Нуазыны доны хъуагдзинад рагæй фæстæмæ дæр тынг æййæфтой Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цæрджытæ æмæ ацы фарст æвæрццагæй аскъуыддзаг кæныны тыххæй домдтой æмбæлон органтæй. Сæ рæстагон домæн æххæст кæнын райдыдта æрмæстдæр  фæстаг рæстæджы. Амæйразмæ районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад хъæумæ æввахс бынатæй рауагъта хæрзгъæд дон æмæ цæрджыты иу хай пайда кæнынц уымæй. Цæмæй цæрджытæ æххæстæй ифтонг æрцæуой нуазыны донæй, ууыл у дарддæр йæ архайд ацы куыстуатæн æмæ йын æнтысгæ дæр кæны. Цæвиттон, дыууæ мæйы куыстæуы Тулдзы къохæй доны ног хахх рауадзыныл, куыстытæ æххæст кæнынæн   сæм ис æнæмæнгхъæуæг техникæ æмæ кусæгдых, стæй доны хæтæлтæ.

Куыстыты фылдæр хай уал дыууæ мæйы дæргъы бакодтой æртæ километрæй фылдæры дæрддзæгæн. Иугæр æппæт куыстытæ дæр кæронмæ куы фæуой, уæд дон цæудзæн, хъæумæ æввахс цы донæмбырдгæнæн резервуар арæзт æрцыд, уырдæм æмæ дарддæр йæ фæндаг цæудзæн хицæн уынгты хæдзæрттæм.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.