Горæт Алагиры уагъд æрцыд 2008-2009 азты гурыд спортсменты ‘хсæн РЦИ-Аланийы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ бæрæг цыдысты ацы кары спортсменты ‘хсæн марты мæйы Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионаты хайад чи райсдзысты, уыдон. Сæ тыхтæ дзы фæлвæрдтой хуссарирыстойнаг æвзонг богалтæ дæр. Бантыст сын иу сыгъзæрин, æртæ æвзист æмæ иу та бронзæ майдан рамбулын. 38 кг уæзы категорийы аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд Галуанты Арсæмæгæн. Уый финалы фæуæлахиз Таймæзты æфсымæрты клубы минæвар Елойты Сосланыл.

Хуссар Ирыстонмæ æвзист майдантимæ та æрæздæхтысты Галуанты Æхсæртæг (35 кг), Бететы Хетæг (44 кг) æмæ Болататы Дзамболат (52 кг). Æртыккаг та ссис Санахъоты Ален (38 кг).

Спортсменты бацæттæ кодтой тренертæ Коцты Тамерлан, Бикойты Азæмæт, Гæджиты Марат, Гæджиты Артур, Гæззаты Алан æмæ Джиголаты Андрей.

«Стыр бузныг нæ фæнды зæгъын нæ республикæйы къухдариуæгадæн. Сæрмагондæй та Гаглойты Николайæн ерыстæм ацæуынæн нын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй», – загъта Гæджиты Артур.

 

ÆМХÆЦЦÆ ÆМБУАР ХÆСТ

Æмхæццæ æмбуар хæстæй архайæг спортсменкæ Æфсæрæгаты Дианæйы къухты бафтыд радон уæлахиз. Уый Bellator-ы 290-æм турниры рамбылдта колумбийаг Алехандра Ларайы. Тох цыд АИШ-ы горæт Лос-Анджелесы. Тæрхонгæнджыты хицæн уынаффæйы фæстиуæгæн уæлахиз лæвæрд æрцыд ирон чызгæн. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Bellator-ы Дианæ кæй акодта цыппар тохы æмæ сæ алкæцыйы дæр уыд йæ ныхмæлæуджытæй тыхджындæр.

Æфсæрæгаты Дианæ спортæй архайын райдыдта 2013 азы. Уый афæдзы дæргъы тренировкæ кодта Цыколайы, уый фæстæ  тренировкæтæ кодта Мæскуыйы.

ТУАТЫ ÆФСЫМÆРТЫ УÆЛАХИЗ

Туаты æфсымæртæ Феликс æмæ Хетæг сæ тохты рамбылдтой уæгъдибар хъæбысхæсты шоу «Wolnik 9». Фыццаг уал гауызмæ рахызт Хетæг. Йæ ныхмæлæууæг уыд мæскуыйаг Эмир Ризаев. Сæ тох ацыд 31 кг уæзы категорийы. Хетæг æй фыццаг периоды кæрон йæ уæхсджытыл авæрдта æмæ афтæмæй фæуæлахиз.

Феликс та гауызмæ рахызт сæйраг тохты ‘хсæн. Хæцыд Кæсæг-Балхъарæй Имран Бакаевимæ. Фембæлд рауад æндыгъд. Тохы кæронмæ бирæ рæстæг нал хъуыд, афтæмæй Феликс æмбылды кодта. Фæлæ ирон богал тох кодта кæронмæ æмæ йын фæстаг секундты бантыст уæлахизæн æнæмæнгхъæуæг баллтæ сисын – 5:4.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.