Рукъы хъæуы кусынц нуазыны дон рауадзыныл. Уый тыххæй ИА «Рес»-æн фехъусын кодта Дзауы районы сæргълæууæг Джиоты Андрей.

«Уым цы дон цæуы, уый нуазынæн нæ бæззы. Уымæ гæсгæ доны гъæд фæхуыздæр кæныны фæдыл мах аскъуыддзаг кодтам хъæумæ донифтонгады ног хæххытæ ауадзын», – загъта Джиойы фырт.

Администрацийы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ хъæумæ дон цæудзæн суадонæй, кæцы ис хъæумæ æввахс.

«Дон уагъд цæуы хæдзæрттæм. Хæххыты иумæйаг дæргъ уыдзæн 800 метры», – банысан кодта уый.

Джиойы фырт ма куыд банысан кодта, афтæмæй куыстытæ уагъд цæуынц Дзауы районы администрацийы тыхтæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.