Мысæн изæр

15-æм марты на горæты Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы уагъд æрцыд ирон курдиатджын фыссæг, поэт Хостыхъоты Зинæйы мысæн изæр. Мадзал бацæттæ кодтой ацы библиотекæйы кусджытæ сæ директор Кокойты Валерияйы хъæппæрисæй Цхинвалы  2-æм скъолайы хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтимæ иумæ.

Мысæн изæрмæ æрбацыдысты æмæ дзы хайад райстой Ирыстоны фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон, РХИ-йы Парламенты комитеты сæрдар, фыссæг Гæбæраты Юри, РХИ-йы Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ, горæты библиотекæты бæрнон кусджытæ, ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ.

Библиотекæйы кусджытæ мысæн изæры сæраппонд бацæттæ кодтой Хостыхъоты Зинæйы чингуыты равдыст æмæ фотостенд, цыран фенæн æмæ бакæсæн уыд фыссæджы къамтæ, афтæ ма Зинæйыл фыст уацтæ дæр.

Бæрæг куыд у, афтæмæй Анахарсисы номыл библиотекæйы кусджытæ ацы мысæн изæр ауагътой, РХИ-йы Культурæйы министрад нæ республикæйы библиотекæты ʻхсæн цы конкурс расидт, уый фæлгæтты. Æмæ йæм, кæй зæгъын æй хъæуы, сæхи дæр бацæттæ кодтой иттæг хорз.

Ирон аив литературæйы бирæ курдиатджын фысджытæ уыдис æмæ ис, фæлæ йæм æппæты фыццаг Хостыхъоты Зинæйæ курдиатджындæр поэтессæ ничи æрбакъахдзæф кодта. Сылгоймаджы поэзийы æхцон ад æм фыццаджы-фыццаг уый аивадæй æрбакалд. Уый фæдыл бæстондæрæй раныхас кодтой мадзалы организатортæ æмæ чиныгкæсджытæ дæр.

Мысæн изæрмæ æрбацæуæг адæмæн, мадзал чи срæвдз кодта, уыдонæн бузныг æмæ арфæйы ныхæстæ зæгъыны фæстæ библиотекæйы кусæг Икъаты Аринæ бакаст поэтессæйы зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæтæй иу – «Æз –  сылгоймаг, цардаразæг фарн дæн», зæгъгæ, ахæм сæримæ æмæ ныхасы бар радта йе ‘мкусæг Сланты Заирæйæн. Уый цыбыртæй æрдзырдта Хостыхъоты Зинæйы цардыл, куыд æрбацыд ирон аив литературæмæ æмæ дзы цы арф фæд ныууагъта, æппæт уыдæттыл. Банысан кодта Хостыхъоты Зинæйы æнæкæрон уарзондзинад йæ райгуырæн бæстæмæ, йе стыр удыхъæд æмæ рæстдзинадыл æргомдзурæг кæй уыдис, уый. « Ацы аз Хостыхъоты Зинæйæн йæ райгуырдыл æххæст кæны 80 азы, фæлæ, стыр хъыгагæн, абон не ‘хсæн нал ис æмæ нæ æрбамбырд кодта йæ мысæн изæр. Цард афтæ арæзт у æмæ не ‘хсæн куы нæ уал вæййынц  Зинæйы хуызæн адæймæгтæ, сæ лæггæдтæй куы фæцух вæййæм, уæд ма махæн нæ бон вæййы æрмæстдæр уыдонæн сæ рухс нæмттæ арын. Сæ лæггæдтыл сын дзурæм æмæ сын кад кæнæм.

