Хуссарирыстойнаг æвзонг спортсменкæ Зассеты Амагæ ссис уæгъдибар хъæбысхæстæй Н. В. Сиротинины номыл дунеон турниры уæлахиздзау. Ерыстæ уагъд цыдысты белорусаг горæт Кричевы. Амагæ архайдта 46 кг уæзы категорийы. Уый акодта цыппар тохы æмæ сæ алкæцыйы дæр фæуæлахиз æмгъуыдæй раздæр. Амагæ финалы фембæлд горæт Мозыры минæвар Ульяна Хибовскаяимæ. Тохы райдиан Амагæйæн рауад уæззау. Хыгъд уыд 4:4, фæлæ ирон спортсменкæйæн бантыст йæ ныхмæлæууæджы йе уæхсджытыл авæрын æмæ ссис ерысты уæлахиздзау.

Зассеты Амагæйы тренертæ сты Коцты Тамерлан, Гæджиты Марат, Бикойты Азæмæт æмæ йæ фыд Зассеты Алан.

Дзюдо

Красноярскы уагъд цыд, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ’хсæн Уæрæсейы чемпионат дзюдойæ. Хайад дзы райстой 598 дзюдоисты. Ерысты 70 кг уæзы категорийы чызджыты ’хсæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд Карсанты Викторияйæн. Уый финалы фæуæлахиз Сыбыраг федералон зылды минæвар Дарья Казанцевайыл.

Хайад райсдзысты турниры

20 декабры Хъыргъызтаны уагъд æрцæудзæн Wrestling League (PWL-3). Турниры хайадисæг стъалыты ’хсæн уыдзысты ирон богалтæ — Олимпаг чемпион Сидахъты Зауырбег, Олимпаг хъæзтыты бронзæйон призер Найфонты Артур æмæ Олимпаг хъæзтыты хайадисæг Козырты Сергей.

Зауырбеджы ныхмæлæууæг уыдзæн 2022 азы дунейы чемпионаты бронзæйон призер Юнес Эмам (Иран), Найфонты Артур фембæлдзæн Азамат Даулетбековимæ (Казахстан). Козырты Сергей та тох кæндзæн Можтаб Голейджимæ (Иран).

***

Паралимпиаг æмæ æмхæццæ æмбуар хæстæй (ММА) спортсмен Кобесты Чермен контракт бафыста JW MMA Athlete Management-имæ. Уый фæрцы спортсменæн фадат уыдзæн зындгонд тренертæ æмæ менеджертимæ кусынæн.

«Уыдон мæ размæ кæндзысты АИШ-ы хуыздæр органи-зацитæм. Нæ нысан у Bellator кæнæ UFC-имæ бахауын», — банысан кодта Чермен.

Ныртæккæ бадзырдтæ уагъд цæуынц Кобесты Черменæн радон тох саразыны фæдыл.

Кобесты Чермен Уæрæсейы паралимпиаг æмбырдгонд командæйы сконды архайгæйæ, рамбылдта дунейы æмæ Европæйы чемпионатты майдантæ. 2017 азы та йын дебют уыд профессионалон æмхæццæ æмбуар хæсты. Афтæмæй уый историйы ссис дыккаг паралимпиаг, кæцы хайад исы ММА.

ХУРИТЫ Батрадз