Ирон музыкалон аивады æгæрон сты йæ лæггæдтæ Галаты Барисæн. 10-æм марты, уымæн йæ райгуырдыл сæххæст 133 азы. Уый цытæн мадзæлттæ уагъд æрцыдысты куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр.Нæ горæты  ахæм мадзал уагъд æрцыдис номдзыд композиторы хæдзар-музейы. Ардæм æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филологийы студенттæ, Галаты Барисы номыл Хуссар Ирыстоны зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль “Симд”-ы артисттæ, нæ горæты æмбæстæгтæ. Афтæ ма мадзалмæ бацыд æмæ дзы хайад райста Президент Бибылты Анатоли.

Хæдзар-музеймæ æрбацæуджытæн фадат уыдис, ам цы мемориалон экспонаттæ равæрд æрцыдысты, уыдонимæ базонгæ кæнынæн, фенæн дзы уыдис, композитор кæмæй пайда кодта, ахæм дзаумæттæ, афтæ ма ирон музыкалон фольклоры фæдыл къухæй басгарæн уыдис ирон адæмон музыкалон инструментты коллекцийæн. Саргъгæнæн ма уыдис оркестртæ, зарæггæнджыты хортæ саразыны фæдыл Галайы фырты – фыццаг профессионалон дирижеры реформаторон куыстæн. Уыдæттимæ зонгæ кæнгæйæ, хæдзар-музейы зæлыдысты фыццаг ирон киноныв «Фатимæ»-йæ драматикон музыкæйы зæлтæ.

Дарддæр хæдзар-музейы хатæнты æвæрд экспонаттимæ æрбацæуджыты зонгæ кодта Галаты Барисы номыл культурæйы фонды бындурæвæрæг  Гæбæраты Андрей. Уыдон уыдысты чингуытæ, дисктæ, патефоныл фыст нотæтæ, фонографыл, фисгармоныл Галайы фырты ныффыстытæ, афтæ ма йæ хъомылгæнинæгтæ, зындгонд композитортæ Гæбæраты Илья æмæ Хæбæлаты Зинæйы мысинæгтæ Галаты Барисы тыххæй.Мадзалмæ æрбацæуджытæн ма фадат уыдис Галаты Барисы тыххæй ист ног кинонывтæй скъуыддзæгтæм бакæсынæн. Ахæмтæ уыдысты Р. Гаспарянцы киноныв “Галаты Барисы рæстæг”, афтæ ма екатеринбургаг режиссер Хъараты Алексейы мультфильм “Привычка”, зæгъгæ, цыран Хетæгкаты Къостайы тыххæй сюжетимæ сиу сты Ирыстоны къуымтæм Галайы фырты экспедицитæ, афтæ ма симфонион концерт “Галаты Барис æмæ йæ ахуыргæнинæгтæ”, зæгъгæ, уымæй скъуыддзæгтæм бакæсынæн.

Ауагъд æрцыд тымбыл фынг ахæм темæйыл: “Галайы фырты бынтæ: æввахсдæр азты хæстæ æмæ перспективæтæ”.

Гæбæраты Андрей æрæмбырдуæвджытæн радзырдта музей, куыд арæзт цыдис, уый фæдыл. “Бирæ æрмæджытæ дзы ласт æрцыдысты, композитор кæм райгуырд, уырдыгæй. Ныртæккæ хæдзар-музей цы бæстыхайы ис, уым цард композитор йæхæдæг æмæ ныр рацарæзт æрцыд хæдзар-музеймæ”, – банысан кодта йæ раныхасы Андрей.

2008 азы августы хæсты хæдзар-музей бахъахъхъæд æрцыд фонды къухдариуæггæнджыты æмæ нæ паддзахады разамынады руаджы.

Паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли дæр базонгæ Галаты Барисы цард æмæ сфæлдыстадимæ баст уникалон экспонаттимæ. Банысан кодта композиторы хъæздыг культурон бынты ахсджиаг нысаниуæг ирон адæмæн. “Тынг цымыдисон сты экспонаттæ. Уыдон сты уникалон дзаумæттæ, партитурæтæ, Галаты Барисы куыстытæм чи хауынц, сæрмагондæй музыкалон драмæ “Нарты Батрадз”, киноныв “Фатимæ”-йы музыкæ, кæцы тынг æндавы адæймаджы удыл. Йæ алы композицийы дæр цæры стыр композиторы уд. Æз арфæ кæнын, композиторæн чи аргъ кæны æмæ цæмæй йæ ном цæра, уый тыххæй æппæтдæр чи аразы, уыдонæн”, – загъта Президент.

Уый уæлдай бузныг загъта Гæбæраты Андрей æмæ Гаглойты Лианæйæн, ахæм аудгæ ахаст кæй дарынц Галаты Барисы бирæ бынтæ æфснайын æмæ бахъахъхъæнынмæ, уый тыххæй.

Галаты Барисы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй бирæ фыст æрцыдис æмæ ноджыдæр фыс-дзысты. Адæймаджы йæ мæлæты фæстæ дæр сæ зæрдыл куы фæдарынц, йæ бакæнгæ хъуыддæгтæ  се ‘хсæн куы фæцæрынц, уæд фæцæры йæхæдæг дæр. Кæд физикон æгъдауæй нал ис, уæддæр йæ бакæнгæ хъуыддæгтæй не ‘хсæн цæры Барис дæр. Уымæн æмæ уый руаджы æнусты æрфæнтæй махмæ æрхæццæ ис æцæг ирон адæмон мелоди. Йæ ахуыргæнинаг, зындгонд композитор Гæбæраты Илья куыд дзырдта, афтæмæй хъуыдыгæнæн дæр нæй, Галайы фырт куынæ уыдаид, уый куынæ æрæмбырд кодтаид дала фæндыр, хъисфæндыр, дыууадæстæнон фæндыр, уадындз æмæ æндæр ахæмтæ, уæд абон уыдонæн се ссарæн нæ уыдаид. Галайы фыртмæ уыдон æмбырд кæныны тыххæй цахæм энтузиазм уыдис, уый дисы æфтауы адæймаджы.

Галаты Барис æппæт йæ цард снывонд кодта йæ раттæг адæмы ‘хсæн музыкалон ахуырад рапарахат кæнынæн. Стыр педагогон, зонадон куыст кæнгæйæ, канд курдиатджын музыканттæ не схъомыл кодта, фæлæ ма уæхскуæзæй куыста ирон адæмон зарджытæ æмæ мелодитæ æмбырд кæныныл, фыста сæ фонографыл æмæ сæ фæстæдæр рауагъта хицæн егъау чиныгæй æмæ афтæмæй бахъахъхъæд æрцыдысты махæн, нæ фæстагæттæн. Æдæппæт уыдысты 600 адæмон зарæг æмæ мелодийæ фылдæр. Композиторы æмæ ахуыргæнæджы вазыгджын сфæлдыстадон агурæнтæй йедзаг царды фæндагыл бирæ фыстæуыд æмæ куыд ма загътам, ноджыдæр фысдзысты музыкæзонджытæ, литератортæ, театрзонджытæ, публицисттæ.

                      БЕСТАУТЫ Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.