Фæстаг бонты цы тæрккъæвдатæ уарыд уыдон разиан  кодтой районты дæрддзæф хъæуты цæрджытæн. Фехæл-дысты фæндæгтæ, разианчындæуыд хидтæн…

Цъыфы зæй æрцыд Транскавказы автомагистралыл дæр. Энергетиктæ куыд зæгъынц, афтæмæй Дзауы районы цалдæр хъæуы, къуырисæры цы тыхдымгæ уыд, уый фæстиуæгæн æнæ  рухсæй баззадысты Чъимас, Къроз, Рукъ, Згъубир æмæ Хъемултайы хъæуты цæрджытæ. Уыдон иуварс кæныныл архайдтой Дзауы районы электрохызæджы кусджытæ, фæлæ та дыццæджы дæр цы тæрккъæвда уыд, уый аххосæй куыстытæ кæронмæ нæ фесты.

Раздæр къуыри та тæрккъæвда разиан кодта Цхинвал æмæ Ленингоры хъæуты цæрджытæн. Бирæ хъæутæм фæндæгтæ фехæлдысты, цъыфы зæйтæ æрлæбырдысты фæндæгтæм æмæ ныр асыгъдæгкæнинаг сты. Районты коммуналон службæтæ, районты администрациты хæслæвæрдмæ гæсгæ сæрмагонд техникæйы фæрцы уавæр вазыгджындæр кæм у, уырдæм бацыдысты æмæ иуварс кæнынц тæрккъæвдаты фæстиуджытæ. Уыдон æрмæст фæндаг сыгъдæг кæныныл нæ кусынц, фæлæ ма хидты бынты дæр сыгъдæг кæнынц дурты цæндтæ бæлæсты къалиутæ æмæ æндæр ахæстæй. Ацы куыстытæ коммуналон службæты ныхæстæм гæсгæ фæуыдзысты 2-3 бонмæ.

Тæрккъæвдатæ рафыдбылыз кодтой æрмæст хъæууон цæрджытæн нæ, фæлæ ма нæ республикæйы горæты хицæн цæрджытæн дæр. Бирæ хисæрмагонд хæдзæртты фыццаг уæладзгуытæ байдзаг сты донæй æмæ сæ сæнцъирыныл куыстой Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ. Банысан кæнын хъæуы уый æмæ ахæм цау фыццаг хатт кæй нæ уыд. Дон бакалд бирæ магазинтæм дæр. Хъыгагæн, Мæскуыйаг микрорайоны уынгты арæзтады рæстæджы дæр бирæ цухдзинæдтæ æруагъдæуыд æмæ сæ иуварс кæнын æххæстæй нæма бантыст горæты администрацийæн æмæ дзы иуæй-иу корпусты подъездтæм дон бакалд.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.