Радиоэлектронон развæдсгæрсты тыххæй дзуаппдæттæг  стырбритайнаг хицауады бастдзинады центр зыдта, саудоваг журналист Джамаль Хашоггийы аскъæфт кæй цæттæ кæнынц, уый тыххæй. Бритайнæгтæн, цыма, сæ бон ссис саудоваг развæдсгæрсты кусджытæн Туркæй сусæгæй оппозицион журналисты раласыны тыххæй бардзырдмæ байхъусын. Уыимæ æххæстгæнджытæн бар уыд сæхимæ куыд растдæр кæсы, афтæ архайын, кæд æмæ Хашогги ныхмæ фæлæууа, уæд. Газет DaiIy Express  анонимон ратæдзæнтæ куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ бардзырд радтой къаролы бинонтæ.

1-æм октябры бритайнаг спецслужбæтæ банысан кодтой, зæгъгæ, ахсæг къорд рацыд Саудоваг Аравийæ Стамбулмæ. Фæлæ Лондон ницы мадзæлттæ райста, æрмæстдæр æнæбары бафæдзæхста саудоваг партнерты. «Нæхи каналтыл мах бафæдзæхстам Саудоваг Аравийы, зæгъгæ, уый у æвзæр идея. Уый фæстæ цы цаутæ æрцыд, уыдон бафидар кодтой, нæ фæдзæхст нын кæй ницæмæ æрдардтой, уый». Бри-тайнаг спецслужбæты æвæлмасдзинад æвзæрын кæны бирæ фарстатæ. Лондоны развæдсгарæн æмæхсæнадмæ æввахс эксперттæ райдыдтой информаци дæттын, зæгъгæ, Хашогги уыд  исламист, хæлар уыд Усама бен Ладенимæ æмæ Йемены хæцыд афгайнаг джихадистты æвварс. Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр саудовæгты карз архайдтытæн уыд æндæр аххосаг.  Саудоваг журналисты æввахс хæлар фидарæй дзуры, зæгъгæ, Хашогги хъуамæ райстаид документтæ, кæцытæ бафидар кодтаиккой, Саудоваг Арави Йемены химион хæцæнгарзæй кæй спайда кодта, уый. «Æз Джамалыл амбæлдтæн йæ амæлæтæй иу къуырийы размæ. Уый уыд мæсты æмæ йæхинымæр тыхст. Куы йæ бафарстон, зæгъын, цы æрцыдис, уæд æй нæ фæндыд дзуапп радтын, фæлæ мын уæддæр радзырдта, зæгъгæ, æмбырд кæны бæлвырдгæнæнтæ Саудоваг Арави химион хæцæнгарзæй кæй спайда кодта, уый тыххæй». Бритайнаг фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад фехъусын кодта, зæгъгæ, Хашоггийы амарын баст нæу Йемены æмбæстагон хæстимæ. Официалон Лондон хæцы ацы конфликты Саудоваг Аравийы æвварс æмæ журналисты амарыны фæдыл йæ реакци уыд хиуылхæцгæ. «Мах хъуамæ саразæм алцы дæр, цæмæй ахæм тæссаг инцидент фæлхатгонд макуыуал æрцæуа. Мах цалынмæ исты уынаффæ исæм, уæдмæ уал æнхъæлмæ кæсдзыстæм фæдагуырды фæстиуджытæм. Саудоваг Аравиимæ мах бæтты тынг ахсджиаг стратегион ахастытæ, уыцы нымæцы хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады иумиаг куыст, кæцы аирвæзын кодта бирæ адæмы цард Стырбританийы уынгты. Афтæ ма нæ бæтты базарадон партнерондзинад, кæцы ахъаз кæны мингай кусæгон бынæттæ бахъахъхъæнынæн», – фехъусын кодта Стырбританийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джереми Хант.

Уæдæ Стырбританийы дæр АИШ-ау нæ фæнды Саудоваг Аравиимæ ахастытæ халын æмæ уыдонæн хæцæнгарз уæй кæнын æруромын. Саудовæгтæ Йеменмæ куы æрбабырстой, уæдæй фæстæмæ рацæугæ цыппар азмæ Стырбритани саудовæгтæн хæцæнгарз ауæй кодта цыппар миллиард 700 милуан фунты аргъ – уый у æхсæз миллиард доллары æмæ ахæм æхцатæ фесафын та Лондоны нæ фæнды. Саудоваг Аравийы къухдариуæгады закъазмæ гæсгæ цы стыр фыдракæнд арæзт æрцыд, уый, зæгъгæ, æрцыд æндæр бæстæйы, зæгъæм, Уæрæсейы кæнæ Китайы, уæд ын афонмæ АИШ сæ ныхмæ бакодтаиккой санкцитæ, æнæхъæн дунейы сын сæ ныхмæ скодтаиккой, рарвыс-таиккой сын сæ дипломатты. Фæлæ саудовæгты ахасты ницы дзурынц. Уый размæ  АИШ-ы президент Дональд Трамп та фехъусын кодта, зæгъгæ, уый нæ фехалдзæн йæ ахастытæ Саудоваг Аравиимæ, уымæн æмæ йын ацы бæстæимæ ис бирæмилуанон контракттæ хæцæнгæрзтæ уæй кæныны фæдыл. Иннæ ахæм Саудоваг Арави Ныгуылæны хъæуы Иран æмæ Сирийы ныхмæ тохы, афтæ ма Скæсæны террористон къордты финанс кæнынæн. Стамбулы Саудоваг Аравийы консулады оппозицион журналистæн цытæ бакодтой, уымæй æвирхъаудæр цау ма цы хъуамæ уа. Ахæм æбуалгъы инцидент дунейы никæцы бæстæйы консулады ма æрцыд ныры онг. Дзыллон информацийы фæрæзты хъусын-гæнинæгтæм гæсгæ,  марджытæ музыкæмæ хъусгæйæ Хошаггийы суæнгтæ кодтой, йæ сæр ын ралыг кæнгæйæ. Гъе, уый дын ныгуылæйнаг рæстдзинад!

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ организаци «Репортеры без границ»-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2018 азы æнæхъæн дунейы сæ профессионалон архайдмæ гæсгæ кæй фæмард сты 56 журналисты.

Джамаль Хошаггийы мард буар абоны онг дæр нæма разынд…

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.