Ахæм фарстимæ фæуазæг стæм Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Вахтангмæ. Уый нын куыд радзырдта, афтæмæй 2020 азы Цхинвалы районы фылдæр хъусдард здæхт цыд цæрджыты царды æмвæзад фæхуыздæр кæнынмæ. Цхинвалы районы территорийыл ис 15 хъæууон администраци, хъæутæ та дзы ис 78. Иумæйагахуырадон скъолатæ сты 11. Районы территорийыл ис 10 ФАП æмæ 5 та – амбулаторитæ. Сывæллæтты рæвдауæн-дæттæ Цхинвалы районы территорийыл ис æрмæстдæр дыууæ – Къостайыхъæу æмæ Дменисы.

Нæ фарстæн, ныртæккæ район цæмæй цæры, цы арæзтадтæ дзы цæуы, уыцы фарстайæн та нын афтæ сдзуапп кодта: «Район фæстаг азты йæ хуыз тынг фæивта хорзæрдæм. Горæтæй нæ районы стырдæр хъæутæм арæзт æрцыд лæгъз фæндæгтæ, арæзт цæуынц дæрдтаг хъæутæм дæр. Æмæ канд фæндæгтæ нæ, интенсивон куыст цыд нуазыны дон уадзыны фарстатыл дæр».

Районы сæргълæууæг куыд зæгъы, афтæмæй уый архайы, цæмæй алы хъæумæ дæр сараза фæндæгтæ æмæ цæрджыты ифтонг æрцæуой нуазыны донæй. Уый у йæ сæйраг нысан. Зæгъы, зæгъгæ, цалынмæ районы сæргълæууæгæй  куса, уæдмæ сараздзæн æппæт дæр, цæмæй сæххæст уа йæ сæйраг бæллиц. Уымæн æмæ зоны, дон æмæ фæндаг цы хъæуы уа, уырдæм æнæрбаздæхгæ нæ фæуы-дзысты, чи сæ ацыд æмæ сæ æдзæ-рæг чи ныууагъта, уыдонæй бирæтæ. «Ацы аз нын доны хæтæлтæ цалцæггæнæн куыстытæ бантыст саразын Арцеуы хъæумæ – йæ дæргъæн 1875 метры бæрц, Ортъеуы хъæумæ – 750 метры, Ногхъæумæ – 1600 метр, Га-луантыхъæумæ – 450 метры, Дменисы хъæумæ – 2930 метры, Гудзабармæ – 250 метры, Къостайыхъæумæ – 1400 метры. Доны ног резервуар арæзт æрцыд Зары хъæуы сæрмæ æмæ уырдыгæй хъæумæ рауагътой  доны хæтæлтæ дæр. Иумæйагæй сисгæйæ, æмткæй ацы аз район цы доны хæтæлтæ рауагъта, уыдон сты 14, 665 метры. Уыцы куыстытæ бакæнын æнцон нæ уыд, фаг техникæ нæй, стæй арæх хæлынц, фæлæ æз афтæ нымайын, уæддæр цы куыстытæ бакодта районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, уый ахадгæ у», – дзырдта уый. Мамытаты Вахтанг куыд зæгъы, афтæмæй уыдон куыстой донхæры къанаутæ сыгъдæг кæныныл дæр. Уыцы фарст та районы хъæуты цæрджыты рагæй тыхсын кодта. Уый ма радзырдта, районы хъæутæм æвзæр уавæры цы фæн-дæгтæ уыд, уыдон дæр цадæггай хæрзарæзт кæй цыдысты, Зары хъæуы бахизæны цы хид  уыд, уый æдзæллаг уавæрмæ раджы æрхауд, фæйнæгæй конд хидыл-иу ахизæнтæ нæ уыд зымæджы бонты. Канд машинæтæ нæ, фæлæ-иу дзы фистæгæй цæуджытæ дæр æдæрсгæ нæ цыдысты. Ныр уым сырæзт ног хид æмæ йыл зымæгон бонты дæр сæрибарæй цæудзысты. Тынг райзæрдæйæ нын фехъусын кодта, Дменисы хъæуы цы Культурæйы хæдзар арæзт цæуы цалдæр азы, уый дæр ныр фæуынхъус кæй у. Дыууæуæладзыгон райдзаст  бæстыхайы арæзтад кæд бакъуылымпы бæрæг аххосæгтæм гæсгæ. Фыццаг æмæ дыккаг уæладзыг ныр арæзт æрцыдысты. Культурæйы хæдзарады фасадон куыстытæ хаст æрцыдысты 2021 азмæ æмæ уый фæстæ уырдæм балидздзысты канд хъæууон администраци нæ, фæлæ ма фадыгон инспектортæ, клуб æмæ библиотекæйы кусджытæ дæр.