Хостыхъоты Зинæ йæхи снывонд кодта 40 азы сфæлдыстадон куыстæн   æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта тынг бирæ. Ныффыста бирæ уацмыстæ, сфæлдыста сæдæгай фæлгæнцтæ, фæлæ уæддæр Хостыхъоты Зинæ сфæлдыстады мидæг æппæты тынгдæр кæм рарттывта, уый у поэзи. Зинæ дзырдта, зæгъгæ, поэзи у мæ Хуыцау. Æмæ, æцæгæйдæр, уый ахæм диссаджы æмдзæвгæтæ ныффыста æмæ тынг цæуынц адæмы зæрдæмæ. Æз куыд библиотекæйы кусæг, афтæ бафиппайдтон,   йæ чингуытæ йын кæй уарзынц æмæ сæ кæй кæсынц адæм, уый. Уыцы чиныгкæсджыты ‘хсæн сты, абон нæ мадзалмæ чи ‘рбамбырд сты, уыцы скъоладзаутæ, ахуыргæнджытæ, уы-дон сты алыгъуызон уагдæтты кусджытæ æмæ мæ фæнды уе ‘ппæтæн дæр зæгъын стыр бузныджы ны-хæстæ», – загъта Сланты Заирæ.

Дарддæр мадзаламонæг Республикон библиотекæйы бæс-тæзонæн хайады сæргълæууæг Тъехты Ингæ ныхасы бар радта чиныгкæсæг Къæбысты Заринæйæн, кæцы доклад бакаст Хостыхъоты Зинæйы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй.

– Хостыхъоты Зинæ Ахмæты чызг райгуырд 1937-æм азы цыппурсы мæйы 31-æм боны Цæгат Ирыстоны Æрыдоны районы Хъæугæроны хъæуы. Астæуккаг скъола каст фæцис сæхи хъæуы 1955 азы. 1957-æм азы бацыд Мæскуыйы М.Горькийы номыл Литературон институтмæ æмæ йæ каст фæцис æнтыстджынæй 1962-æм азы. Йе ‘мдзæвгæты фыццаг æмбырдгонд «Заря в моем окне» мыхуыры рацыд рауагъдад «Молодая гвардия»-йы. Йæ дыккаг чиныг «Утренняя роса» та рацыдис 1967 азы. Куы æрыздæхт, уæд кусынмæ бацыд газет «Рæстдзинад»-мæ æмæ уæд ссардта йæ амонд дæр. Фæстæдæр æрцард Хуссар Ирыстоны. Дæс азы фæкуыста журнал «Фидиуæг»-ы хайады сæргълæууæгæй. 1972 азы фæстæмæ аздæхт Дзæуджыхъæумæ æмæ иу азы бæрц бакуыста Цæгат Ирыстоны паддзахадон телеуынынады литературæйы хайады редакторæй. 1973-æм азæй суанг йæ амæлæты бонмæ кодта сфæлдыстадон куыст.

Хостыхъоты Зинæ йæ фыццаг æмдзæвгæтæ ныффыста, скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд, 1954-æм азы. Литературон иртасджытæ стыр аргъ скодтой уымæн йе сфæлдыстадæн æмæ ма банысан кодтой, уый канд поэзийы кæй нæ фæлдыста, фæлæ ма прозæйы жанры дæр. Стыр курдиаты хицау кæй уыд, уый та æнæмæнгдæр банысан кæны чиныгкæсæг,  йæ чингуытæ йын куы бакæсы, уæд», – банысан кодта Къæбысты чызг.

Хостыхъоты Зинæйы сфæлдыстад æмæ цардвæндаджы тыххæй ма раныхас кодта Хъазиты Мелитон.

– Ирыстоны фысджытæ бирæ уыдис. Уыдон æхсæн дзы уыд сылгоймаг фысджытæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдис дзы курдиатджынтæ. Ныр дæр дзы ис кæмæдæрты уыцы курдиат, фæлæ сæ куыд фæнды фæбарæм, уæддæр дзы Зинæйæ курдиатджындæр нæ уыдис нырма.

