфæнтæ» æмæ «Нæ чысыл хуртæн».

Уæлдæр æй загътон, чиныджы тых арæзт у, кæм байрæзт, йæ къахыл фидарæй кæм слæууыд, уыцы хъæу Бехъмармæ, хоны йæ «Мæ цин, ме схæссæг. Бирæ уарзон ныхæстæ кæны йæ уарзон хъæуыл:

 

Уый уыд чысылæй, мæ зын дуджы хордон,

Мæ бæгъæввад къæхты фæд уым ис ныр дæр.

Оляйæн Бехъмар ис ныййарæг мады бынаты, нымайы йын йæ лæггæдты; ам схаста рæз, ам бацыд скъоламæ, гомкъахæй дæр ацы зæххыл цыд, хъызт зымæгон бонтæ дæр ам æрвыста, ам хызта хъазты. Азтæ тагъд кæй згъорынц, рæстæг кæй ивы, уыдæттыл арæхстджынæй дзуры йе ‘мдзæвгæты, уæлдайдæр та йæхи азты сæрæй куы ракæсы, уæд. Уымæн зæгъы дисгæнгæ:

 

Мæ рагон бæллицтæ цы фесты,

Ныр дæр ма фæкæнын сæ мæт.

Куы ма  ‘рзилин Бехъмары кæмттыл,

Кæм хызтон уæд батъитæ сæрд.

Егъау бынат æрцахста поэты сфæлдыстады Ирыстоны фæлгондз. Куыд рæвдауæг мад, афтæ йыл узæлы алыгъуызон рæвдауæн дзырдтимæ. Æргомæй йæ зæгъы:

 

Дæуæй буц дæн, Ирыстон,

Дæ æхсырæй дæн хаст.

Мæ хъуыдытæ, æхсæв уа, бон,

Дæуимæ вæййынц баст!

Райгуырæн бæстæ адджын у, уый уарзын алы ироны хæс дæр у. Куыд зынаргъ у, уый та нын раджы загъта сайдвæстаг поэт Мамсыраты Темырболат. Æцæгæлон зæххæй Ирыстонмæ ныхасгæнгæ зæгъы: «Уæ нæ хæхтæ, нæ бæстæ, куыд ма цæрæм уæ фæстæ!». Кæнæ: «Цард нæ агурæм дæ фæстæ, дæ иу рыг дæр нæхи у». Афтæ кæм зæгъы: «Зæрдæйы уæлæ хуыд куы дæ», уымæй егъаудæр æмæ фидардæр ныхасæн гæнæн дæр нал ис.

Æцæг уарзтæй уарзы Фыдыбæстæйы Оля дæр, фидар æмæ цингæнгæйæ зæгъы:

 

Ирыстон, дæ хæхтæ,

Мæ удæн йæ цин.

Сæ уындæй хъæздыг дæн,

Мæ уарзон зæхх, Ир.

Мадæлон æвзагæн аргъгæнджытæ нæм дзæвгар ис, фæлæ уыдоны ‘хсæнæй бæрæгæй æрттивы мад Чехойты Оля. Йе ‘рвылбонон ныхас у: «Ирон æвзаг – мæ уды цин». Йе ‘мдзæвгæ «Къостайы ‘взаг»-ы бæлвырд æмæ æргомæй æвдисы йæ уарзондзинад Къостамæ, йе ‘взагмæ, афтæ дзы зæгъы:

 

Ирон æвзаг, Къостайæн у йæ исбон,

Æмæ нын уый цæрыны Ныфс дæтты.

Афтæ чи загъта, ирон æвзаг амæлдзæн, зæгъгæ, уыдонмæ дæр хæрамы цæстæй акаст æмæ сын загъта: «Ирон æвзаг нæ фæцуддзæнис никуы». Йæ иннæ æмдзæвгæ «Ирон æвзаг»-ы та нымайы не ‘взаджы хæрзиуджыты, уый у нæ адæмы фарн, нæ уд, нæ дзæцц, Ирыстоны удварн, нæ исбон, нæ цард рæсугъдгæнæг, æмæ уымæн та сæфæн нæй.

Фыдæлтæй нæм ахæм æмбисонд баззад: «Дæ мады мард ахæмæн зæгъ, йæ мад кæмæн амард». Оля сидзæрæй, æнæ мады рæвдыдæй схъомыл æмæ ныр æмбары, цы у хи мад, хи мады рæвдыд æмæ йæ зæгъгæ дæр кæны:

 

Уый йæхи мады фæмысы,

Сидзæр хъæбул царды.

Хи мад, хи мады рæвдыд æмæ узæлд та æндæргъуызон, рæсугъддæр, фæлмæн-дæр кæй у, уый дæр цæстуарзонæй зæгъы:

 

Цы ис рæсугъдæй царды? –

Сылгоймаджы æфсарм,

Хъæбултæ уарзаг мады

Рæвдыд ныхасы хъарм.