Районы администрацийы сæргълæууæг нæ базонгæ кодта, хъæууонхæдзарадон кондад райтынг кæныныл цы мадзæлттæ ист цæуы, уыдонимæ дæр. «Фермерон хæдзарадтæ райтынг кæныныл Хицауад рагæй архайы. Хъæууон цæрджытæй кæй фæнды, уыдонæн лæвæрд цæуы хатырон кредиттæ фермерон хæдзарадтæ райтынг кæныны тыххæй. Хъæууон хæдзарады министрады дæлбар цы агросервис ис, сæ бон у уыцы техникæйæ дæр пайда кæной. Ныртæккæ районы цы цалдæр зæхкусæгон фермерон хæдзарад ис, уыдонæй бирæтæн ис хорз фæстиуджытæ. Сæйраджыдæр, нæ районы цæрджыты æркæнгæ хъæууонхæдзарадон продукттæ уæййаг ис ныртæккæ республикæйы базæртты.

Мамытаты Вахтанг ма æрдзырдта, фосы æнæниздзинадмæ дæр æмбæлон хъус-дард здæхт кæй цæуы районы вете-ринарон цæстдарды службæйы ‘рдыгæй. Цæмæй ма парахат кæной фосы низтæ, уый нысанæн ветеринарон дохтыртæ ацы аз ауагътой хосгæнæн-профилактикон мадзæлттæ æндæр æмæ æндæр низты ныхмæ. Цалдæр азы фæд-фæдыл, куыд иннæ районты, афтæ Цхинвалы районы дæр цагъды кодтой фос, хуыты африкæйаг емынæ æмæ ставдкъах фос та – модулярон дерматитæй. Ныр уыцы низтæй фос нал мæлы, вакцинаци кæй æрцыдысты, уый тыххæй.

Районы къухдариуæггæнæг ма дзырдта, цас тыхтæ бахардз кодтой, цæмæй районы хъæуты алы рæтты брон калд ма цыдаид. Дменисы хъæумæ хæстæг цæугæдоны былгæрæттæ уыдысты броны бын. Район бирæ фæрæзтæ бахардз кодта, цæмæй сæрдыгон æнтæф бонты адæм æдæрсгæйæ сæхи ирхæфстаиккой доны былыл. Дзырдта ма барадхъахъхъæнæг органты ахадæн куыстыл дæр.

Районы цæрджыты тынгдæр цы фарстатæ тыхсын кæны, уыдоныл дзургæйæ, Мамытайы фырт банысан кодта, зæгъгæ, Цхинвалы районы дæр актуалон у цæ-рæнуаты проблемæ.

Ивгъуыд аз парти «Иууон Ирыстон»-ы фæрцы хъæуты цæрæн хæдзæрттæй хæсты рæстæджы чи бахъыгдард, уыдо-нæй бирæтæн æрцыдысты ивд сæ æмбæрзтытæ. Президенты фондæй дзы арæзт æрцыд цалдæр хæдзары дæр, фæлæ, уæддæр нырма бирæ ис тыхст адæм. Районы ис ахæм адæймæгтæ, кæцытæ сæ райгуырæн къуымтæм æрыздæхтысты фæстæмæ цæрынмæ.

2021 азыл дзургæйæ та Цхинвалы районы къухдариуæггæнæг загъта, кæй адарддæр кæндзысты хъæутæм фæндæгтæ æмæ донуадзыны куыстытæ, кæй скъуыддзаг кæндзысты бирæ æндæр фарстатæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.