Хостыхъоты Зинæйæн йæ фыццаг чиныг уырыссаг æвзагыл рацыдис. Æмæ уый цæмæн афтæ уыд? Зинæ уыдис рæсугъд чызг æмæ йын уый дæр ахъаз уыдис йе сфæлдыстадон куысты.  Студент ма куы уыдис, уæд ын йæ ахуыргæнджытæ дæр лæвæрдтой фæндаг æмæ йын стæй тæлмацгæнджытæ дæр уыдис. Фыццаг чиныг дæр уымæн рауагъта уырыссагау. Кæд стыр чиныг нæу, уæддæр у дзæбæх чиныг. Ис дзы, адæймаг цы бакæса, уый. Уымæн æмæ Зинæйæн уыдис ахæм æцæг поэтикон æмæ фæлгондзон уынынад æмæ йæ уый хаста. Зинæйы чи зыдта, уыдон æй иууылдæр хатыдысты, кæй уыдис дзырдхъом, уый. Бирæ хатт-иу нæлгоймæгтæн дæр ахæм ныхæстæ загъта æмæ-иу сæ сæ бынаты æрбадын кодта…

Хостыхъоты Зинæ æргом кодта сылгоймаджы удыхъæд. Йæ дзуринæгтæ дардыл уыдысты. Уымæн ныййарæг мадыл бирæ æмдзæвгæтæ æрцыдис фыст, æргом дзы кæны мады удыхъæд. Йе ʻмдзæвгæты ахæм деталтæ ис æмæ адæймаджы зæрдæйы агайынц. Зинæ бирæ фыста уарзондзинады темæйыл. Кæд Бестауты Гиуæрги бæрзонд систа интимон темæ, уæд уымæ æввахс лæууы Зинæйы поэзи дæр. Хъыгагæн, йæхицæн йæ цард нæ рацыд ахæм бæллиццаг. Фыццаг мой скодта, Мæскуыйы куы ахуыр кодта, уæд фыссæг Бицъоты Гришæй. Сæ цард нæ рауадис æмæ ахицæн сты. Фæстæдæр базонгæ ис Бекъойты Георгиимæ, кæрæдзийы зæрдæмæ фæцыдысты æмæ сæ цард баиу кодтой. Бекъойты лæппуимæ æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ æмæ цардысты ам,  фæлæ 1972-æм азы Цæгат Ирыстонмæ куы алыгъдысты, уæд уым иумæ бирæ нал ацардысты æмæ та ахицæн ис. Хостыхъоты Зинæ амард 1995-æм азы йæ райгуырæн боны. Царды баййæфта зындзинæдтæ, ‘фсымæр ын нæ уыдис æмæ-иу ууыл дæр катай кодта. Зæгъын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ Зинæ нæ лæппуты тыххæй кæй ныццыдис дард Афганистанмæ. Чиныг дæр сыл ныффыста. Ам хæст куы райдыдта 1989 азы, уæд æппæты фыццаг ирон фысджытæй фæдис чи ныхъхъæр кодта, уый уыдис Зинæ. Уæрæсейы фысджытæн съезд уыдис æмæ дзы сæрмагондæй раныхас кодта. Нæ хæстыл иууыл хуыздæр чи ныффыста, уыдонæй иу уыдис Зинæ. Бирæ зынгхуыст хъæбатыртыл ныффыста уæд æмдзæвгæтæ дæр. Ацы хæст тынг бандæвта Зинæйыл æмæ, æвæццæгæн, уымæн банцад йæ зæрдæ йæ кусынæй дæр.

Хостыхъоты Зинæ цы чингуытæ ныффыста æмæ поэзи ныууагъта, уыдон ын йæ ном мæлын нæ бауадздзысты. Уымæн æмæ уый ирон поэзийы уыдис æцæг сылгоймаджы хъæлæс æмæ абон дæр у æцæг сылгоймаджы хъæлæс.

Бузныг сымах та,  йæ ном ын кæй мысут æмæ йæ кæй хъуыды кæнут, уый тыххæй», – загъта Хъазиты Мелитон.

