Еврокъамисы домæнтæ

Европæйаг чиновниктæ равдыстой сæ катайдзинад Киевы реформæтæ ауадзыны фæдыл. Еврокъамис фехъусын кодта къорд домæны, кæцыты Киев хъуамæ сæххæст кæна æвæстиатæй. Уæлдай тынгдæр Европæйы тыхсын кæны коррупцийы фарст. Еврочиновниктæ, сæрмагондæй домынц, цæмæй фæтагъддæр кæной антикоррупицон хæдбар тæрхондон саразын, коррупци аиуварс кæныны фæдыл Национ агентады авторитет сæндидзын кæнын. Уыдонмæ дисау фæкаст коррупци аиуварс кæнын фæдыл Национ агентад 1,5 милуан декларацийæ æрмæстдæр 100 кæй бабæрæг кодта, уый. Ацы домæнтæ Украинæ куынæ сæххæст кæна, уæд гæнæн ис æмæ сын аивой æнæвизæйон режим.

Бар радтой хæцæнгарзы коммерцион

экспортæн

АИШ-ы паддзахадон департамент бар радта Украинæмæ æхсæн хæцæнгарзы коммерцион экспортæн. Декабры департа-мент хорзыл банымадта Украинæмæ егъаукалиброн снайперон ви-нтовкæтæ, хæстон æрмæджытæ æмæ уыдонмæ фæсаурæцты экс-порты фæдыл коммерцион лицензи 41,5 милуан доллары аргъæй. Афтæ ма Канадæйы æддагполитикон ведомство фехъусын кодта Оттавæйы уынаффæйы тыххæй Украинæйæн уæлæмхас 7,75 ми-луан канадæйаг доллары (АИШ-ы 6 милуан доллары) рахицæн кæ-ныны тыххæй. Уæрæсе бафæдзæхста АИШ æмæ Канадæйы Украи-нæйы хæцæнгарзæй сифтонг кæныны фæстиуджыты тыххæй.

Фæцæфтæ сты 82 адæймаджы

Палестинæгтæ æмæ израилæгты ‘хсæн ныхмæлæудтыты хъыгдард баййæфтой 82 адæймаджы, уыдонæй 30 адæймаджы уæззау уавæры бахаудтой рынчындонмæ. Ныхмæлæудтытæ райдыдтой Израилмæ АИШ-ы вице-президент Майк Пенсы визиты размæ.

Фæмард сты дыууæ адæймаджы

Донбассы горæт Ясиноватайы украинæйаг тыхон структурæты ‘рдыгæй æхстыты рæстæджы фæмард сты дыууæ сабыр цæрæджы, афтæ ма цалдæр адæймаджы та цæфтæ фесты.  Хъыгдард баййæфтой 14 хæдзары æмæ газуадзæн хæтæлы цалдæр фады-джы. Ясиноватая ис Донецк æмæ Авдеевкайы ‘хсæн, кæцы ис Кие-вы контролы бын æмæ регулярон æгъдауæй бахауы æхстыты бын.

Ныхас кодтой телефоны

Уæрæсейы Президент Владимир Путин Саудаг Аравийы къароль Сальман Бен Абдель Азиз Аль Саудимæ телефоны ныхас кæнгæйæ æруынаффæ кодтой йеменаг фарст æрбæстон кæныны фарстытыл. Саудаг Аравийы къароль равдыста йæ тыхстдзинад йеменаг змæлд «Ансар Алла»-йы боевиктæ Эр-Риядайы здæхты баллистикон ракетæ кæй рауагътой, уый фæдыл. Путин банысан кодта инцидент æппæтфарсонæй раргом кæныны ахсджиагдзинад æмæ рахæцыд йеменаг кризисы сабыр æгъдауæй, национ диалогы руаджы аскъуыддзаг кæныны æвварс. Уынаффæ ма кодтой сирийаг проблемæйыл дæр.

