Хуссар Ирыстоны æвзонг спортсменкæтæ Дудайты Доннæ æмæ Гаглойты Дианæ сæ тренер Созаты Владимиримæ фæуазæг сты информацион агентад Sputnik-ы пресс-центры залмæ, цыран радзырдтой се ‘нтыстыты æмæ сæ дарддæры фæндты тыххæй.

Æрæджы Самарæйы уагъдцæуæг ерысты Хуссар Ирыстоны каратисткæтæ дыууæйæ бацахстой призон бынæттæ. Кекусин-кан каратэйæ Дудайты Доннæ ссис Уæрæсейы чемпионкæ. Гаглойты Дианæ та бацахста æртыккаг бынат.  Кекусин-каны каратэйы Федерацийы сæйраг тренер Созаты Владимиры ныхæстæм гæсгæ, ерыстæ уагъд цыдысты «юниортæ» æмæ «юниоркæты» æхсæн æртæ кары категорийы. Ерысты хуссарирыстойнаг чызджытæ архайдтой 12-13 азы кары спортсменкæты къорды. Чемпионаты æдæппæтæй хайад райстой 480 спортсмены Уæрæсейы 20 регионтæй.

«Уæрæсейы чемпионаты размæ мах хайад райстам цалдæр турниры, куыд, Цæгат Кавказы Федералон зылды, Цæгат Ирыстоны чемпионатты, турнир «Сабыр Кавказ»-ы, Уæрæсейы Кубокы æмæ æндæр ерысты. Уæрæсейы Кубокæй дарддæр уыцы ерысты Доннæ ссис уæлахиздзау, Дианæ та бацахста призон бынæттæ»,- радзырдта Созаты Владимир.

Тренер ма куыд банысан кодта, афтæмæй чемпионаты райдианæй чызджытæн уыд хорз æнтыстытæ, развæлгъау тохты уыдысты тыхджындæр, финалы цыппæрæм хайы тохтæ та фесты æмгъуыдæй раздæр.

«Финалмæ ахизыны тыххæй тохы Дианæ уыд арæхстджындæр, фæлæ æруагъта рæдыд, ома, йæ сæр æркъул кодта йæ ныхмæлæууæджы æрдæм. Сæрæй ацы тæссаг змæлды тыххæй спортсмен æфхæрд æрцæуы бафæдзæхстæй, фæдзæхст та нымад цæуы «вазарийыл», ома, æрдæг уæлахизыл. Уымæ гæсгæ Дианæйæн нал баззад рамбулыны рæстæг æмæ фембылд. Мах ахæм чысыл рæдыдтытыл кусдзыстæм дарддæр дæр нæ радон тренировкæты. Æртыккаг бынатыл тохмæ уый йæхи бацæттæ кодта иттæг хорз æмæ рамбылдта»,- загъта Созаты Владимир.

Тренеры ныхæстæм гæсгæ, уый стыр райгондæй баззад йæ хъомылгæнинæгты æнтыстытæй  мæ банысан кодта, зæгъгæ, чызджыты удуæлдай тренировкæтæн уыд хорз фæстиуæг. «Ерысты финалон тох кæронмæ куы бахæццæ ис, уæд фехъусын кодтой Доннæ кæй сси уæлахиздзау. Доннæйы цæстæнгасыл зынд, фырцинæй йæ кæуын дæр кæй фæнды æмæ худын дæр.  Уæд афарстон: – Æмбарыс æй, цы сарæзтай, уый? Æмæ мын сдзуапп кодта: – Нæ, нæ йæ ‘мбарын, æз фæуæлахиз дæн? Сывæллон сывæллон у, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, йе ‘нкъарæнтæ стыр адæймаджы æнкъарæнты хуызæн нæ вæййынц. Спорты æппæт æнкъарæнтæ дæр хъуамæ уой татамийæн æддейæ. Нæ дарддæры тренировкæты хъæудзæн спортсменты психикæйыл бакусын, цæмæй егъаудæр ерысты сæ нуæрттæ уой сабырдæр», – банысан кодта тренер.

Дзæуджыхъæуы январы мæйы райдианы чызджытæм æнхъæлмæ кæсы Рождественский турнир. Созаты Владимиры ныхæстæм гæсгæ æввахс рæстæджы сæ зæрды нæй егъау ерыстæ уадзын. Ныр та уал чызджыты хъæуы сæ рæдыдтытыл кусын. Уый ныфс ис æмæ та æрбалæугæ азы дæр йæ хъомылгæнинæгты æнтыстытыл кæй цин кæндзыстæм. Уыдон уæд ахиздзысты хистæр кары къордмæ, ома тох кæндзысты 14-15 аздзыдтимæ. «Уым уыдзæн æндæр тых, тагъддзинад æмæ фæразондзинад.