Йæ царды фæндæгтыл хъуыдыгæнгæйæ, Оля æрцыд ахæм хатцæгмæ:

 

У арфæйаг махæн сылгоймаг,

Нæ чызджытæ, хотæ, гъе – мад.

Макуы уæд царды фæсмойнаг

Стыр Хуыцау, амонд сын радт.

Нæ æгъуыстаджы æвзагимæ нын Къоста кæй ис, Къоста ирон дзырдты фæндырыл куыд фæцагъта, уымæй сæрыстыр у Оля æмæ бирæ хъарм ныхæстæ загъта ацы чиныджы:

 

«Ирон фæндыр», ды – Иры зæрдæ,

Дæ фæрцы мах ныффæрæзтам зынты.

Канд Къоста нæ, Оля сæрыстыр у Ирыстоны номдзыд фырттæй, ирвæдæны æрттиваг стъалытæй. Уыдон та йын сты Васо æмæ Иссæ, Нафи æмæ Рутен, Шамиль, Уанеты Владимир, Гасситы Знауыр æмæ æндæр  цæстуарзон ныхæстæ фæкодта се ‘ппæтыл дæр.

Чехойты Оля буц æмæ сæрыстыр у абоны интеллигенцийы минæвæрттæй. Сæ куыст, се змæлд, сæ хъуыдытæ Ирыл, нæ дзыллæйы абон æмæ сомыл кæй сты, уый тыххæй сыл зæрдæбын ныхæстæ фæкодта йе ‘мдзæвгæты. Кæй кой ракодта ацы чиныджы, уыдон сты: Гаглойты Роберт, Плиты Гацыр, Рæмонты Сослан.

Рæзгæ фæлтæримæ у баст Оляйæн йæ сæйраг хъуыды. Хуссар Иры сывæллæттæн, скъолатæн цынæгъуызон лæггæдтæ бакодта. Бехъмары скъола йæхи фæрæзтæй кæй сарæзта, уый йæхæдæг бирæ цæуылдæрты дзурæг у. Не скъола-интернаттæ, зæрæдты хæдзар бирæ рæвдыд зонынц Оляйæ. Къухæй-армæй рæвдыд фагыл нæ нымайы Оля, барæвдыдта æмæ сæ рæвдауы нывæфтыд æвзагæй дæр:

 

Хъазæт, худæт сабитæ,

Хъæлдзæг уæд сæ цард.

Уæд рæсугъд сæ бæллицтæ,

Ма кæной æнкъард.

Хæрамы цæстæй акаст поэт фашистон гуырдзыйы æбуалгъы митæм, сæ фыдракæндтæм, ироны тугæй дойны кæмæн уыд, рæзгæ сабитæм дæр йæ къух чи систа. Зæгъгæ дæр æй кæны:

 

Цъус ысты нæ адæм,

Калы знаг йæ хъал.

Сабитæн сæ марæг,

У, æцæг хъæддаг.

Бирæ алыгъуызон хæрзиуджытæ уарзы поэты цæст рæзгæ фæлтæрæн, Ирыстоны сомбоны ныфсытæн. Йæ ныхас сын у:

 

Уадз, кæрæдзи уарзгæйæ,

Иумæ хæссой рæз.

Хъазгæ æмæ худгæйæ,

Уадзой, уадз сæ фæд.

Чехойты Оляйæн йæ цард, йе сфæлдыстадон фæндæгтыл бирæ загъд æрцыд Ирыстоны периодикон мыхуыры. Уыцы æрмæджытæ дæр хаст сты ацы чиныгмæ. Оляйæн ис зæрдылдаринаг азтæ, цыт æмæ кады азтæ. Бирæ арфæтæ æмæ хорзæхтæ фæиста уыцы азты. Уыдонимæ дæр бæс-тондæр базонгæ уæвæн ис ацы чиныджы руаджы.

Уæлдæр æй загътон: Оля дзæвгар азты кæны æнувыд литературон æмæ æхсæнадон куыст. Дзæвгар у сæ нымæц, цы уацмысты æмбырдгæндтæ рауагъта, уыдонæн. Фæлæ уыдоны ‘хсæн чиныг «Ды – мæ хурыскаст, Бехъмаргом» зыны бæрæг ирддæрæй, хуызджындæрæй, мидисджындæрæй.

Фæцæр нын бирæ азты, Оля, уæнгрог æмæ хъæлдзæг зæрдæимæ.

Дæ хуынтæ – бирæ, ног хуынтæ хæссынхъом у дарддæр дæр.

                   ПЛИТЫ Гацыр,

Къостайы номыл паддзахадон

премийы лауреат

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.