Бæрæг куыд у, афтæмæй цалдæр мæйы дæргьы Дзæуджыхъæуы Уæлдæр тæрхондоны фæдагурæн куыстытæ цыди ирон æфсæддонтæ – Æлбегаты Зелим æмæ Сланты Арсены резонансон хъуыддаджы фæдыл. Ацы дыууæ ирон æфсæддоны контрактон службæ хастой Уæрæсейы Федерацийы цыппæрæм æфсæддон базæйы, кæцыйæн йæ æфсæддон хай ис Хуссар Ирыстоны территорийыл. Фæдагурæн куыстыты рæстæджы куыд рабæрæг,  афтæмæй ацы хъаугъа уæрæсейаг æмæ ирон æфсæддонты ‘хсæн æрцыд ацы аз майы мæйы, зæгъгæ, Сланты Арсен æмæ Æлбегаты Зелим фыднад фæкодтой уæрæсейаг афицерты. Ацы хъуыддаг стыр резонанс расайдта не ‘хсæнады.  Уæлдæр тæрхондоны рабадты фæстиуджыты æвдыст цыд алыгъуызон æнæраст информаци, кæцыты комкоммæ дзырд цыд,  ирон æфсæддонтæ азымджын кæй сты, уый тыххæй. Æппæт уыцы æнæраст информаци дызæрдыгдзинад æвзæрын кодта, тæрхондоны æппæт процесстæм йæ хъус чи дардта, не ‘хсæнады уыцы минæвæрттæм. Уыцы æнæразыдзинæдтæн æвдисæн уыдысты, Уæлдæр тæрхондоны бæстыхайы размæ æхсæнады, дзыллон информацийы фæрæзты минæвæртты тыхстдзинады æнкъарæнтæ афтæ ма интернеты тыгъдады æппæт тæрхондоны процессы фæдыл цы комментаритæ кодтой, уыдон. Адæмæй бирæтæ дзырдтой, зæгъгæ, ирон æфсæддонтæ ахæм æбуалгъ ми никуы бакодтаиккой. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ дыууæ ирон æфсæддоны уыцы конфликты фæстæ кæй рацыдысты медицинон басгæрст. Уым куыд æвдыст æрцыд, афтæмæй уыдон буæрттыл уыд уæззау цæфтæ. Хъыгагæн,  Уæлдæр тæрхондоны медицинон экспертизæ ахæм басгæрстыл не сразы,  фæлæ æппæт тæрхоны хъуыддагмæ хаст æрцыдысты уæрæсейаг æфсæддонты медицинон экспертизæйы медицинон басгæрсты æп-пæт хъæуæг документтæ.

Æппæт тæрхондоны рабадтыты рæстæджы ивд цыдысты ацы хъуыддаджы фæдыл æвдисæндзинæдтæ, уымæ гæсгæ ивд цыдысты тæрхондоны рабадтыты рæстæг дæр æмæ бонтæ дæр.

Ирон адæм кæддæриддæр иудзинад равдисынц зын рæстæджы. Æмæ та ацы хатт дæр фæстæ нæ фæлæууыдысты. Уæлдæр тæрхондоны рабадтыты рæстæджы не ‘мзæххон æфсæддонтыл уæззау азым кæй æвæрдæуыд, уый фæдыл адæм æнæууæнк систы слестгæнджыты куыстыл дæр æмæ уый фæдыл ирон æхсæнад куыд цæгаты, афтæ  хуссары дæр сæ фарсмæ балæууыдысты æмæ къухфыстытæ æмбырд кодтой Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгуйы номыл, цæмæй ацы хъуыддагмæ йæ хъус æрдара. Æппæт фæдагуырды мадзæлтты фæдыл Тæрхондон рахаста æфсæд-донтæн ахæстоны фæбадыны æмгъуыд. Уыцы уынаффæимæ се ‘нæразыдзинад равдыстой Сланты Арсен æмæ Æлбегаты Зелим æмæ балæвæрдтой тæрхондоны райсгæ уынаффæйы фæдыл апелляци.

Апелляци бадæттыны фæстæ, ирон æфсæддонтæ 26 октябры сæрибар æрцыдысты ахæстонæй, сæ тæрхоны æмгъуыд ивд æрцыд дзырдæй æмгъуыдæй. Уыдонмæ ахæстоны бæстыхайы раз æнхъæлмæ кастысты, канд сæ хиуæттæ нæ, фæлæ ма æхсæнады минæвæрттæ дæр. Уыдон бузныг æмæ арфæйы ныхæстæ загътой, уыцы уæззау бонты сæ фарсмæ чи балæууыд, уыцы адæмæн.

Нæ уацх. 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.