Знауыры районы Уахтъана æмæ Терегуаны хъæутæм нуазыны дон никуы цыд, – цардысты хæсгæ донæй. Советон дуджы ма бынæттон цæрджытæй чидæртæ сæрæзтой цъайтæ дæр, фæлæ йæ саразынæн дæр алы бынат нæ бæззы – дон дзы не сзыны. 2017 азы æхцайы фæрæзтæ 7 милуан сомы бæрц хицæн куы æрцыд ацы хъæутæм нуазыны дон рауадзыны тыххæй æмæ арæзтадмæ куы æрæвнæлдтой, уæд хъæуты цæрджыты цинæн кæрон нал уыд. Стæй ма сын ныфс бавæрдтой, зæгъгæ, дыууæ азы æмгъуыдмæ уæ кæртыты дон парахатæй цæудзæнис, фæлæ йæ рæстæг куыд равдыста, афтæмæй æгæр раджы цин кодтой.
Куыд æй бамбæрстат, афтæмæй ныры онг дæр бæрæг аххосæгтæм гæсгæ ацы хъæутæм дон уагъд не ‘рцыдис. 2019 азы кæрон дон рауадзыны куыстытæ æрдæгыл баззадысты æмæ дзы афтæмæй та æхцайы фæрæзтæ нал уыд, кæд объект эксплуатацимæ лæвæрд хъуамæ æрцыдаид, уæддæр. Уавæрмæ сæ хъус æрдардтой æмбæлон службæтæ, фæлæ ныридæгæн цы сбæлвырд кодтой, уый нырма бæрæг нæу. Цæрджытæ алы инстанцитæм хъæстытæ лæвæрдтой æмæ сын бæстæйы президент Бибылты Анатоли дзырд радта, донуадзæн системæ кæронмæ арæзт кæй æрцæудзæнис, уый тыххæй. Президенты хъæппæрисæй рахицæнгонд æрцыдысты хъæугæ æхцайы фæрæзтæ æмæ та арæзтад йæ бынатæй феггуырст.
Абоны бон уал Уахтъанайы хъæумæ дон рауадзыны куыстытæ кæронмæ бахæццæ сты, – азы кæронмæ ма дзы бакæндзысты алыгъуызон лыстæг куыстытæ. Бибылты Анатоли æрæджы йæхæдæг ацыд кусæгон балцы Знауыры районмæ æмæ бабæрæг кодта ацы донуадзæн системæ, – ссыд, суанг дон кæцæй рауагътой, уырдæм, æмæ ма федта доны резервуартæ дæр. Президентимæ ацыд Знауыры районы администрацийы сæргълæууæг Сиукъаты Олег дæр, кæцы лæмбынæг æрдзырдта æппæт бакæнгæ куыстыты фæдыл.
«Ныры онг ам цы доны системæ уыд арæзт, уый дзуапп нæ лæвæрдта æмбæлон домæнтæн, йæ арæзтадон куыстытæ уыдысты фауццаг æмæ уымæ гæсгæ хъæуы онг хæццæ кодта донæн æрмæстдæр йæ 25 проценты бæрц. Уымæй уæлдай ма донæмбырдгæнæнтæ уыдысты гом æмæ-иу сыфтæртæй байдзаг сты æмæ сæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æдзух хъуыдис сыгъдæг кæнын, афтæмæй та зымæгон ардæм ссæуæн нæй. Æппæт ацы хъæндзинæдтæ ныридæгæн иуварс æрцыдысты», – банысан кодта Сиукъаты Олег.
Ацы арæзтадон куыстытæ хæсгонд æрцыдысты Сиукъаты Иванæн æмæ уый дæр Президентæн бæстонæй æрдзырдта донуадзæн системæйы тыххæй.
«Мах донæмбырдгæнæнмæ дон æрбауагътам аст ранæй, уый фæстиуæгæн сарæзтам фондз цъайы, кæцытæ сты гъæдджын арæзт, ома, сæ дон æддæмæ никуыцæй хъуызы æмæ чъизи дæр нæ кæнынц. Уый фæстæ резервуармæ дон рауагътам дыууæ хæтæлы – иуы дæргъ дзы у æртæ километры бæрц, иннæ та – 1400 метры бæрц. Æмæ ныр, иумæйагæй сисгæйæ, донуадзæн суткæйы дæтты 400 кубометры бæрц», – радзырдта Сиукъаты Иван.
Бибылты Анатоли, бакæнгæ куыстытæ фенгæйæ, бузныджы ныхæстæ загъта районы адми-нистрацийы къухдариуæгадæн æмæ аразджытæн дæр.
«Сымах егъау æмæ гъæдджын куыст бакодтат. Куыд федтон, афтæмæй мургай фæтымбыл кодтат дон, сарæзтат цъайтæ, резервуартæ, æгæрыстæмæй ма фæндаг дæр сарæзтат донуадзæнмæ, æмæ сифтонг кодтат нуазыны донæй Уахтъанайы хъæуы цæрджыты. Ахæм куыстытæ бакæныны сæйраг уый у, æмæ дзы фидæны дарддæр мауал уа исты цалцæггæнинаг æмæ донуадзæн системæ куыд æмбæлы, афтæ æххæст кæна йæ функци», – банысан кодта Президент.
Сиукъаты Олег куыд радзырдта, афтæмæй ма азы кæронмæ бацархайдзысты, цæмæй Уахтъанайы хъæуы уынгты хæтæлтæ дæр цалцæг æрцæуой. Уымæн æмæ ам дæр æмбæлон арæзт нæ уыдысты, – кæмдæрты бынтондæр ныппырх сты хæтæлтæ æмæ кърæнттæ, кæм та кæронмæ уагъд не ‘рцыдысты. Кæд ма дзы исты аразинæгтæ аззайа, уæд сæ иннæ аз адарддæр кæндзысты.
2021 азы ма Знауыры районы нуазыны донæй ифтонг æрцыдысты Урсдурты, Суадæттæ æмæ Цадбыны хъæутæ. Азы кæронмæ донуадзыны арæзтадон куыстытæ кæронмæ бахæццæ уыдзысты Балтайы хъæуы дæр.
2022 азы районы администрацийы пъланы ис Терегуаны хъæумæ дæр нуазыны дон рауадзын. Сиукъаты Олегы ныхæстæм гæсгæ ныридæгæн сбæлвырд кæндзысты, цы æхцайы фæрæзтæ бахъæудзæнис, уый, цæмæй уалдзæджы æнæкъуылымпыйæ æрæвналой арæзтадон куыстытæм. Терегуаны хъæумæ дæр дон цæудзæнис Уахтъанайы донуадзæн системæйæ. Фæлæ специалисттæ куыд банымадтой, уымæ гæсгæ сæрдыгон доны гуырахст нæ фаг кæндзæнис дыууæ хъæуæн. Уымæ гæсгæ ма ацы донуадзæнмæ хъуамæ æрбаиу кæной ноджы æндæр ранæй дон æмæ уымæн та ныридæгæн арæзт æрцыд проект, кæцы бавдыстой Президентмæ. Банымайдзысты ма, уæлæмхасæн куыстытæ цас слæудзысты, уый дæр, æмæ уымæ гæсгæ иугæндзон рахицæн кæндзысты æхцайы фæрæзтæ. Кæд ницы къуылымпыдзинæдтимæ сæмбæлой, уæд 2022 азы кæрон Терегуаны хъæу дæр ифтонг æрцæудзæнис нуазыны донæй.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.