Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан хайад райста Хуссар Ирыстоны Парламентимæ Уæрæсейы бастдзинæдты фæдыл уæрæсейаг депутатты къордимæ рабадты.

Рабадты дзырд цыд Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дыууæфарсон ахастыты фарстыл.

Боны фæткмæ рахастæуыд фарст арæныл автотранспорт кæныны тыххæй рæстæгмæ ввоз  райсын фæхуымæтæгдæр кæныны фарстыл. Дзырд ма цыд Уæрæсейы Федерациимæ ин-теграци, баиу уæвын æмæ æмкуысткæнынады фарстаты фæдыл Хуссар Ирыстоны адæмы хъуыды сахуыр кæныны ахсджиагдзинады тыххæй дæр.

«Цытджын уазджытæ, æхсызгон мын у Хуссар Ирыстонæй уын салам зæгъын. Фæнды мæ бузныджы ныхæстæ зæгъон æхсæнпарламентон хæлардзинады кусæгон къордæн, афтæ ма Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы æмæ Федерацийы Советы æппæт депутатон корпусæн. Æхсызгон мын у Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы парламентты ‘хсæн арæзт кæй æрцыд æмæ кæй кусы кæрæдзиимæ бастдзинæдты фæдыл кусæгон къорд. Хуссарирыстойнаг къорд æдзу-хæйдæр цæттæ у  куыстмæ. Æхсызгон ма мын у арфæйы ныхæстæ зæгъон Уæрæсейы Эко-номикон рæзты министрады минæвæрттæн, уымæн æмæ ацы министрад нæ республикæйы рæзты тыххæй Хуссар Ирыстоны Хицауадимæ  иумæ аразы социалон-экономикон рæзты плæнттæ. Инвестицион программæ, кæцы реализаци цæуы, азæй азмæ, позитивонæй æндавы Хуссар Ирыстоны цæрджытыл – уый у социалон нысаниуæджы объектты арæзтад, фæфылдæргонд куыстмыздтæ», – загъта Парламенты спикер йæ видеосидты.

Тадтаты Алан ма банысан кодта 2022-2025 азтæн нæ республикæйы социалон-экономи-кон рæзты комплексон план  саразыны ахсджиагдзинад, кæцыйыл ныридæгæн иумæ кусынц Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ УФ Экономикон рæзты министрад. Банысан кодта, ныфс æй кæй ис,  ацы программæ кусын куы райдайа, уæд Хуссар Ирыстон кæй суыдзæн хæдбар æддагон хъæууонхæдзарадон фадгуытæй æрбаласæггаг продукцийæ дæр æмæ сæудæджерадон нысаниуæгады продукцийы ласæггæгтæй дæр.

«Нæ адæмы зæрдыл лæууы, 2008 азы Уæрæсе куыд бахъахъхъæдта Хуссар Ирыстоны цæр-джыты æмæ нæ куыд фервæзын кодта скуынæгæй. Мах кæддæриддæр нæхи бастам Уæрæсейы Федерациимæ. Нæ æмахастыты истори райдыдта цалдæр æнусы размæ, 1774 азæй райдайгæйæ. Уæдæй фæстæмæ ирæттæ никуы фæивтой сæ фæндаг Уæрæсейы Федерацимæ, сæ цæгаттаг æфсымæртæ-ирæттимæ тырныдтой  иууон политикон тыгъдады цæрынмæ. Мах иу адæм стæм æмæ тырнæм Уæрæсейы сконды баиумæ. Адæмы ныфс ис тагъд рæстæджы, дунейы цы глобалон ивындзинæдтæ цæуы, уыдон бахынцгæйæ, Ирыстоны дыууæ хайы кæй баиу уыдзысты Уæрæсейы Федерацийы сконды, адæмы хъæлæс кæй фехъуыстæуыдзæн», – æрæмбырдуæвджытæн фехъусын кодта Тадтаты Алан.

Къорды куысты рæстæджы нысан æрцыд Хуссар Ирыстонмæ уæрæсейаг делегацийы   кусæгон балц, кæцыйы рæстæджы къорд фарстатыл бакусæн уыдзæн Хуссар Ирыстоны къухдариуæгадимæ иумæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.