Æмæ мах та бахъæудзæн æппæт хистæр кары къордтыл рацæуын. Мæн тынг фæнды, цæмæй мæ хъомылгæнинæгтæ дардæр дæр сæхиуыл кусой, рамбулой æппæт ерысты дæр æмæ бацæуой хистæр кары къорды категоримæ. Уым æппæт дæр у æндæргъуызон, ома, уым цæфтæн нæй арæнæвæрд, цæф æрмæстдæр нымад цæуы уæд, кæд æмæ дæ ныхмæлæууæг цæфæй ахауд, йæ ориентаци, кæнæ та рæстæгмæ йæ æнкъарынад фесафа. Уый æртæ уысммæ куы нæ сыста, уæд фембылд уыдзæн», – радзырдта Созаты Владимир.

Кæд нын æхцайы фæрæзтимæ проблемæтæ нæ фæзына, уæд та марты мæйы ногæй  Доннæ æмæ Дианæ хайад райсдзысты ЦКФЗ-ы чемпионаты. Уый размæ уал спортс-менкæтæ хайад райсдзысты Ставрополы ерысты, майы мæйы – Хуссар Федералон зылды æмæ сæрды та –  Цæгат Ирыстоны чемпионаты. Сентябры мæйы та уагъд æрцæудзысты æвзæнгты æхсæн хæстон аивæдты æппæтуæрæсейон  хъæзтытæ.  Уырдæм æрцæудзæн цалдæр мин спортсмены, кæцытæ хайад исдзысты хæстон аивæдты хъæзтыты 30 хуызы.

Уæрæсейы чемпионаты цхинвайлаг спортсменкæтæн хорз æнтыстытæ кæй уыд, уый сын радта дунейы æмæ Европæйы чемпионатты хайад райсыны фадат. Фæлæ тренеры хъуыдымæ гæсгæ, ахæм æмвæзадмæ схизынæн нырма рæстæг хъæуы. Тренер куыд загъта, уымæ гæсгæ уал сæ нырма ацæуын хъæуы æппæтдунеон ерыстæм æмæ сæхи хуыздæр бацæттæ кæнын.

Созаты Владимир радзырдта, зæгъгæ сын фадат ис кекусин-кан каратэйы æппæтдунеон организацийы скондмæ бацæуынæн дæр.  «Уыцы организацимæ æз арвыстон информацион фыстæг – мæхи, Хуссар Ирыстоны секцитæ æмæ æмткæй, нæ республикæйы тыххæй. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уымæй фадат ис, цæмæй ацы фарстмæ æркастæуа æмæ Хуссар Ирыстон бацæуа уыцы æппæтдунеон орга-низацийы скондмæ. Уый нын фæахъаз уыдзæн Еворпæйы дунеон ерысты хайад исынæн”, – загъта Владимир.

Уый  æрдзырдта  спорты ацы хуызы кæцыдæр сусæгдзинæдтыл дæр.

«Кекусин-кан каратэйы стилы бындурæвæрæг Масутацу Оямайы фæзианы фæстæ (1994 азы) ацы стиль дихгонд æрцыд фондз скъолайыл. Уыцы скъолаты техникæйы онг алцыдæр у æмхуызон, æрмæст сын ис æндæр æмæ æндæргъуызон нæмттæ. Растдæр дзы у мах хуыз  кекусин-кан каратэ. Ацы стилы бындурæвæрæг ерыстæ сарæзта цардмæ хæстæгдæр  «кæд æмæ дын  æртæ уысммæ бантыса сыстын, уæд дæ дæ ныхмæлæууæг нæ фæнæмдзæн, æмæ дæ бон уыдзæн дарддæр дæр тох кæнын, дæ бон куы нæ суа – фембылд уыдзынæ”, – банысан кодта уый.

Пресс-конференцийы сæйраг хъайтартæ Доннæ æмæ Дианæ дæр сæ хъуыдытæ радзырдтой кекусин-кан каратэйы секцитæм куыд бацыдысты æмæ сæ цы сразæнгард кодта дарддæр уым тренировкæ кæнынмæ, уыдæтты тыххæй.

«Мæн тренировкæтæм бакодта мæ мад ахæм дзырдимæ, зæгъгæ, абон бацæудзынæ æмæ кæд дæ зæрдæмæ фæцæуа, уæд дæ тренировкæтæ адарддæр кæндзынæ. Фæлæ мæ мад уый æнхъæл нæ уыд æмæ æз афтæ лæмбынæгæй райдыдтаин тренировкæ кæнын. Тынг мæ зæрдæмæ фæцыдысты æмæ «ос», зæгъгæ, куы дзырдтой, уый мæ тынг бацымыдис кодта», – радзырдта Доннæ.