ИНО-йы сæрмагонд минæвар æрцыд Уæрæсемæ

Сочийы Сергей Лавров æмæ Шойгу  ИНО-йы сæрмагонд минæвар Стаффан де Мистураимæ уынаффæ кодтой Сирийы национ диалогы фæдыл. Стаффан де Мистура загъта, зæгъгæ, бирæ къахдзæфтæ арæзт æрцыд, фæлæ разæй ноджы фылдæр саразинаг ис. Сергей Лавров загъта, зæгъгæ, ис бирæ фактортæ, кæцыты иуæй-иутæ фæлварынц процесс фæзындæр кæныныл. Сергей Шойгу радзырдта ИНО-йы минæварæн, Сирийы зæххыл цы цæуы, уый тыххæй. Сирийаг лигъдæттæ массон æгъдауæй здæ-хынц ссæрибаргонд горæттæм. Зæгъæм, Дейр-эз-Зонмæ æрбаздæхтысты 3500 бинонтæ. Ахæм уавæр ис Пальмирæйы дæр. Уæлдай вазыгджындæр уавæр ис горæт Раккайы. Горæт практиконæй у пырх, тæссаг у эпидемийæ дæр. Фæмардуæвджыты мардбуæрттæ сты пырхæнты бын, ис дзы бирæнымæц минæтæ.  Уым хъæуы тынг серьезон тыхтæ дунеон æхсæнады ‘рдыгæй. Уæрæсе фæндон хæссы Сочийы сирийаг адæмы конгресс ауадзыны тыххæй, цæмæй сирийæгты фембæлой лæгæй лæгмæ, фадат сын радтын хъæуы фидæны конституцийыл æруынаффæ æмæ бадзырдтæ къухты бафтын кæнынæн. Стаффан де Мистура ацы фæндоны фæрсты ахызт дипломатонæй. Уый уæддæр у женевæйаг бадзырдты фарсхæцæг, кæд æмæ йæ зоны бадзырдтæн ницы уадиссаг ныса-ниуæг ис, уæддæр.

Закъон райстой кæройнаг бакасты

Паддзахадон Думæ сфидар кодта фыццаг æмæ дыккаг сывæллоны райгуырды рæстæджы æрвылмæйон бафыстытæ. Уый фæдыл депутаттæ райстой закъон æртыккаг кæройнаг бакасты. Закъоны проект бакуыстгонд æрцыд бæстæйы позитивон демографион тенденцитæ бахъахъхъæныны нысанæн.

Рацыдысты АИШ-ы уынаффæйы ныхмæ

ИНО-йы Генералон Ассамблея схъæлæс кодта Израилы сто-лицæйæ Иерусалимы банымайыны ныхмæ. 128 бæстæйы рацы-дысты Иерусалимы европæйаг паддзахады столицæйæ банымайы-ны ныхмæ. 35 бæстæйы сæхиуыл фæхæцыдысты, фараст бæстæйы та рахæцыдысты америкæйæгты æвварс. Уый размæ ИНО-йы АИШ-ы минæвар Никки Хейли йæ коллегæты бафæдзæхста, зæгъгæ, Америкæйы уынаффæйы æвварс куынæ схъæлæс кæной, уыдонæн, зæгъ, уыдзæн æвзæр фæстиуджытæ. «Президент Дональд Трамп лæмбынæг йæ хъус дардзæн хъæлæсæппæрстмæ æмæ домы, цæмæй йын хыгъд радтон уынаффæйы ныхмæ чи схъæлæс кодта, уыцы бæстæты тыххæй», – загъта уый.

Испан фембылд, уæлахиз кæны Каталони

21 декабры Каталонийы уагъд æрцыдысты парламентон æнæ-радон æвзæрстытæ. Каталонийы хæдбардзинады æвварс чи у, уыцы æртæ партийы парламенты 135 бынатæй райстой 70 бынаты æвзарджыты хъæлæсты 99% фæстиуджытæм гæсгæ. Парти «Вместе за Каталонию»-йæ фыццаг номыры бын уыд Каталонийы раздæры сæргълæууæг Карлес Пучдемон. Парти райсдзæн 34 депутатон мандаты. Пучдемон æмбæхсы Бельгийы, уымæн æмæ йын Испаны рафыстой ордер йе ‘рцахсыны тыххæй. Ноджы ма 32 бынаты парламенты райста парти «Левые республиканцы Ката-лонии». Йæ лидер у Пучдемоны раздæры хæдивæг Ориол Жункерс, кæцыйы æрцахстой автономийы хæдбардзинады референдумы фæстæ.

Сиу сты дыууæ донбылгæроны

Хъырымы хиды аразджытæ сиу кодтой Хъырым æмæ Таманийы донбылгæрæттæ. Керчы донкъубалы сæрты чи цæуы æмæ материк æмæ æрдæгсакъадахы чи сиу кодта, уыцы æфсæй-нагæй арæзт конструкцийæн йæ иумиаг уæз у 100 мин тоннæйæ фылдæр, æмæ лæууы 288 цæджындзыл.  Аразджытæ хидыл фыццаг ауадзын фæнд кæнынц гæдыйы, кæцы дыууæ азы дæргъы цæ-ры арæзтады. Хъырымы хидыл автомашинæтæ цæуын райдай-дзысты 2018 азы кæрон. Поездты змæлд та плангонд у 2019 азы декабрмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.