Мысæн изæры ма Хостыхъоты Зинæйы тыххæй йæ мысинæгтæ радзырдта Парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Юри дæр. Уый, фыццаджыдæр, банысан кодта курдиатджын фыссæджы профессионализм æмæ йæ удыхъæд.

«Стыр бузныг, ахæм мадзалмæ хуынд кæй æрцыдтæн, уый тыххæй. Мæн фæнды зæгъын уый, æмæ ирон сылгоймæгтæй чидæриддæр йæ къухмæ фыссæнгарз райста, уыдон æхсæн Зинæ у хур. Хуыцауæн фæндон куы уаид æмæ Ирыстоны Зинæйы хуызæн поэттæ ноджыдæр куы уаиккой, уæд ма уымæй хуыздæр цы уаид. Абон дæр махмæ ис поэтессæтæ: Коцты Лизæ, Кокойты Эльзæ, Годжыцаты Нелли. Йæ рæстæджы хорз æмдзæвгæтæ фыста Хуыгаты Ритæ, фæлæ стæй ныссабыр ис. Дугæн йæ фæлдыст афтæ у æмæ дзы кæддæрты фæзыны курдиæттæ. Афтæ у æрдзы хъуыддаг дæр. Алы бæлас æмхуызон дидинæг не ‘фтауы. Хъазиты Мелитон æй раст банысан кодта, Хостыхъоты Зинæйæн дунескæнæг Хуыцау æрмæст поэты курдиат нæ радта, фæлæ ма йын ахæм хъару дæр æмæ ахæм фарн дæр радта, æмæ уыцы поэты уаргъ чи у, уый йæ мæлæн боны онг рæсугъдæй æмæ æмхуызон уæзæй фæхаста йе уæхсчытыл. Æмæ уымæн баззад махæн абон иууыл курдиатджындæрæй. Зинæйæн ма уыдис уыцы уды фарн дæр æмæ Ирыстоны æрмæст поэзи нæ фæлдыста, фæлæ уыцы поэзийæн чи лæггад кодта, уыдоны кæрæдзимæ дæр баста. Уымæн дæр стыр нысаниуæг ис», – загъта Гæбæраты Юри. Уый ма æрæмбырдуæвджытæн йæ мысинæгты радзырдта, Хетæгкаты Къостайы райгуырæнбоны цытæн Нары хъæуы цы мадзæлттæ арæзт цыдысты, уым кæддæр Зинæимæ сæрмагондæй кæй ныхас кодтой ирон поэзи, ирон литературæйыл æмæ йæм цы тæлмæнтæ сæвзæрын кодта курдиатджын поэтессæ, уыдон дзырдта сæрыстырæй.

Мысæн изæр сæ аивадæй барæсугъд кодтой Дзауы районы Хуыцъейы хъæуы культурæйы хæдзары аивадон къорд «Нартæ» дæр . Уыдон сæххæст кодтой цалдæр ирон зарæджы, кæцытæм тынг æхсызгонæй байхъуыстой библиотекæйы уазджытæ.

Ахæм зæрдæмæхъаргæ мысæн изæр кæй сарæзтой фыссæджы цытæн, уый фæдыл ахуыргæнинæгтæн æмæ библиотекæйы кусджытæн арфæйы ныхæстæ загътой РХИ-йы Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ æмæ Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы директор Кокойты Валерия.

Ацы изæры ма скъоладзаутæ æмæ библиотекæйы кусджытæ дæр аив бакастысты Зинæйы æмдзæвгæтæ. Уыдон уыдысты: Цхуырбаты Вадим – «Нæ табуйаг», Уалыты Кристинæ – «Æз мæ зæрдæйы рæхыстæй», Дзæгъиаты Ланæ – «Ирыстоны фырттæм», Харебаты Динæ – «Мадæлон æвзаг», Сланты Заирæ – «Мæ зæрдæ» æмæ æндæртæ.

 

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.