Йæ тренеры ныхæстæм гæсгæ Доннæ йæ фыццаг трени-ровкæтæй равдыста йе ‘взыгъддзинад, физикон тых, тасын-дзинад æмæ хорз хъуыдыкæнынад. Æрдæг аз цæттæ кæныны фæстæ Доннæ бацахста фыццаг бынат æвзæнгты æхсæн хæстон аивæдты хъæзтыты.

Дианæ та кекусин-кан каратэйы секцитæм бацыд æхсæз аздзыдæй. «Фыццаг ерыстæ мын уыдысты тынг æнцон, ныр фæзындæр сты. Мæн фæнды дарддæр дæр ацы спорты архайын»,- загъта Дианæ. Чызджытæ радзырдтой, зæгъгæ спорты цы зонындзинæдтæ райстой, уыдон сæ царды нырма никуы бахъуыдысты. Æрмæст Дианæ æрымысыд, чысылæй йæ нацийы сæрыл куыд рахæцыд æмæ гыццыл лæппуты куыд фæнадта. Уыдон, зæгъ, ирæтты хуыдтой «тæппудтæ».

Тренеры ныхæстæм гæсгæ, уый йæ хъомылгæнинæгтæн æмбарын кæны, царды хи хизын кæй хъæуы алыгъуызон быцæутæй. Уый дæр у цæттæкæныны хæйттæй сæ иу. Уыимæ нырма бахъæудзæн спортсменты зонгæ кæнын.

Уый радзырдта, зæгъгæ, ацы спорты архайынц æндæр æвзыгъд спортсментæ дæр, куыд зæгъæм, 9 аздзыд Тедеты Аня, 14 аздзыд Тадтаты Софья. Ис нæм 7-8 аздзыд чысыл чызджытæ, кæцытæ секцимæ æрбацыдысты хæрзæрæджы. «Ахæм спорты хуызтæ, куыд бокс, хъæбысхæст, сумо, уыдон эстетикон не сты сылгоймагæн, æппындæр æй нæ хъæуынц. Травмæтыл куы дзурæм, уæд кекусин-кан каратэйы, уыдон хоккей æмæ футболæй къаддæр сты», – радзырдта тренер.

Журналисттæ ма бацымыдис кодтой секцитæ кæм уагъд цæуынц, цы проблемæтыл æмбæлынц æмæ финансон фæрæзтæй куыд ифтонг сты, уыдонмæ, æмæ сын Созаты Владимир афтæ сдзуапп кодта:

«Финансон фарст хуссарирыстойнаг спортсментæн кæддæриддæр уыд проблемон. Бюджетон фæрæзтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, алкæй фаг нæ вæййынц, уымæ гæсгæ арæх æххуысмæ бахатæм чиновниктæ æмæ амалиуæг-гæнджытæм. Нырма ис хæларзæрдæ адæмтæ, æмæ уыдон   уæлæхох не сты нæ фæсивæды сомбоныл. Тынг арæх нын баххуыс кæны Фæндæгты арæзтады комитеты сæргълæууæг Гуыззыдтаты Эдуард, нæ Парламенты спикер Гасситы Петр, Уæлвæткон уавæрты министр Тадтаты Алан. Уæрæсейы чемпионатмæ куы цыдыстæм, уæд нын тынг баххуыс кодта Самарæйы Ирон  националон культурон центр «Алания»-йы сæргълæууæг Хуыгаты Ростик. Самарæйы ирæттæ тынг хæцыдысты нæ чызжыты æвварс. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, фарсхæцынад алы хатт дæр ахсджиаг вæййы æмæ, æвæц-цæгæн, уый дæр бандæвта нæ хорз æнтыстыл.

Нæ секцитæ 2009 азæй нырмæ уадзæм 4-æм æфсæддон базæйы территорийыл, фæлæ нæ, æвæццæгæн, тагъд рæстæджы бахъæудзæн ног бынат бацагурын. Уыимæ нын, гæнæн ис, æмæ проблемæтæ фæзына, уымæн æмæ   фæсивæдон спортивон скъолайы изæры авд сахаты онг сæрибар бынат нæ вæййы. Æмæ сывæллæттæн та аст сахатæй фæстæмæ нæй тренировкæгæнæн. Спорткомплекс «Олимп»-ы  та къуыри æртæ бонæн залæн фидын хъæуы 8 мин сомы. Æмæ æз та уыцы æхца сывæллæттæй нæ исдзынæн»,- банысан кодта Созаты Владимир.

Доннæ æмæ Дианæ пресс-конференцийы кæрон журналисттæн равдыстой мастер-класс кекусин-кан каратэйæ.

Кокайты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.